05 майя 2024

НÆУÆГ, 2023 АНЗИ ФÆЛЛАДУАДЗÆН БÆНТТÆ

10.12.2022 | 17:45

Федералон хецауади унаффæмæ гæсгæ федаргонд æрцудæй нæуæг, 2023 анзи фæллойнадон къæлиндар.

Еци унаффæмæ гæсгæ нæуæганзон фæлладуадзæн бæнттæ уодзæнæнцæ аци анзи 31 декабрæй (сабатæй) иннæ анзи 8 январи (хуцаубони) уæнгæ – фараст бони. Никки:

– Фидибæстæ гъæуайгæнæги Бон 23 февраль цуппæрæнмæ ке хауй, уомæ гæсгæ фæлладуадзæн бæнттæ уодзæнæнцæ цуппар бони – хуцаубони, 26 феврали уæнгæ;

– Уалдзæг æма фæллойни Бонмæ (бæрæггонд цæуй 1 майи) нæ фæллад уадздзинан æртæ бони: 29-30 апърели æма 1 майи;

– Уæлахези Бони фæдбæл ба – цуппар бони: 6-9 майи;

– Уæрæсей Бонмæ гæсгæ фæлладуадзæн бæнттæ уодзæнæнцæ 10-12 июни;

– Адæмон еудзийнади Бонмæ гæсгæ фæлладуадзæн бæнттæ уодзæнæнцæ 4-6 ноябри.