04 октября 2024

ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ. НИСАНТÆ.

21.10.2023 | 14:34

Цæгат Иристони компанитæ архайдтонцæ бизнес-миссийи Ирани. Еци фембæлд традицион æгъдауæй исаразта центр «Мой Бизнес». Уой директори ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Бэлæ ОСИПЦОВА куд зæгъуй, уотемæй е аци анзи дæргъи æй æртиккаг уæхæн мадзал, раздæр гъуддаги фембæлдтитæ арæзт æрцудæнцæ Еугонд Араббаг Эмираттæ æма Азербайджани. Аци мадзали рæстæг бæлвурд экспортон контракттæ исаразун æма уой фæсте продукци рарветунмæ рахезун.

* * *

Адæмæн сæ цæрæнбунæтти равгитæ куд уа æрдзон газæй пайда кæнунæн, уой фæдбæл сæрмагонд паддзахадон программæ æнтæстгинæй æнхæстгонд цæуй Цæгат Иристони. Куд нисангонд цæуй, уотемæй 2025 анзмæ нæ республики цæрæнбунæттæн сæ 98,17 процентти еци хузи артагæй ефтонггонд уодзæнæнцæ. Нерæнгæ бал æнæгъæнæй æнхæстгонд æрцудæнцæ 2021-2022 æнзтæн нисангонд ихæстæ. Хæстæгдæр рæстæги ба ма цæрæнбунæтти ’хсæн гази хæтæлтæ рауадздзæнæнцæ 79 километри, 18,3 километри ба – Алагири, Ирæфи æма Мæздæги районти 23 цæрæн бунæттæмæ газ бауадзуни туххæй. Æдеугурæй еци артагæй фæххайгин уодзæнæнцæ 330 бийнонти.

* * *

Æрдзон æвадуат уавæрти, гъома, æрлæсæнтæй тæссаг рауæнти ка ’й, уæхæн хæдзæртти нимæдзæ Мæздæги райони æй авдинсæййемæй фулдæр – Предгорныйи, Минкъий Малгобеки, Хъæзлар æма Сухотскийи гъæути. Уæхæн уавæр изæвзурдæй Алагири, Дигори æма Ирæфи районти дæр. Нуртæккæ республики Хецауадæ федералон профилон министрадтæ æма ведомствити хæццæ косунцæ адæми æдас, хуæрзвадуат, нивæбæл арæзт цæрæнуæттæмæ раййевунбæл.

* * *

Нæ республики 23 октябри райдайдзæнæй æма аци мæйи кæронмæ цæудзæнæй мадзал «Гъæдæ багъæуай кæнæн». Архайдзæнæнцæ си республики хецауади оргæнтæ, кустуæттæ æма æхсæнадон организацити минæвæрттæ, журналисттæ æма бархеуонтæ – æдеугурæй дууæ мин адæймагемæй фулдæр.

Аци мадзал нæ республики арæзт цæуй рагæй, æма еци рæстæги нæмæ гъæдти сагъд æрцудæй 430 мин талайемæй фулдæр. Аци фæззæги ба сагъд æрцæудзæнæй сурх толдзи æма æнгози талатæ.