09 майя 2024

ИСФÆЛДИСТАДОН МАДЗАЛ

10.06.2023 | 21:11

Нæ республики мухур æма дзиллон коммуникацити гъуддæгути фæдбæл Комитет куд игъосун кæнуй, уотемæй «Ниййерæг æма цæуæт сæ национ уæледарæси», зæгъгæ, къарти дуйнеуон конкурси цæгатиристойнæгтæй архайун ке фæндуй, уони бон æй уой туххæй 1 сентябри  уæнгæ курдиадæ бадæттун. Аци исфæлдистадон ерис исаразунæн  фадуæттæ арæзт цæунцæ «Силгоймæгти интернационалон Цæдес»-и агъази фæрци. Æ нисанеуæг ба æй хецæн адæмихæттити культури æма сæ фидтæлтиккон уæледарæси фæрци Уæрæсей адæмти национ хуæдбарæдзийнадæ равдесун. Конкурси архайуни барæ ес айдагъ ниййергути æма сæ цæуæти нæ, фал нанатæ, дадатæ æма бийнонти иннæ иуонгти дæр.