26 апреля 2024

НÆУÆГДЗИЙНАДÆ

17.12.2022 | 23:22

Цæгат Иристони æрæги кадгин уавæри байгон æй аэропорт «Дзæуæгигъæу»-и авиабастдзийнади нæуæг терминал. 2020 анзи декабри райдæдта æ арæзтадæ æма абони уæлдæфон бæлццæнттæн лæггадæ кæнунмæ ’й цæттæ. Нæуæг бæстихай дзуапп дæттуй нуриккон домæнтæн. Зæрдæмæдзæугæ ’й е ’ндаг бакаст, райдзаст æма парахат æнцæ дууæ уæладзуги дæр. Адæми уодæнцойнæн си арæзт æрцудæй еугур гъæугæ равгитæ дæр. Нæуæг терминал байгони фæдбæл мадзали архайгутæн комкоммæ цæстуингæ бастдзийнади фæрци райарфæ кодта Уæрæсей Президент Владимир Путин. Мадзали архайдтонцæ нæ республики нури æма раздæри Сæргълæугутæ Сергей Меняйло æма Битарти Вячеслав.