18 октября 2024

ЗÆРДРОХС ÆМА ÆНÆНЕЗ УОТÆ КАДГИН ХЕСТÆРТÆ!..

28.09.2024 | 20:34

Бæрæгбæнттæй нин уæлдай зæрдтагондæр ка фæууй, уонæй еу æй каргун адæймæгути Бон. Бæрæггонд ба цæуй алли анз дæр 1 октябри, уой дæр дуйней берæ рауæнти. Бæрзонд нимади æй махмæ, Иристони дæр. Хестæртæ нин цæйбæрцæбæл цитгийнаг æнцæ, уой фæдбæл нæ рагфидтæлтæй берæ зундгин фæдзæхститæ байзадæй. Æма сæ гъæуама зонæн, рæстуодæй сæ æнхæст кæнæн. Уомæ гæсгæ аци бæрæгбони фæдбæл зæрдиагæй арфæ кæнæн нæ хестæртæн. Æма син нæ арфити зæгъæн: «Сумах нин айтæ нæ уодæнцойнæн хъаурæдæттæг, нæ рæствæндаггæнæг. Сумахæн уæ цардвæндаг агъазиау æй. Уе ’скъуæлхтдзийнæдтæй мах алкæддæр сæрустур ан æма уи æгæрон арфиаг уодзинан.

Не ’хсæнади ихæс ба абони æй сумахбæл ауодун, уæ царди хуæрзгъæдæдзийнадæ фæххуæздæр кæнунæн гъæугæ уавæртæ аразун æма гъæуама уобæл æновудæй архайæн.

Бæрæгбони фæдбæл уин арфæ кæнгæй ба нæ зæрдæ зæгъуй федар æнæнездзийнадæ, уодиконди цæрдæгдзийнадæ, дæргъвæтийнæ царди амондгун æнзтæ, уæ хеуæнттæ æма къабæзти æновуддзийнадæ. Уæ кæстæрти хортæй бафсæдетæ, нæ хъазар хестæртæ! Уæхе гъæуай кæнетæ!..»