05 декабря 2024

ЗУНД ÆМА НИФС – ЦАРД РÆСТМÆГÆНÆГ ФÆРÆЗНИТÆ!..

23.11.2024 | 21:54

Алли бæрæгбон дæр адæми цардæй равзургæ ’й. Цæбæлдæриддæр æнцойнæ кæнуй, етæ ’нцæ адæми уодигъæдæ, зунд, æргъудидзийнадæ, зæрдæргъæвддзийнадæ. Æ бæрæгбон ка куд кæнуй, е дзорæг æй æ культурæбæл, æ турнундзийнæдтæбæл.

Анзи дæргъи нæ адæммæ берæ аллихузон бæрæгбæнттæ фæууй. Уонæн сæ кадгиндæр æма бæркадгиндæртæй æй Уасгергимæ ковæн къуæре Геуæргоба. Фæууй, фæззигон гъæууонхæдзарадон куститæ ку фæуунцæ, адæм сæ будурти, дзæхæрати тиллæг ку бафснайунцæ, сæ фонсæн зумæгеуат ку ’рцæттæ кæнунцæ, ку сæ бабунæтти кæнунцæ, уæд. Гъæууон фæллойнæгæнæг фæууæгъдæдæр уй, æ фудæбон фæмминкъийдæр уй, æма ин фадуат фæууй æ изæдтæ  æма идаугути ном иссерунæн, æ анзи фæллойни кувдтити, киндзæхсæвæрти бадунæн, æ фæллад исуадзунæн. Æма фæззæги бæркæдтæй идзаг фæууй æ фингæ. Еци бæркæдтæй хайгин фæуунцæ сахайрæгти фингитæ дæр.  Гъе уомæ гæсгæ Геуæргоба нимад æй бæркадгиндæр бæрæгбонбæл.

Æма аци бæнтти Уасгергибæл нæхе фæдзæхсгæй, нæ кувдтитæ уой фæдбæл æнцæ, цæмæй нæ зæнхæбæл сабурдзийнадæ куд æрфедар уа, адæми ’хсæн хуæрзауодуни, хæлардзийнади æма кæрæдзей нимайундзийнади рахастдзийнæдтæ куд æрфедар уонцæ. Зунд æма нифсæй федар куд уæн, уомæн æма етæ ’нцæ цард рæстмæгæнæг фæрæзнитæ.