НÆ МАДДÆЛОН ÆВЗАГ – НÆ ФАРНÆ
09.09.2023 | 23:54
«Адæмти хæзна», зæгъгæ, сæрмагондæй ци мобилон гъазт арæзт æрцудæй, уой фæрци Уæрæсей алли адæмихæттити кæстæртæ зонгæ кæндзæнæнцæ сæ маддæлон æвзæгти хæццæ (æнцæ дæс æма инсæййемæй фулдæр). Гъазт исаразгутæ куд зæгъунцæ, уотемæй е фæййагъаз уодзæнæй сувæллæнттæн айдагъ сæхе маддæлон æвзаг хуæздæр базонунæн нæ, фал иннæ адæмихæттити кæстæрти хæццæ кæрæдзей хуæздæр базонунæн æма кæрæдзей хæццæ лимæн рахастдзийнæдтæ аразунæн дæр. Алли адæмихатт дæр гъазти æвдесуй, æ национ дарæс кæбæл ес, уæхæн хе персонажтæ. Гъазт иссерæн ес Google Play æма Apple Store-йи.