09 майя 2024

ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ.

09.09.2023 | 23:51

Цæгат Иристони 24-26 ноябри арæзт æрцæудзæнæй форум «Иристони исонибон». Архайдзæнæнцæ си æригон амолгъонтæ, куд Уæрæсей регионтæй, уотæ Иран, Бразили æма Еугонд Араббаг Эмираттæй.  Форуми арæзт æрцæудзæнæй аллихузон мадзæлттæ: дискусситæ, инвестицион, уони хæццæ фæсевæдон проектти презентацитæ… Гъæуама си бафинсонцæ инвесторти хæццæ бадзурдтæ дæр.

*  *  *

Цæгат Иристони разамунд еуæндæс миллион сомемæй балхæдтонцæ ахурадон æма аййевадон литературæ. Ахурадæ æма науки министрадæй  куд игъосун кæнунцæ, уотемæй æлхæд литератури хæццæ æнцæ скъолай размæ сувæллæнттæн дууæ мин киунуги, еумæйаг ахурадон косæндæнттæн ба – фондз минемæй фулдæр киунуги. Ирæфи райони ахургæнæндæнттæн æлхæд æрцудæй дуккаг къласæн дигорон æвзагбæл литературон фæрæзнитæ, 1-11 кълæстæн – ирон æвзаг æма литератури ахургæнæн киунугутæ.

*  *  *

Цæгат Иристон уæлæнхасæн райсдзæнæй энергетикæ æма цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради объектти райарæзтæн 130 миллион соми. Уой туххæй бардзурд бафинста Уæрæсей Хецауади Сæрдар Михаил Мишустин. Æхца нисангонд æй цæрæнуатон-коммуналон хизæги куст фæххуæздæр кæнунæн æма ин региони æ лæггæдти феддонтæ экономикон æгъдауæй фæббундорондæр кæнунæн.

*  *  *

Нæуæг ехин аренæ исаразтонцæ Дзæуæгигъæуи. Нуртæккæ ма азгъунсти цæунцæ листæг куститæ. Тагъд специалисттæ æрлæудзæнæнцæ сæйраг кусти сæргъи – ехæй идзаг кæндзæнæнцæ аренæ.

Медæгæй уодзæнæй дууæ ехбæлбурæн фæзи: еу – сæйраг, иннæ ба – тренировкитæн. Хоккейи нæуæг фæзуат дзуапп дæтдзæнæй бæрзонд æмвæзади домæнтæн, цæмæй си аразæн уа фæсевæдон лиги гъæзтитæ.

*  *  *

Аци анзи авд мæйемæ, фари еци  рæстæги хæццæ рабаргæй, Цæгат Иристони промышленнон кустади бæрцæ 10,6 проценти фæффулдæр æй.

Республики Промышленность æма инвестицити министради дзубандимæ гæсгæ, аци анзи январæй июльмæ, евгъуд анзи еци рæстæги хæццæ рабаргæй, региони хомагкосæг кустуæтти уагъд продукций бæрцæ рауадæй 17,8% фулдæр (уой хæццæ гæгъæди æма гæгъæдий дзаумæутти рауагъд рауадæй 5,3 хатти, уæледарæси рауагъд ба – 4,2 хатти фулдæр).