09 майя 2024

ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ. НИСАНТÆ.

08.11.2023 | 13:00

Санкт-Петербурги æрæги ци сæрмагонд æмбурд арæзт æрцудæй, уой архайгутæ цитгин уавæри æримистонцæ сосæггай æсгарæн кустгæнæг Советон Цæдеси паддзахадон æдасдзийнади Комитети фиццаг Сæйраг управлений хайади разамонæг Лохти Владимир æма Сæйраг æсгарæг управлений разамонæги раздæри фиццаг хуæдæййевæг, Советон Цæдеси Бæгъатæр, инæлар-болкъон Мамсурати Хаджи-Умари рохс нæмттæ.

* * *

Санатори «Иристон»-и фæзуати, 9-11ноябри арæзт æрцæудзæнæй фæсевæди ахурадон форум «Хæлардзийнади академи». Архайдзæнæнцæ си 16-25-анздзуд лæхъуæнтæ æма кизгуттæ – бархеуонтæ æма фæсевæди æхсæнадон организацити минæвæрттæ.

* * *

Аци анзи дуккаг æмбеси Уæрæсей æфсади рæнгъитæмæ æрвист æрцæудзæнæй 120 мин адæймаги. Æфсадмæ æрветæн рæстæг аци хатт æргъæвд цæуй фæстæдæрмæ æма рахæсдзæнæй 1 ноябрæй 31 декабри  уæнгæ.

* * *

Зундгонд америкаг мульткинонивæ «Райæ æма фæстаг кæфхъундар» нæ маддæлон æвзагмæ æййивд æрцудæй Цæллагти Ибрагими финансон агъази фæрци. Аци гъуддаг исаразуни туххæй райарфæ кæнун гъæуй арт-къабазæ «The Lampa»-æн, бæлвурдæй ба Хъусати  Дзерасæн, кинониви хъайтарти иронау ка «исдзорун» кодта, еци фæсевæдæн, уæдта Национ библиотеки бæстæзонæн хайади библиограф Тандути Людмилæн, мульткинонивæн премьерæ Национ киунугæдони 4 ноябри исаразуни гъуддаги син ке фæййагъаз кодта, уой фæдбæл. Премьери фæсте ба кинонивæ фæззиндзæнæй интернети дæр. Еци проект нур косуй аст анзей бæрцæ. Уæдæй абони уæнгæ ирон æвзагмæ æййивд æрцудæй цалдæр мульткинониви.

* * *

Уæрæсей устур этнографион диктант арæзт æрцæудзæнæй 3 – 8 ноябри. Уоми архайун сæ бон æй Цæгат Иристони цæргутæн дæр. Уой туххæй сæ гъæуй сæхе ниффинсун кæнун мадзали официалон сайти – http://www.miretno.ru. Аци мадзалæн æ нисан æй адæми этнографион зонундзийнæдтæ фæббæрзонддæр кæнун, уæдта æхсæнади æргом урухдæрæй раздахун, нæ бæсти адæмихæттити цардарæзти фæдбæл ци фарстатæ исæвзуруй, уонæмæ.