05 декабря 2024

БÆРЗОНД ХУÆРЗЕУГУТÆ –БЕРÆСУВÆЛЛОНГИН МАДТÆЛТÆН

23.11.2024 | 21:50

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло Хецауади хæдзари ци фембæлд исаразта, уоми зæрдиаг арфитæ ракодта, «Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Мадæ-бæгъатæр»-и кадгин ном кæмæн исаккаг кодтонцæ, еци силгоймæгтæн. Фембæлд арæзт æрцудæй Мади бони кадæн (куд зонæн, уотемæй еци бæрæгбон Уæрæсей фæууй ноябри фæстаг хуцаубони).

Фембæлди архайгутæн арфæ ракæнгæй, региони Сæргълæууæг куд фæннисан кодта, уотемæй республики разамунд идарддæр дæр берæвæрсуг мадзæлттæ араздзæнæй, цæмæй ирæзгæ фæлтæри аккаг гъомбæладæ æма ахурадæн хуарз фадуæттæ уа, цæмæй алли ниййерæг дæр æ цардæй арфæгонд уа.

– Мадæ ун æнцон нæй, еци æууæл силгоймагæй домуй берæ хъаурæ æма уодуæлдайдзийнадæ. Уой хæццæ, е æцæг амонд æй – æхсæнадæн аккаг гражданин исгъомбæл кæнун. Мади бæрæгбони хуарзæнхæ уæ уæд, – загъта Сергей Меняйло.

Цæгат Иристони Сæргълæууæги Указæй «Мадæ-бæгъатæр»-и кадгин ном лæвæрд æрцудæй:

Бойко Галинæ Василийи кизгæн (гъомбæл кæнуй 12 сувæллони),

Гегкити Фатимæ Цæликки кизгæн (гъомбæл кæнуй 8 сувæллони),

Чернега Иринæ Владимири кизгæн (гъомбæл кæнуй 7 сувæллони),

Цоцити Майæ Гочæйи кизгæн (гъомбæл кæнуй 10 сувæллони).

Куд зонæн, уотемæй кадгин ном «Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Мадæ-бæгъатæр» лæвæрд цæуй, 7 æма уомæй фулдæр сувæллони ка исгъомбæл кодта (кенæ кæнуй) еци мадтæлтæн. Абони уæнгæ уæхæн кадгин ном лæвæрд æрцудæй 56 цæгатиристойнаг силгоймагемæн.

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-службæ