09 майя 2024

КУЛЬТУРОН БАСТДЗИЙНÆДТÆ

08.11.2023 | 13:07

Красноярски крайи райевгъудæй Цæгат Иристони культури Бон. Уоми ецирдигон дзиллæ бæлвурдæй базонгæ ’нцæ нæ адæми цардиуаги фæткитæ æма æгъдæутти, нæ фидтæлтиккон берæвæрсуг аййевади хæццæ. Кадгин мадзали райдайæни æвдист æрцудæй Æлборти æнсувæрти æрмгустади туххæй цубурметражон кинонивæ. Уой фæсте курдон æма зæрингурд Æлборти Аслан иуазгути базонгæ кодта скифаг тохæндзаумау аразæг æрмдæснити аййевади хæццæ, равдиста син, æхе къохтæй е ’рмадзи ци дзаумæуттæ аразуй, уони. Изæри ба фусунтæн сæ арæхстдзийнадæ равдистонцæ нæ кафгути къуар. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма Цæгат Иристони культури Бон арæзт цæуй алли анз дæр Красноярски крайи не ’мзæнхонти национ-культурон центр æма крайи адæмти хæлардзийнади хæдзарæ «Родина»-йи хъæппæресæй.