03 декабря 2024

БАБО ӔМА БАГА

24.03.2021 | 16:23

ДРЕТИ Тæтæри, (1918-2014)

Къумӕллӕгкати Бабо ӕма Сугъарати Бага цардӕнцӕ Будури Дӕргъӕвси. Цардӕнцӕ еу мади зӕнӕги хузӕн, ӕнӕ кӕрӕдземӕй берӕ рӕстӕг нӕ фӕразтонцӕ. Бабо цардӕй гъӕуи кӕронмӕ хӕстӕг, Кӕсӕги арӕнтӕй 400-500 метрей бӕрцӕ. Адтӕй ин кӕсгон лимӕнтӕ – кӕнгӕ ӕнсувӕртӕ. Кӕсгон ӕвзагбӕл дзурдта кӕсӕгӕн сӕхецӕй хуӕздӕр. Е ‘рдхуӕрдтӕ адтӕнцӕ ездӕнттӕй, номдзуд ӕма дзурддзӕугӕ лӕгтӕ. Бабо Дӕргъӕвси цӕргути ӕхсӕн нимад адтӕй кадгин ӕма ӕгъдаугин лӕгбӕл. Ӕ кӕсгон ӕрдхуӕрдти ӕхсӕн дӕр адтӕй кадгин ӕма ӕууӕнккин. Хуӕздӕр ӕма ин фулдӕр ӕрдхуӕрдтӕ адтӕй Хатути ӕма Хъогъалухъти гъӕути. Ӕ дзурдӕн ин аргъ кодтонцӕ, раст цума сӕхе гъӕути хестӕртӕй адтӕй, уотӕ. Кӕсгон ӕрдхуӕрдти цӕсти куд кадгин ӕма нимади адтӕй, уой туххӕй ӕрхӕсдзӕнӕн ӕцӕг цаутӕ.

Еууӕхӕни Бага рандӕ ‘й Кӕсӕги ӕхгӕд гъӕдӕмӕ сог ласунмӕ. Фӕндадтӕй ӕй хуарз, ӕмраст тала фатхъӕдӕ сог ӕрласун. Тала фатхъӕдӕ калун ку райдӕдта, уӕд фӕрӕти къупп-къупмӕ ӕ уӕлгъос ӕрлӕудтӕнцӕ дууӕ гъӕдгӕси саргъи бӕхтӕбӕл. Бага балӕдӕрдтӕй, гъуддаг хуарзмӕ ке нӕ цӕудзӕнӕй, уой. Ӕмраст ӕрлӕудтӕй, ӕ къохтӕ дуа есӕгай райвардта ӕма гъӕдгӕсӕн фегъосун кодта:

– Хатир… Уӕллӕхи-биллӕхи, Бабо умер, дрова туда надо…

Кӕсгон гъӕдгӕстӕ, еци хабар райгъосгӕй, мӕтъӕл каст бакодтонцӕ Багамӕ, сӕ бӕхтӕй ӕрфестӕг ӕнцӕ ӕма, сӕ къохтӕ райвардтонцӕ дуа есӕгай ӕма ин загътонцӕ:

– Рубите хорошие дрова.

Еци дзурдти фӕсте гъӕдгӕстӕ раздахтӕнцӕ ӕма Хатути гъӕуи Бабой кӕнгӕ ӕнсувӕртӕн фегъосун кодтонцӕ. Бабо «рамардӕй», зӕгъгӕ. Уӕхӕн хабари фӕсте е ‘рдхуӕрдтӕ ӕрбамбурд ӕнцӕ ӕма Дӕргъӕвсмӕ  исхъӕрдтӕнцӕ Бобой зианмӕ. Гъӕуи бунмӕ ку исхъӕрдтӕнцӕ, уӕд Бабой тургъи дуармӕ адӕм ку нӕ разиндтӕй, уӕд «мӕрддзогойни» адӕм фӕдузӕрдуг ӕнцӕ ӕма загътонцӕ:

– Уӕллӕхи, Бабо ку рамардайдӕ, уӕд ӕ тургъи дуармӕ берӕ адӕм адтайдӕ.

Се ’мбӕлтти ниууагътонцӕ гъӕуи кӕрони, сӕхуӕдтӕ иссудӕнцӕ Бабой хӕдзарӕмӕ. Сӕ еу тургъи дуар ӕхси гъӕдӕй бахуаста. Дуари хуастмӕ Бабо ракастӕй. Кӕсгон «мӕрддзогойнӕ» къехӕй кӕсгӕй байзайдӕнцӕ. Бабо ба ӕ фурцийнӕй тургъи дуар урухдӕр байгон кодта. Ӕрдхуӕрдти иссуд ку балӕдӕрдтӕй Бабо, уӕд сӕ медӕмӕ бахудта. «Мӕрддзогойни» хестӕртӕ сӕ кӕстӕрти фӕстӕмӕ сӕхемӕ рарвистонцӕ. Хестӕртӕн косарт ракодта Бабо, ӕнӕ дузӕрдугӕй балӕдӕрдтӕй, аци «мӕрддзогойни» хабар Бага ке исаразта, уой. Фӕдздзурдта сӕ синхаг кӕстӕр Блиати Къостанмӕ ӕма ин бафӕдзахста: «Цо, мӕ хор, уӕртӕ кӕсгони хӕццӕ бричкӕй ӕма Багай бийнойнаг Дзигитӕн зӕгъӕ: «Бага уотӕ зӕгъуй, арахъи боцикъа, дан, Къостанӕй рарветӕ». Къостан Бабой  фӕдзӕхст исӕмбