27 апреля 2024

ХУÆРЗАУОДУНДЗИЙНАДÆ

14.01.2023 | 21:07

Цæгат Иристони арæзт цæунцæ социалон паспорттæ, сæрмагонд операцити архайунмæ æрвист ка ’рцудæй, айдагъ уонæн нæ, фал уордæмæ барвæндонæй ка рандæй, уонæн дæр. Нæ республики фæллойнæ æма социалон райрæзти министр Айдарти Алинæ куд фегъосун кодта, уотемæй нерæнгæ бал арæзт æрцудæй уæхæн 35 паспорти. Ахуради министрадæ ба байархайдта уонæй дууей кæстæр сувæллæнттæн гъомбæлгæнæн дзæхæрадони бунæттæ исамал кæнунбæл. Дууадæс бийнонти ба ракурдтонцæ, цæмæй син медицинон æгъдауæй агъазгонд æрцæуа.

Уой дæр ма зæгъун гъæуй, æма Цæгат Иристони цæргутæй евгъуд уолæфæн бæнтти телефонæй æрбадзурдтонцæ 262 адæймаги – зин социалон уавæрти ка бахаудтæй, уонæн фæййагъаз кæнуни фæдбæл.