РАВГИТÆ ФÆЛЛАДУАДЗУНÆН
18.11.2023 | 15:54
Цæгат Иристони «цаути туризм» иссæй ахсгиагдæр къабæзтæй еу. Туристти нимæдзæ, фари хæццæ рабаргæй, фæффулдæр æй 40 проценти. Аци сæрдæ фулдæр туристтæ бабæрæг кодтонцæ Дзивгъиси федар, Алайнаг Успенаг нæлгоймæгти моладзандонæ, Дæргъæвс.
Уæрæсейаг туристтæн сæ балцити цуппæрæймаг хай июнæй сентябрмæ адтæнцæ æнæкосгæ бæнтти. Еци бæнтти Цæгат Иристонмæ уолæфунмæ ахиддæр цудæнцæ Краснодари крайæй, Ростови облæстæй, Стъараполæй. Туристтæ Мæску æма Петербургæй республикæмæ ‘рцæунцæ дæргъвæтиндæр рæстæгмæ – фондз боней æмгъудмæ. Цæгат Иристонæй уæлдай, туристтæ фулдæр кумæ цæунцæ, етæ ‘нцæ Иркутск æма Мурмански облæсттæ, Хъæрæсе-Черкесий Республикæ, Адыгея.