27 декабря 2024

«МАДÆ УН УÆЛДАЙ АГЪАЗИАУ БÆРНОНДЗИЙНАДÆ ÆМА ÆГÆРОН ХЪАЗАУАТ ÆЙ!..»

23.11.2024 | 21:47

Зундгонд куд æй, уотемæй Уæрæсей геуæргобай фæстаг хуцаубони алли анз дæр бæрæггонд фæццæуй нæ дзиллæн тæккæ æхцæуæндæр бæрæгбон – Мади Бон. Уой фæдбæл Цæгат Иристони мадтæлтæн зæрдиагæй райарфæ кодта нæ республики Парламенти Сæрдар ТУСКЪАТИ Таймораз.

*  *  *

Фæззæги ци зæрдæбæлдарæн бæнттæ фæббæрæг кæнæн, уонæн сæ тæккæ цитгийнагдæр æй Мади Бон – дуйнетæбæл нин зæрдтагонæй-зæрдтагондæр ка ’й,  адæймаг æ царди цийни дæр æма зин уавæри дæр, фиццагидæр, ке ном иской кæнуй æма ке байагоруй, æ еци ниййерæги бæрæгбон. Æма ’й уомæ гæсгæ ба бæрæг кæнунцæ, сæ мадтæлтæ цардæгас кæмæн æнцæ, айдагъ етæ нæ, фал си æносон дуйнемæ  ка бацудæй, сауæнгæ уони цæуæт дæр.

Мадæ ун уæлдай агъазиау бæрнондзийнадæ æма æгæрон хъазауат æй. Алли бийнонти цард дæр æнцойнæ кæнуй мади уарзондзийнадæбæл, æ харакет, æ ауодундзийнадæ æма курухондзийнадæбæл. Мадæ æ сувæллони зæрди сабийбонтæй фæстæмæ игурун кæнуй æ адæми уодварни табудзийнадæ  æма æгъдæуттæ нимайундзийнадæ, Фидибæстæбæл æновуддзийнадæ.

Аци анз Уæрæсей нимад æй бийнонти Анзбæл. Е ахсгиаг гъуддаг æй, æма ма нин еума хатт нæ зæрдæбæл лæуун кæнуй мади цитгиндзийнадæ, е бундор гъæуайгæнæг ке æй, æ фарнæй бийнонти цард гъомусгиндæр ке кæнуй, уой. Мадæ æ цард нивондæн æрхæссуй цæуæтæн, аккаг адæймæгутæ си исгъомбæл кæнунæн – уомæй берæ аразгæ ’й республики æма æнæгъæнæй нæ бæсти исонибон. Мах нæ сæртæй ниллæг ковæн, Фидибæстæ гъæуайгæнгути, берæсувæллонгин бийнонти æма седзæрти гъомбæл кæнуни ихæс æхемæ ка райста, еци мадтæлтæн.

Иристони цитгин мадтæлтæ! Уæ рæсугъд бæрæгбони фæдбæл уин хъæбæр зæрдиагæй арфæ кæнун, мæ зæрдæ уин зæгъуй федар æнæнездзийнадæ, зæрдрохсдзийнадæ, фарнæй æнхæст бæнттæ! Уæ цардæй арази, уæ кæстæрти амонд æма æнтæстдзийнæдтæй еудадзугдæр зæрдрохс æма сæрбæрзонд куд уайтæ!