05 декабря 2024

РАСТ НАДБÆЛ ЛÆУД ÆМЗУНД АДÆМИ РАЗИ ХОНХ ДÆР НЕЦИ ÆЙ!..

30.11.2024 | 21:23

Дзиги иннæ уатмæ балигъдæй. Мæ зæрдæ рæхуститæ кæнуй. Æ фæсте бацæуинæ æма ин зæрдитæ райвæринæ? Кенæ ба, уадзæ æма ракæуа, фенцондæр ин уодзæнæй. Дзигийæй уæлдай ку неке ес мæнæн дæр. Бустæги, миййаг, ку нæ хецæн кæнæн кæрæдземæй. Æнæуой кæд бустæги æй, уæддæр ин ка ци зонуй. Аци æзмæнст æма æнæхайир рæстæги адæймагмæ ци не ’нгъæлмæ кæсуй…

Æзинæ Дзигий нанамæ рарвистон хонхмæ. Абони сæумæй Осмæни хæццæ хæдзари дзаумæуттæ æртæ уæрдунеми байвардтан, æма е дæр хонхмæ рандæй.

Мæ синхæгтæ сагъæси бацудæнцæ. Æнгъæлунцæ, æма цидæр тæссаг хабар зонун æма ’й уонæй римæхсун. Бафæрсунцæ мæ: дæ мадæ, дæ фиди хатирæй æй махæн дæр зæгъæ, æма нæ сæртæн ести унаффæ бакæнæн. Уæхæнæй си неци ес, зæгъгæ, син зæрдитæ æвæрун, фал си не ’руагæс кæнуй, уайдзæфтæ мин  кæнунцæ: гæрр, нæ фидтæлтæ æнсувæрти хузæн ку фæццардæнцæ, сæ зиан дæр æма сæ цийнæ дæр еумæйаг ку адтæй, цæнхæ æма кæрдзин еумæ ку хуардтонцæ.

Фал син мæ идарддæри царди фæндитæ куд гъæуама раргом кæнон? Фæстаг хатт æрзилдтæн тургъæбæл. Мæнгæхæдзарæбæл къума куд æвардтон, уотæ мæ размæ фæцæй Домбай. Æ къæдзелæ телгæй, мæ размæ ’рбауадæй.

– Мæнæ ми куд æрбайронх дæ, мæ рагон æмбал æма хæдзаргæс. Ардæмæ рауайæ, Домбай!

Мæ фæндаггагæй ин къерей æмбес æма фиди хай равардтон. Цалинмæ хуæрд фæцæй, уæдмæ бангъæлмæ кастæн. Уæдта ин рæхис æ хъурбæл бафтудтон.

– Цæуæн, Домбай, фусун дин байагорæн. Зæронди бонти нæуæг рауæн æрцæрунæй зиндæр ке неци ес, уой бæргæ лæдæрун, фал æндæр гæнæн нæййес. Хъисмæтæй некумæ райервæздзæнæ.

Рæзæдонæмæ рацудан. Кауи иннæ фарс – мæ зæронд синхаг Батрази хæдзарæ.

– Кæми дæ, мæ синхаг? Æндæмæ ракæсæ, – дзорун имæ кауи сæрти.

– Кæци дæ? – хæдзарæй радзурдта Батраз. – Кæци дæ?

– Æз дæн, æз – Албег.

– Аллибон æгасцо, Албег. Фæццæун дæмæ, дæ рунтæ бахуæрон.

Æ кæрцæ æ усхъитæбæл гæлстæй рацудæй хæдзарæй.

Салам равардтан, куд дæ, ци дæ, зæгъгæ, рафарстан нæ кæрæдзей.

– Цæугæ кæнун, Батраз, цæугæ.

– Цæугæ зæгъис? Фæсевæд дин еу рауæн фæстеуат кæнун фæразунцæ? Фæндараст уо, фæндараст, Уасгергий иуазæг уо!..

– Устур курдиадæ мæмæ ес дæумæ, Батраз.

