09 майя 2024

УÆЛАХЕЗДЗАУТÆ

29.02.2024 | 15:08

Зундгонд куд æй, уотемæй фæсевæди федералон агентади хъæппæресæй арæзт цæуй аллианзон конкурс «Росмолодежь». Гранты». Уоми еудадзуг фæййархайунцæ Цæгат Иристони минæвæрттæ дæр. Аци анзи конкурсмæ ци проекттæ балæвардтонцæ, уонæй дæс иссæнцæ уæлахездзаутæ. Бæлвурдæй ба мæнæ ауæхæн номинацити: «Æнæнез уо», «Дæ зæрдæбæл дарæ», «Бæстæ æргом кæнгæй» æма æндæрти. Еци проекттæ гъæугæ хузи царди рауадзунæн син радех кодтонцæ цуппар миллион соми, æнхæстгонд ба гъæуама æрцæуонцæ 2024 анзи майæй 2025 анзи апърели уæнгæ. Аци конкурси берæ хиццагдзийнæдтæй еу е æй, æма си се ’ргъудидзийнæдти хæццæ архайуни барæ ес 14 анземæй 35 анзей уæнгæ кари уæрæсейаг граждæнтæн.