21 ноября 2024

ХУÆРЗЕУГУТÆ – ÆФСÆДДОН ГЪУДДАГИ ЛÆГИГЪÆДГУНДÆРТÆН

28.02.2023 | 14:06

Фидибæстæ гъæуайгæнæги Бони кадæн Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО фембалдæй æфсæддон службæгæнгутæ æма Афганистани тугъдон цаути архайгути хæццæ.

 

Республики разамонæг ветерантæн райарфæ кодта паддзахадон бæрæгбони туххæй, сæ алкей биографи дæр æй дæсниади фæстеуæг, Фидибæстæмæ уарзондзийнадæ æма гъуддагбæл æновуддзийнадæ ке æвдесуй, уой бафеппайдта.

Куд ма байамудта, уотемæй нуртæккæ берæ фæсевæд рандæнцæ сæ ихæс сæ Райгурæн бæсти размæ исæнхæст кæнунмæ.

«Сæ фидтæлтæ æма бабати гъуддаг сæ фæндуй исæнхæст кæнун. Етæ кадрон тугъдонтæ нæ ’нцæ, фал хуæдбарæ адæм. Етæ, æцæгæйдæр, Фидибæстæ гъæуай кæнунмæ бавналдтонцæ, сæрмагонд æфсæддон операций ихæстæ æнхæст кæнунцæ, æз си алкæмæй дæр сæрустур дæн. Арфæ уин кæнун Фидибæстæ гъæуайгæнæги Бони туххæй, мах фæууæлахез уодзинан, – загъта Сæргълæууæг.

Уомæй идарддæр ветерантæн равардтонцæ паддзахадон æма республикон хуæрзеугутæ. Уæрæсей Президенти Указæй хебæл нæ расагъæс кæнуни, æвзугъддзийнадæ æма лæгдзийнади туххæй сæрмагонд æфсæддон операций архайæг Епхия Жоржикашвилийæн равардтонцæ «Æвзугъддзийнади туххæй» майдан.

Сæрмагонд æфсæддон операций архайуни туххæй Хъанухъуати Владимир æма Кодзурти Олеги Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги Указæй исхуарзæнхгин кодтонцæ майдан «Иристони Намусæн»-æй.

Фæсевæди ’хсæн æфсæддон-патриотон гъомбæладæ æнхæст кæнуни туххæй майдан «Иристони Намусæн» райстонцæ Афганистани тугъдон цаути архайгутæ Гутнати Владимир, Джаджити Витали, Хъабанти Тамерлан.

Сæ служби ихæстæ æнтæстгинæй, зæрдибунæй ке æнхæст кæнунцæ, уой фæдбæл Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Кади гæгъæдитæ равардтонцæ 58-аг еумæйагæфсади афицертæн: штаби хецауи хуæдæййевгутæ Хъарати Руслан æма Дмитрий Коломиецæн.