АРХИВОН СЛУЖБИ ÆНÆКЪУЛУМПИ АРХАЙДÆН
Цæгат Иристони Хецауади Сæрдар ТУСКЪАТИ Тайморазæн видеоконференций бастдзийнади фæрци фембæлд адтæй Цæгат Иристон-Аланий Архивон служби разамонæг ТЕБИАТИ Елени хæццæ.
Аци цау ахсгиаг æй дууæ гъуддагемæ гæсгæ. Еуемæй еци фембæлд арæзт æрцудæй аци къабази косгути профессионалон бæрæгбони хуæдразмæ – куд зундгонд æй, уотемæй 10 мартъий бæрæггонд фæццæуй архиви Бон.
Бæрæгбонæн ба еци бон уомæ гæсгæ æвзурст æрцудæй, æма 1720 анзи 28 феврали (нæуæг нимадмæ гæсгæ – 10 мартъий) паддзах Петр I бафинста Уæрæсей фиццаг паддзахадон акт – «Генералон регламент кенæ Устав». Еци акт исбæлвурд кодта паддзахадон разамунд дæттуни бундортæ, уæдта байхæс кодта хецауади паддзахадон еугур къабæзти дæр исаразун архивтæ æма актуариуси (архивариуси) паддзахадон бунат, кæци ихæсгин адтæй «письма прилежно собрать, оными реестры чинить, листы перемечивать…»
Абони архивти косгути архайд документтæмæ гæсгæ, айдагъдæр архивон справкитæ дæттунæй нæ хецæн кæнуй. Етæ ма архайунцæ берæ аллихузон исфæлдистадон гъуддæгути.
Зæгъæн, рауагъдадон проектти, документалон æрмæгути бундорбæл аразунцæ равдиститæ, се ‘рмæгутæ мухургонд цæунцæ дзиллон хабархæссæг фæрæзнити æма берæ æндæр аллихузон мадзæлтти. Сæ еци архайдæн æ ахедундзийнадæ агъазиау æй – уой фæрци бæрзонддæр кæнуй дзилли уодварнон культурæ, лæмбунæгдæр кæнуй еугур фæлтæрти цæстдард евгъуд дзаманти хабæрттæмæ.
Еци архайди ахсгиагдзийнадæ нимайгæй, нæ республики разамунд еудадзугдæр лæмбунæг цæстингас даруй нæ Архивон служби фарстатæмæ, кæми сæ ци агъаз гъæуй, уомæй сæмæ фæккæсуй.
Уомæн æвдесæн, мæнæ æрæги Цæгат Иристони Хецауади Сæрдар Тускъати Тайморазæн нæ республики Архивон служби разамонæг Тебиати Елени хæццæ ци фембæлд адтæй, е дæр.
Фембæлди архайгутæ æрдзурдтонцæ Архивон служби æнæкъулумпи архайди фарстатæбæл.
Тебиати Еленæ куд радзурдта, уотемæй республики Хецауади еудадзугон агъази фæрци паддзахадон архивти кусти фæткæ зингæ фæннивæбæлдæр æй. Уой хæццæ, архивти бæстихæйтти фæстаг æнзти зингæ цалцæггæнæн куститæ арæзт ке ‘рцудæй, уой фæрци ахсгиаг историон гæгъæдитæ æфснайуни архайд æнаййепдæр кæнуй.
– Нæ адæм æма республики истори, культурæ æма царди иннæ къабæзти райрæзт æвдесæг æрмæгутæ багъæуай кæнун, федæни фæлтæртæмæ сæ æнæгъигæдардæй бахъæртун кæнун – етæ ‘нцæ Цæгат Иристони Архивон служби сæйрагдæр ихæстæ. Æма еци вазуггин кусти уодзæнæй еудадзугон паддзахадон цæстдард, – фæббæрæг кодта Тускъати Таймораз.
Фембæлди рæстæг загъд куд адтæй, уотемæй хæстæгдæр рæстæг райдайдзæнæй РЦИ-Аланий Центрон паддзахадон архиви нæуæг бæстихаййи арæзтадæ. Проектмæ гæсгæ еумæйаг фæзуат уодзæнæй 4,5 мин квадратон метремæй фулдæр. Уоми бафснайæн уодзæнæй аллихузон 850 ахсгиаг гæгъæдитæй фулдæр. Уой хæццæ, нæуæг архиви æфснайæнтæ фагæ уодзæнæнцæ хæстæгдæр 40-50 анземæн.
Тебиати Елени дзубандимæ гæсгæ, Архивон служби кустбæл хуарзæрдæмæ зиннунцæ нуриккон информацион технологитæ дæр. Уони фæрци лæмбунæгдæр æнхæстгонд цæунцæ, еугурвæрсуг архивон бæрæггæнæнтæ ке багъæуй, еци ахургæндти, уæдта æнæгъæнæ организацити курдиадитæ дæр. Служби разамонæг е ‘ргом раздахта, паддзахадон архивти специалисттæ фæсевæди патриотон гъомбæлади куд архайунцæ, циуавæр рохситауæн мадзæлттæ аразунцæ, уонæмæ дæр.
Уæлдæр амунд фарстатæбæл дзоргæй, Хецауади Сæрдар Архивон служби разамундæн байхæс кодта, цæмæй еудадзуг дæр æнгомдæр кæнонцæ се ‘мгустадæ Национ рахастдзийнæдти фарстати фæткæбæл, Культурæ æма Ахурадæ æма науки министрадти хæццæ, уæлдæр ахургæнæндæнтти хæццæ. Уой фæрци ахедгæдæр хузи пайдагонд цæудзæнæй гъæздуг историон æрмæгутæй ирæзгæ фæлтæри патриотон гъомбæладæ æма ахуради фарстати.
Еума цийнаг хабар дæр баст æй нæ республики Архивон служби архайди хæццæ. Уой туххæй æрмæг кæсетæ 3-аг фарсбæл.