09 майя 2024

НÆДТÆБÆЛ ЦÆУНИ ÆДАСДЗИЙНАДÆ

23.09.2023 | 21:52

Республики прокурори ихæстæ æнхæстгæнæг Илья Иванов æрæги ци æмбурд исаразта, уоми дзубанди цудæй нæдтæбæл цæуни æдасдзийнади фарстати фæдбæл. Æма си архайгæ дæр кодтонцæ, уони æнхæст кæнунбæл комкоммæ ихæсгин ка ’й, еци ведомствити минæвæрттæ. Æмбурди куд фегъосун кодтонцæ, уотемæй аци анз евгъуд авд мæйей дæргъи æрцудæй, 58 адæймаги кæми фæммард æй æма 754 адæймаги кæми фæццæф æнцæ, уæхæн 478 фæндагон-транспортон фидбилизи. Уæлдай сагъæссаг ба е æй, æма уæхæн цаути фидбилизи ке бахаунцæ сувæллæнттæ – амунд рæстæги 74 фидбилиземи дууæ сувæллони фæммард æй, 87 ба си цæфтæ фæцæнцæ.