06 декабря 2025

«ХЪÆБÆР СÆРУСТУР УИ АН, НÆ ЗÆРДÆ УÆБÆЛ ДАРÆН!..»

06.12.2025 | 13:40

Дзæуæгигъæуи Анатолий Луначарскийи номхæссæг 5-аг гимназий азгъунст.

Уотæ загъта номдзуд революцион æма советон паддзахадон архайæг Анатолий Василийи фурт Луначарский, евгъуд æноси инсæйæймаг æнзти Цæгат Иристонмæ æ кустадон балций рæстæг фæллойнæгæнгути хæццæ фембæлдтити рæстæг. Æцæгæйдæр, хъæбæр æхцæуæн адтæй, нæ республики дзиллæ куд æновудæй хъазауат кæнунцæ нæуæг цардарæзти гъуддæгути. Æма син зæрдæ æвардта, сæ еци архайди син, ци гæнæн æма амал уа, уомæй агъазгонд ке цæудзæнæй.

Ауæхæн хабæртти туххæй нуртæкки рæстæгути, гъулæггагæн, уоййасæбæл койгонд нæбал цæуй. Советон цардарæзти фехæлди фæсте «нæуæг цардиуагæ аразгути» фудзундрахасти фудæй тобæгонд цудæй, еци доги хæццæ цидæриддæр баст адтæй, уонæбæл – хуарз æма си пайдахæссæг ци адтæй, уой не ’взаргæй. Сæ еци сæргъæндзийнади фæдбæл фæсмонтæ бæргæ кæнæн, фал…

Анатолий ЛУНАЧАРСКИЙ

Уотæ иронх кæнун байдæдтонцæ, адæми зæрдæхцæуæндæр цардарæзти сæрбæлтау рæстуодæй ка хъиамæт кодта, уони рохс нæмттæ дæр. Е дæр дин еума æведауцæ миуæ. Уомæн æма етæ нæ Фидибæстæн дæр æма фæллойнæгæнæг адæмæн дæр ци æгæрон хуæрзти бацудæнцæ, уомæ гæсгæ си гъæуама æностæмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ боз æма арфиаг уæн. Уонæй еу – Анатолий Луначарский.

Бæлвурдæй Анатолий Луначарскийи абони уомæ гæсгæ имисæн, æма æрæги 23 ноябри æ райгурдбæл исæнхæст æй дæс æма авдинсæй анзи (1875-1929).

Советон цардарæзти райдайæни иссæй нæуæг паддзахади нæуæг Уæрæсей хецаудзийнади разамонгутæй еу – 1917 анзæй ба 1929 анзи уæнгæ адтæй УСФСР-и ахуради фиццаг адæмон комиссар. Уæди рæстæги уæлдай хъæбæрдæр архайд цудæй адæмон хæдзарадон райрæзти фарстатæбæл. Æма е лæдæрд адтæй, фал уой хæццæ ба ма лæдæрд адтæй е дæр, æма еци гъуддаги тæккæ устурдæр цæлхдор ке адтæй фæллойнæгæнгути ’хсæн æгæрæй-æгæрдæр æнахургонддзийнадæ.

Уомæ гæсгæ хецауадæ гъæддухæй архайдтонцæ адæми рохсадон-культурон ирæзти гъуддаг тæккæ ахедгæдæр хузи райаразунбæл. Уобæл уæлдай зæрдиагæй куста Луначарский. Е ахид цудæй бæсти алли рауæнтæмæ, цæмæй æхе цæститæй фæууина, партион æма советон разамонгутæ ахурадæ æма культури ирæзти фарстатæ бунæтти куд лух кæнунцæ. Æма 1926 анзи фæззæги А.В. Луначарский æрцудæй Владикавказмæ. Æ цуди сæр адтæй культурон-рохсадон организацити куст лæмбунæгдæр базонун æма исбæлвурд кæнун. Æ зæрди адтæй, Цæгат Кавкази бæстæзонæн институти, индустрион техникуми æма  гъæууонхæдзарадон институти кусти хабæрттæмæ бæлвурддæр æркæсун. Æ зæрди адтæй  аци уæлдæр ахургæнæндæнтти разамонгутæ æма косгути, уæдта ахурдзаути хæццæ фембæлун.

Уомæй уæлдай æй фæууинун фæндадтæй Владикавкази Трек (нур Хетæгкати Къостай номбæл фæлладуадзæн парк). Уой кой ин ракодта е ’мтохгæнæг номдзуд Феликс Дзержинскийи фурт Ян.

