09 майя 2024

ТУРИЗМ

22.07.2023 | 12:49

Цæгат Иристон бæстондæрæй базонуни, уой хæццæ ба ма ами сæ фæллад исуадзуни зæрдтæй аци анзи æхсæз мæйемæ нæ республикæ бабæрæг кодтонцæ 357,9 мин туристи (фари еци æмгъуди хæццæ рабаргæй, 81,8 мин адæймаги фулдæр).

Идарддæр дæр архайд цæуй нæ республикæмæ æрбацæуæг адæмæн лæггæдтæ æнхæстгæнæг организацити куст хузæнондæр кæнунбæл. Нерæнгæ бал си 49 рацудæнцæ классификаций æркаст, иннæ 75 фусунуати, фæлладуадзæн центр æма бази уавæрæн дæр хæстæгдæр рæстæг аргъгонд æрцæудзæнæй.

Иуазгутæн лæггадæгæнæг фусунуатон комплекстæ æма æхсæнадон хуæлцади кустуæтти архайдæй фарæ республикæмæ æрбафтудæй 99 миллион соми.