26 апреля 2024

УАЛӔ АРВБӔЛ ӔРФӔНИ ФӔД – НӔ ТУГЪДОН ТӔХГУТИ НАМУСИ ӔВДЕСӔН!..

13.08.2021 | 17:01

Тугъдон-уӕлдӕфон тухти Бон (12 августи) цитгийнаг бӕрӕгбон ӕй Цӕгат Иристони дзиллӕн дӕр. Не ‘мзӕнхонтӕй беретӕ иссӕнцӕ искурдиадӕгин тугъдонтӕ, агъазиау лӕгдзийнӕдтӕй фескъуӕлхтӕнцӕ нӕ Фидибӕсти сӕрбӕлтау. Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕги си Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном аккаггонд ӕрцудӕй инсӕйемӕн. Абони дӕр нӕ тугъдон тӕхгутӕ се ‘фсӕддон ихӕс ӕнтӕстгинӕй ӕнхӕст кӕнунцӕ.