09 майя 2024

УÆЛАХЕЗОНТÆ

29.07.2023 | 22:49

Сахарти цæрунæн æнцон фадуæттæ исаразуни VIII Еугуруæрæсеуон конкурси нæ республикæ фæууæлахез æй дууæ фæлгæтеми. Фиццаг хатт номинаци «Историон цæрæнуат»-и рамулдта Наригъæуи проект. Номинаци «Минкъий сахартæ»-йи ба фиццаг бунат байахæстонцæ Æрæдон æма Дигорæ. Аци мадзал арæзт цæуй 2018 анзæй фæстæмæ Уæрæсей Федераций Президенти фæдзæхстмæ гæсгæ.  Конкурс «Минкъий сахартæ æма историон цæрæнуæттæ», программæ «Сахарти цæрунæн æнцонвадуæттæ исаразун»-и фæлгæти фæрци нерæнгæ берæ æхсæнадон бунæттæмæ зилд æрцудæй. Уæхæн конкурстæ фадуат дæттунцæ æхсæнадон бæстихæйттæ бахузæнон кæнунæн, нæуæг фæлладуадзæн бунæттæ байгон кæнунæн.