19 апреля 2024

КУЛЬТУРÆ

27.05.2023 | 22:17

Цæгат Иристони Тæбæхсæути Балой номбæл паддзахадон академион театри кадгин уавæри байгон æй еугурдуйнеуон кинофорум «Золотой Витязь». Æ президент Николай Бурляеви гъудимæ гæсгæ, кинофоруми сæйраг ихæс æй нæ монон хæзнатæ багъæуай кæнун æма сæ федæни фæлтæртæмæ бахъæртун кæнун: «Æрцудæй еци рæстæг æма дуйнеуон киной историй фиццаг хатт киристон æма пусулмон дин кæми байеу æнцæ. Ахсгиаг æй е дæр, æма кинофорум ке ’вдесуй дууæ культурей еудзийнадæ, уомæн æма сæ хæзнатæ еухузон æнцæ…» Алли æнзти культурон мадзал цудæй Уæрæсей, Белоруссий, Украини, Сербий, Болгарий, Приднестровеьей, Босни æма Герцеговини. Архайдтонцæ си 10 мин исфæлдистадон косæги дуйней æртинсæй паддзахадемæй.