20 апреля 2024

ХУАРЗ ХАБАР – ЗÆРДИРОХС

21.01.2023 | 21:04

Президентон грантти Фонди аци анзи фиццаг конкурси хатдзæгтæмæ гæсгæ Цæгат Иристон райста 2,8 миллион соми. Аци гранттæ райсуни туххæй дуккаг конкурси архайунмæ курдиæдтæ ист цæудзæнæнцæ 1 февралæй фæстæмæ.

* * *

Цæгатиристойнаг финсгути киунугутæ (2,5 мини) рарвистонцæ нæ республики скъолайразмæ ахурадон кустуæттæмæ, уæдта Алайнаг гимназимæ. Аци киунугутæ амалгонд æрцудæнцæ паддзахадон программæ Цæгат Иристони ахуради райрæзт 2020-2026 æнзти»-йи дæлпрограммæ «Маддæлон æвзаги райрæзт»-мæ гæсгæ.

* * *

Дзæуæгигъæуи арæзт æрцæудзæнæй Хæдзарæ-интернат рацæргæ адæймæгутæ æма инвалидтæн. Арæзтадæбæл, рагацау нимадмæ гæсгæ, харзгонд æрцæудзæнæй еу миллиард соми. Куститæ ба куд гъавунцæ, уотемæй райдайдзæнæнцæ 2024 анзи.

* * *

Цæгат Иристон гъæууонхæдзарадон кустуæтти техникон ефтонгдзийнадæй 2022 анзи зингæ фæххуæздæр æй – 748 миллион сомей аргъ исамал кодтонцæ 131 хузи гъæууонхæдзарадон техникæ æма ефтонггæрзтæ.

* * *

Цæгат Иристони идарддæр цæуй куст берæфатерон цæрæн хæдзæртти цалцæг кæнуни туххæй сæрмагонд программæ. Нерæнгæ бал цалцæггонд æрцудæнцæ 25 уæхæн хæдзари (уобæл харзгонд æрцудæй 103 миллион соми). Нуртæккæ цалцæггæнæн куститæ цæунцæ еума 25 хæдзареми, уомæн дехгонд æрцудæй 166 миллион соми. Куд нисангонд цæуй, уотемæй ба аци анз гъæуама цалцæггонд æрцæуонцæ 50 хæдзари.

* * *

Евгъуд анзи нæ республики цæрæнуæтти арæзтади ихæслæвæрд æнхæстгонд æрцудæй уæлдайгунтæй – арæзт нæмæ æрцудæй 340 мин квадратон метри (нисангонд ба адтæй 320 квадратон метри). Уонæй 210 мин квадратон метри æнцæ хецæн цæрæнуæттæ, 130 ба – берæфатерон хæдзæрттæ.

* * *

Евгъуд анзи Дигорай аразун байдæдтонцæ культурон райрæзти Центр. Уодзæнæй си 400-бунатон концертон зал, кæци ефтонггонд уодзæнæй нуриккон техникон фæрæзнитæй. Аци культурон артдзæстæ гъæуама косун райдайа аци анзи кæрони.