25 апреля 2024

ХУАРЗ ХАБАР – ЗÆРДИРАЙ!..

18.02.2023 | 20:35

Цæгат Иристони æнхæстгонд цæуй программæ «Уæрæсейаг бийнонтæн цæрæнуæттæ»-йи æртиккаг фæлтæр. Уоми архайуни барæ кæмæн ес, уонæн раттунæн цæттæгонд æрцæудзæнæй сæдæ фатери. Иурст ба цæудзæнæнцæ инсæй процентти асландæр аргъбæл. Программæ æнхæстгонд цæудзæнæй 2024 анзи уæнгæ.

* * *

Цæгат Иристони аграрон къабази ка архайуй, уонæн грантон агъази хузи дехгонд æрцæудзæнæй 323,5 миллион соми. Уонæй 311 миллион соми лæвæрд цæунцæ федералон бюджетæй, иннæ хай ба – республикон бюджетæй. Гранттæ райсдзæнæнцæ зæнхикустгæнæг æма фермерон хæдзарæдтæ, уæдта гъæууонхæдзарадон фæлхасадон коллективтæ.

Цæгат Иристони гъæути ка косуй, еци ахургæнгутæ æма дохтиртæн ба, коммуналон лæггæдтæбæл федунæн  æхца дехгонд цæудзæнæй. Аци гъуддаги фæдбæл закъон цалдæр анзей дæргъи нæбал цудæй æнхæстгонд. Нæ республики разамунди фæндæй, æнæмæнгæ гъæуй еци адæмæн еци агъаз иснæуæг кæнун.

* * *

Аци анз Цæгат Иристони хуæрзаййевгонд æрцæудзæнæнцæ еу æма дууинсæй æхсæнадон рауæни. Уой туххæй фæрæзнитæ – 180 миллион соми – нерæнгæ нæ республикæн дехгонд æрцæудзæнæй сæрмагонд федералон программæмæ гæсгæ. Зæгъæн, бундоронæй зилд æрцæудзæнæй Дигорай сæйраг сквермæ, æма гъæуама исуа, сахари цæргути еугур фæлтæртæн зæрдæмæдзæугæ ка уа, уæхæн фæлладуадзæн рауæн.

* * *

Куд нисангонд цæуй, уотемæй аци анз æнæгъæнæй дæр æнхæстгонд æрцæуа, æвадуат цæрæнуæтти ка цæруй, уони хуæрзвадуат цæрæнуæттæмæ раййевуни программæ – сæ кезу нерæнгæ ма хезунцæ 580 адæймаги. Еци куст æнхæстгонд цæудзæнæй Дзæуæгигъæуи, Рахесфарси, Мæздæги æма Дигори районти.