11 октября 2024

НАЦИОН ПРОЕКТТÆ

23.01.2024 | 15:11

Уæрæсей регионалон райрæзти фарстати фæдбæл хецауадон къамиси президиумæн æрæги ци æмбурд адтæй, уоми дзубанди цудæй, евгъуд анзи дæргъи фиццаг кезуй национ проекттæ æма нисанмæ арæзт федералон программитæ куд æнхæстгонд æрцудæнцæ, уобæл. Æма еци гъуддаги регионтæй ахедгæдæр хузи ка байархайдта, еци фондз раздзæуæгей хæццæ нимад æрцудæй Цæгат Иристон дæр. Æмбурди ма куд амунд æрцудæй, уотемæй национ проекттæ æма федералон программити фæлгæти куст цæудзæнæй идарддæр дæр. Зæгъæн, архайд цæудзæнæй 2030 анзи уæнгæ коммуналон инфраструктури модернизаций еугурвæрсуг программæ бацæттæ кæнунбæл. Еци æууæл лæдæргæй, регионти минæвæрттæн фæдзæхст æрцудæй, цæмæй сæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради нивæбæладæн агъазгæнæг программитæ афойнадæбæл бадæттонцæ федералон профилон ведомствитæмæ.