09 майя 2024

МАДДÆЛОН КАПИТАЛ

03.02.2024 | 22:02

Евгъуд анзи маддæлон капитали фæрци нæ республики 3500 бийнонти фæххуæздæр кодтонцæ сæ цæрæнбунæтти уавæртæ. Еци гъуддаги фæдбæл харзгонд æрцудæй дууæ миллиард соми. Тæккæ ахиддæр ниййерæги капиталæй Цæгат Иристони бийнонтæ пайда кæнунцæ цæрæнуæттæ æлхæнгæй. Сæрмагонд сертификат барæ дæттуй кооперативмæ бацæунæн, кенæ æфстау райсунæн. Гæнæн ес æфстæуттæ нæ райсгæй, хæдзарæ аразунæн дæр. Æхцайæй испайда кæнун æнгъезуй, айдагъдæр си сувæллонбæл æртæ анзи ку исæнхæст уа, уæд. Сувæллонгин бийнонтæн агъаз кæнуни паддзахадон программæ косуй нæ бæсти 2007 анзæй нурмæ. Уæдæй абони уæнгæ Цæгат Иристони ниййерæги капитал райстонцæ 75 мин бийнонти, уонæй 44 мини 300 бийнонти фæххуæздæр кодтонцæ сæ цæрæнуæтти уавæртæ.