ЕВГЪУДÆН Æ НОМ Æ УÆЛЕ ÆЙ…
Евгъуд рæстæгути цаутæ æма хабæрттæ раййевæ-баййевæ кæнун æнгъезуй? Уæхæн фарста дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг Еугуруæрæсеуон центри æртасгутæ уæрæсейæгтæй кæмæ равардтонцæ, уонæн се ’мбесæй фулдæр (54%) куд нимайунцæ, уотемæй еци цаутæн æма хабæрттæн гъæуама еугæндзойнон аргъгонд цæуа æма рæстæгути цидæр хецæндзийнæдтæмæ гæсгæ рафæлхатæ-бафæлхатæ кæнун нæ гъæуй. Уой хæццæ 37% ба уотæ гъуди кæнунцæ, æма истори финсуни гъуддаг æй æнæфæууогæ гъуддаг, æма алли фæлтæрæн дæр разиннуй æхе цæстингас æма лæдæрундзийнадæ.
Æрфарст адæмæн сæ 90% куд загътонцæ, уотемæй син цæмæдесаг æй нæ бæсти истори. Уæлдай цæмæдесаг ба дзиллæн æй æма сæмæ уæлдай разæнгарддзийнадæ æвзурун кæнунцæ хуæрзæрæгий цаутæ æма хабæрттæ. Уомæ гæсгæ ба син евгъуд рæстæгутæмæ рабалци кæнуни равгæ ку уидæ, уæд си сæ фулдæремæн бæлдтагдæр æй XX æнос (29%). Идарддæр ба амунд цæунцæ XIX æма XVIII æностæ (16% æма 12%). Евгъуд дзаманти номдзуд архайгутæй ба сæмæ уæлдай нимади ’нцæ Петр Фиццаг (17%) æма Иосиф Сталин (15%). Уони цитгиндзийнадæ, адæми гъудимæ гæсгæ, уомæн бæрзонд æй, æма етæ арæхстæнцæ бæлвурд гъæугæ гъуддæгутæ тæккæ æнтæстгиндæрæй аразунмæ.
* * *
54 % – историон цаутæ æма хабæрттæн гъæуама аргъгонд цæуа еумæйаг хузи æнæ раййевæ-баййевæ кæнгæй
37% – историон цаутæ æма хабæрттæ еци еугæндзон хузи аргъгæнæн нæййес
9% – бæлвурдæй ести зæгъун нæй мæ бон