Газет «Власть труда»-й уацхæссæги хæццæ дзубанди кæнгæй, Луначарский сæрмагондæй уой баханхæ кодта, æма Советон хецауадæ хъæбæр лæмбунæгæй æ гъос ке даруй адæми ахуради ирæзти гъуддагмæ. Сæ еци дзубандий рæстæг ма рохсади комиссар зæрдæ байвардта уомæй дæр, æма сахар Владикавкази театри æма клубти æвдист ке цæудзæнæнцæ аййевадон æма идейон æгъдауæй хуæрзгъæдæ кинонивтæ.

Газеткæсгутæн зæрдиагæй саламтæ ратгæй, Луначарский ма загъта: «Фæндуй мæ, цæмæй Владикавказ лæггадæ кæна еугур Кавказæн дæр. Владикавказ культури зингæ центр æй, уомæ гæсгæ ами гъæуама уæлдай æнтæстгинæй архайуонцæ æ алфамбулай хуæнхон адæмти ахуради ирæзтбæл. Еци куст хузæнон æвæрд ку уа, уæд хъæбæр фæййагъаз уодзæнæй сахарæн æхе культури ирæзтæн дæр…»

Æ балций рæстæг, 7 сентябри Луначарский бабæрæг кодта  гъæууонхæдзарадон институт. Ами ибæл хъæбæр бацийнæ кодтонцæ студенттæ æма ахургæнгутæ. Сæ кадгин иуазæгæн радзурдтонцæ институти туххæй, фæууинун ин кодтонцæ аудиторитæ æма лабораторитæ, фæлварæн будуртæ æма хумгæндтитæ. Луначарскийи зæрдæмæ хъæбæр фæццудæй, аци ахургæнæндони ахуради æма наукон гъуддæгутæ куд æвæрд æнцæ, е.  Уæлдай фулдæр бацийнæ кодта, ахургæнгутæ æма студенттæ сæхе къохтæй ци прибортæ исаразтонцæ, уонæбæл. Ахургæнгутæ боц иуазæгæн балæвар кодтонцæ нæ национ уадзимистæ. Гъæууонхæдзарадон уæлдæр скъолай косгути фæллæнттæн комиссар искодта устур аргъ, загъта, ахурадон æма гъомбæладон кусти уавæр агъаз уодзæнæй хуæнхаг адæмти царди æма зæнхи кусти культурæ дæр хуæздæр кæнунæн.

Луначарскийæн фембæлд адтæй 5-аг скъолай дæр. Сахари ахургæнгути номæй ин зæрдиагæй арфитæ кæнгæй, фусунтæ загътонцæ, устур æхцæуæн син ке æй адæмон ахуради комиссари хæццæ фембæлд. Иуазæг ахургæнгутæй ракурдта устур хатир, аци хатт ин фагæ рæстæг ке нæййес сæ кусти хæццæ кæрæй-кæронмæ лæмбунæгдæр базонгæ унæн. Зæрдæ син байвардта, тагъд рæстæги бабæй ке уодзæнæй Иристони æма уæд искæндзæнæй лæмбунæг доклад адæмон ахуради кусти фарстати фæдбæл.

Аци скъолай уогæй А.В. Луначарский æ радзубандий байамудта, зæгъгæ, парти æма хецауадæ сæ гъос лæмбунæг дарунцæ ахургæнæги кустмæ: «Нуртæккæ бæсти берæ тухстдзийнæдтæ  æма нæхъæртондзийнæдтæ ес æма нæма ’й нæ бон ахургæнгути цардиуагæ цæхгæрмæ фæххуæздæр кæнун. Уæддæр гæнæн ес, æма хæстæгдæр рæстæги скъолати косгутæн сæ миздбæл бафтуйдзæнæй. Аци фарстамæ никки лæмбунæгдæр гъосдард цæудзæнæй. Мах сæрустур ан сумахæй æма уæбæл нæ зæрдæ хъæбæр дарæн. Уæ куст агъаззаг æй адæми талингæй рохсмæ ракæнунæн. Уæлдайдæр мæ зæгъун фæндуй уой, æма ами, Кавкази адæмти ’хсæн ахурадæ æма рохсади ирæзт уæлдай ахедгæдæр ке фæууодзæнæй Искæсæни адæми еугур зундирахастбæл. Етæ сæхе цæститæй фæууиндзæнæнцæ Коммунистон партий æма Советон хецауади зæрдиаг архайд фæллойнæгæнæг дзиллити царди уавæртæ фæххуæздæр кæнунбæл…»

