24 апреля 2024

ХАБÆРТТÆ, ЦАУТÆ

27.05.2023 | 22:13

Цæгат Иристони кæци рауæнтæ гъæуама хуæрзвадуатгонд æрцæуонцæ, уой фæдбæл гъæлæс кæнуни мадзал фæууодзæнæй 31 майи. Нерæнгæ бал сæ фæндæ загътонцæ 65 мин адæймаги.

* * *

Цæгат Иристони цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради æма энергетики объекттæ нæуæг гъаргæнæн рæстæгмæ бацæттæ кæнуни туххæй дехгонд æрцæудзæнæй 660 миллион соми.

* * *

Цæгат Иристони минкъий æма астæуккаг амалгъонади райрæзтæн аци анз дехгонд æрцæудзæнæй 269,3 миллион соми, етæ  уодзæнæнцæ федералон бюджетæй.

* * *

Хуари культурти кустади хæццæ баст фарстатæ æнтæстгиндæрæй æнхæст кæнуни нисанеуæгæй аци анз Цæгат Иристонæн фæййагъаз кæнуни хузи федералон бюджетæй лæвæрд æрцæудзæнæй 124 миллион соми. Уой фæрци мæнæуи, цъойи, хъæбæрхуари æма нартихуари куст ка кæнуй, уонæн сæ хæрзти рæстæмбес хай банхæст кæндзæнæнцæ.

* * *

«Демографи», «Культурæ», «Æнæнездзийнадæ», «Ахурадæ», «Экологи», «Æдас æма хуæрзгъæдæ нæдтæ», «Цæрæндонæ æма сахайраг фалдзос» æма æндæр иннæ национ проекттæ æнхæст кæнунбæл Цæгат Иристони идарддæр цæудзæнæй куст. Куд нисангонд цæуй, уотемæй уой туххæй нæ республики гъæуама харзгонд æрцæуа 8,7 миллиард соми, уонæй 6,8 миллиард соми радех кæндзæнæнцæ федералон бюджетæй.

* * *

Профессор, æхсæнадон æма наукон архайæг, Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети фиццаг ректор Цибирти Тæдиози фурт Христофорæн, ци хæдзари цардæй, уой фарсбæл æрæги æвæрд æрцудæй мемориалон фæйнæг.

* * *

Цæгат Иристони бавналдтонцæ сæрмагонд проект «Ахургæнæг, балцимæ!..» Æ нисанеуæг æй – ирæзгæ фæлтæртæн æнæнез цардиуагæ хиццаг куд уа, райгурæн бæсти истори, культурæ цæмæдесаг куд уа, спортæй архайунмæ куд тундзонцæ æма сæ фæлладуадзæн рæстæг пайдайагæй аразунгъон куд уонцæ, уомæ сæ разæнгард кæнун. Æрæги ци фиццаг балци арæзт æрцудæй, уоми архайдтонцæ сæрмагонд училищей ахурдзаутæ, исхизтæнцæ хонх Фетхузмæ.