Зундгонд хæдзарадон разамонæг
05.08.2021 | 15:47
æма партион архайæг ХЪАРАДЗАУТИ Дзастемур: «Хъæбæлоти Билар адтæй арф зунди, берæвæрсуг зонундзийнæдти хецау. Уомæн æз мæхуæдæг æвдесæн, берæ хæттити
ми е баруагæс æй бæлвурд уавæрти. Кæрæй-кæронмæ зудта республики царди еугур къабæзти гъуддæгути уавæр.
Æ зунди агъазиаудзийнадæ айдагъ уомæй дæр бæрæг адтæй, æма исарæхсидæ, зæгъæн, куст гъæугæ хузи кæми нæ цæуидæ, уоми разамонæгæй æцæгæй дæсни æма хъæппæресгин разамонæг ниввæрунмæ æма гъуддаг фæррæстмæ уидæ… Адæм ин устур кадæ кодтонцæ – кумæ фæццæуидæ, уоми ибæл зæрдиагæй исæмбæлиуонцæ…»