Адæмон ахуради комиссар æ дзубанди ку фæцæй, уæд фусунтæ загътонцæ, хъæбæр зæрдиагæй сæ ке фæндуй, цæмæй 5-аг скъола хæсса Луначарскийи ном.  Фембæлдмæ ’рцæуæг адæм устур разæнгардæй исæмбалдæнцæ еци фæндонбæл. Æма уæдæй нурмæ скъола (нур хуннуй гимнази) кади хæццæ хæссуй зундгонд революцонер æма советон паддзахади зингæ архайæги ном.

Луначарский ма фембалдæй ирон педагогон техникуми æхсæнади хæццæ дæр. Ами лæмбунæг базонгæ ’й ахури уавæрти хæццæ. Фарста фæсевæди гъомбæлади, сæ социалон уавæрти туххæй, базонгæ ’й æригон рохситаугути фиццаг рауагъди æнтæстдзийнæдти хæццæ.  Техникуми ахургæнгутæ кадгин иуазæгæн радзурдтонцæ сæ ахури æма сæ царди уавæрти, ахурдзаути стипенди фагæ ке нæй, уони туххæй.

Адæмон ахуради комиссар æ дзубандий байамудта, зæгъгæ, парти æма хецауадæ сæ гъос лæмбунæг ке дарунцæ Иристони педагогон техникуми кустмæ, уомæн æма ами гъомбæлгонд цæуй адæмон ахургæнæг, рохситауæг. Комиссар зæрдæ байвардта, гæнæн ци уа, уомæй ке агъаз кæндзæнæй техникуми ирæзтæн.

Луначарскийæн бæстæзонæн институти косгути хæццæ (аци институт фæстæдæр æййивд æрцудæй Ростовмæ)  ци фембæлд адтæй, уой рæстæги уоми косгутæ кадгин иуазæгæн равдистонцæ берæ экспонаттæ. Уони хæццæ  устур уруссаг финсæг М.Ю. Лермонтови къохфинститæ дæр. Анатолий Василийи фурт зæрдиагæй райарфæ кодта институти косгутæн, сæ фæрнæйдзаг фæллойнæй адæмти ’хсæн лимæндзийнади гъуддæгутæ ке парахат кæнунцæ, уой туххæй.

Еци фембæлти фæсте кадгин иуазæг сахари ахуради косгути, мæхъæлон адæми минæвæртти хæццæ рараст æй Балтамæ. Ами ’й базонун фæндадтæй мæхъæлон скъолай ахурдзаути уавæр. Скъолай фадуæттæ банимадта хуарзбæл, æ зæрдæмæ фæццудæнцæ кæдзос æма райдзаст кълæстæ, хуæрзæфснайд косæн бунæттæ. Е байамудта, зæгъгæ, аци менеугутæн ес устур ахедундзийнадæ национ скъолай архайд æма райрæзти гъуддаги.

Арвикоми хæццæ базонгæ уни фæсте Луначарский бацудæй Владикавкази Трекмæ. Хъæбæр фæццудæй æ зæрдæмæ, дестæ ибæл кæнгæй, загъта: «Дессаги рæсугъд бунат, раст цума аргъауæй ист æй, уотæ. Владикавказ гъæуама сæрустур уа æ Трекæй…» Еци бон А.В. Луначарскийæн облæсти æма сахари разамонгути хæццæ ци фембæлд адтæй, уоми лæмбунгæй æрдзубанди кодта рæстæги ахсгиаг фарстатæ æма сæ гъæугæ хузи райаразуни равгитæ æма фадуæтти фæдбæл. Æ балций рæстæг рохсади комиссар  уруссаг театри бакастæй лекци «Цардиуагæ еумæ райсгæй æма бийнонтæ». Уой фæсте æфсæнвæндаги косгути клуби хæццæ фембалдæй сахари  фæллойнæгæнгути хæццæ. Уоми искодта доклад Советон Цæдеси дуйнеуон уавæри туххæй.

Дзæуæгигъæуи цæргутæ хъæбæр бауарзтонцæ зундгонд революционери, партий æма советон паддзахади зингæ архайæг А.В. Луначарскийи. Нæ сахармæ е ’рцуд устур агъаз адтæй ахуради æма рохсади ирæзтæн.

ЦИБИРТИ Герлик (1940-2025), историон наукити кандидат.