ЛЕНИН… ÆРИМИСÆН ИН Æ РОХС НОМ…
Аци хузæ абони ке мухур кæнæн, е кæмæдæрти æнахур дæр фæккæсдзæнæй – советон цардарæзти фехæлди фæсте нæ паддзахади гъуддæгутæ ка фæххеуон кодта æма сæ сæхе «сæризундмæ» гæсгæ аразун ка байдæдта, етæ сæ уодæй-уод кодтонцæ (уогæ – нерæнгæ дæр син банцайæн нæййес). Ленин æма е ’мтохгæнгути адæмæн фенадæ кæнунбæл. Кæд син уомæй еуцæйбæрцæ цидæртæ дæр бантæстæй (уæлдайдæр ба – нæуæг, советон цардарæзти фæсте ка фæззиндтæй, еци кæстæрти сæри зунд нидздзæгъæлтæ кæнуни), уæддæр сæ фудвæндитæй уоййасæбæл неци рауадæй – адæм æй уинунцæ, раздæри рæстæгути ци куд адтæй æма нур куд æй, уой.
Уогæ абони мах Ленини æма е ’мтохгæнгути сæрбæл тох исаразуйнаг нæ ан – рæстæгутæ цæунцæ æма етæ алцæмæн дæр растдæр аргъ искæнунцæ. Ленини ба абони уомæ гæсгæ имисæн, æма 21 январи сæдæ анзи исæнхæст æй, æ уæлзæнхон цардæй ку рахецæн æй, уобæл (1870-1924). Æма ’й нæхецæн ихæсбæл банимадтан æ рохс ном ин æримисун.