КУСТÆГТÆ – ХÆРХÆ, ÆНХÆСТ КÆНУН СÆ ФÆРАЗÆ!..
Нæ республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис æрæги исаразта Оперативон штаби æмбурд, кæцими дзубанди цудæй абони санкцити уавæрти дæр Цæгат Иристони социалон-экономикон райрæзт цæмæй идарддæр дæр æнæхъортæй цæуа, уой туххæй райаразуйнаг мадзæлттæбæл.
Фиццагидæр, социалон къабæзти арæзтæдти, уонæми кæцидæр объекттæ цалцæг кæнун, кенæ бундоронæй райаразуни хæццæ баст фарстатæбæл дзубандийæн кæронбæттæн искæнгæй, Дзанай-фурт загъта:
– Аци анз нæ республики арæзт æма цалцæггонд цæунцæ, социалон ахедундзийнадæ кæмæн ес, инфраструктури уæхæн 200 объекти – скъолатæ, сæйгæдæнттæ, рæвдауæндæнттæ, хæдзарадон-коммуналон хизæг, нæдтæ. Берæ ахсгиаг фарстатæ гъæуама лухгонд æрцæуонцæ. Уæ еугуремæй дæр домун, цæмæй бæрнондзийнадæ равдесайтæ, аци куститæ æнхæст кæнгæй, кæрæдземæ ма кæсетæ. Еугур проекттæ дæр гъæуама æнхæстгонд æрцæуонцæ амунд æмгъудтæмæ хуарз хуæрзгъæдæдзийнади хæццæ. Сæрмагонд цæстдард, национ проекттæ æма паддзахадон программити фæлгæти арæзт ка цæуй, еци объекттæмæ – аци анз син уагъд æрцудæй 13,5 миллиард соми.
Нæкæси, Уæрæсей арæзтадæ æма цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради министри хуæдæййевæг Юрий Гордеев æрæги Дзанайти Бариси хæццæ син ци фембæлд адтæй, уоми уотæ загъта:
– Зонун æй, республики нуртæккæ берæ ахсгиаг социалон объектти арæзтадæ æма бундорон цалцæг ке цæуй, уой. Еци объектти фæдбæл бæлвурд амунддзийнæдтæ равардтонцæ Президент Владимир Путин æма Хецауади Сæрдар Михаил Мишустин. Зæгъæн, Алагири бундорон æгъдауæй райараздзæнæнцæ донæфсесади системитæ, Беслæни ба – донæфсесадæ æма канализаций хæтæлтæ… Амунд объекттæн сæ еу хай арæзт æма цалцæггонд цæунцæ федералон инвестицион программи фæлгæти – уони цæттæдзийнадæмæ комкоммæ цæстдард ес Уæрæсей Арæзтади министради ’рдигæй.
Æмбурди хатдзæгтæ бахинцгæй, дзуапдæттæг уагæдæнттæн лæвæрд æрцудæй бæлвурд фæдзæхститæ. Еузагъдæй, куститæ – хæрхæ, æма сæ æнхæст кæнун кæмæн барæгонд æй, етæ гъæуама бæрнонæй байархайуонцæ уони афойнадæбæл æма гъæугæ хузи сæ рахецæн кæнунбæл.