– Уæллæй, цидæриддæр зæгъай, уой бакæндзæнæн… Нæ фæсевæд, бæргæ, еугурæйдæр дæу хузæн ку уайуонцæ, алкæмæн дæр Хуцау уæхæн синхаг ку раттидæ. Баруагæс ди уæд, Албег, дæ цæрæнбони туххæй кæми нæ раседун, еунæг уæхæн фингæ дæр нæ фæууй.

– Гъема дæ кувдтитæ ’рцæунцæ, æма уой туххæй уæхæн æнæнез дæн, – ниххудтæн æз.

Ходуй Батраз дæр.

– Хуцау ди исарази уæд, Батраз. Дуйнедарæг дин берæ цæрæнбонтæ раттæд. Цæугæ кæнун æма хæдзарæ æдзæрæг уодзæнæй. Æцæг си мæнæ мæ зæронд æмбал байзайдзæнæй, – райамудтон Домбаймæ.

Уобæл ке цæуй дзубанди, уой балæдæрдтæй куй æма æ гъунгун къæдзелæй зæнхæ ’рхуаста.

– Дæу евгед æй уадзун, мæ хуарз синхаг. Стонгæй рамæлун æй ма бауадзæ. Мæнæ дин е ба æ харз, – бадардтон имæ æхца. – Æхцай нецибал кадæ ес, фал Домбаййи фагæ кæд разинниуонцæ.

Батраз æхца нæ комуй,  дæ зæрдæ имæ ма дзорæд, зæгъгæ, мин нифситæ æвæруй. Фал ин уæддæр æхца æ курæти дзиппи куддæртæй ратъунстон.

Фæстаг хатт æрсæрфтон Домбаййи сæр æма нæхемæ рацудтæн.

Батраз куййи æ сарайи цæгиндзæбæл бабаста. Нæхстæр кæнгæй мæ ку фæууидта Домбай, уæд баст ратонунмæ гъавта, мæ фæдбæл рæйуй, рæхиси дзæгъал-мугъул цæуй.  Æ бон ку базудта, уæд зæнхæбæл æрхустæй æма неун райдæдта.

Къæрæзгитæ исæхгæдтон, дуæрттæбæл къума исæвардтон, мæ хизин æма хурдзинтæ райстонцæ æма Азæмæтмæ рандæ дæн. Нæхстæрæрвонгæй æй баййафтон.

Минути фæсте нимæт æма баслухъи тугъдæй ранæхстæр дæн, неке мæ базудта.

Над цæуй уæлмæрдти рæзти.

– Фæууорамæ, – дзорун Азæмæтмæ.

Бæхтæ нæма æрлæудтæнцæ, уотемæй æргæпп кодтон линейкæй. Рагвæззæги уазал бон. Мет нæма рауардта, фал думгæ цæсгон хуайуй, арв æй гъунтъуз. Рагон циртитæ бæзгин гъунай буни фæцæнцæ. Æртæ хъазар циртемæ бахъæрттæн. Астæуæй – мæ фиди цирт, æ рахес фарс – мади цирт, галеуæрдигæй ба – Фаризæти цирт. Фиди цирт фæттар æй, æ финститæн бакæсæн зинтæй ес, иннæ дууæ нæуæгамад циртити финститæ æма хузтæ ба дзæбæх зиннунцæ.

Сæргубур æма æдзæмæй лæуун. Мæ цæститæбæл рауадæй мæ цард еугурæйдæр, сауæнгæ сабийбонтæй нуриуæнгæ, фæстаг рæстæги гъезæмæрттæ.

– Дзенети цъæх кæрдæгæй æма уин Зæмзæми сауæдонæй уæ хай уæд. Хуæрзауодæн кæнетæ, – дзорун сабурæй.

Циртитæбæл мæ къох æрæвардтон æма тагъд-тагъдæй фæстæмæ раздахтæн.

– Рахуæцæ, Азæмæт!

Думгæ нæуæгæй ниццавта цæсгон. Фæстегæй райзадæнцæ гъæу æма уæлмæрдтæ дæр.

ЦÆЛИККАТИ Ахмæт (1882– 1928) финсæг, публицист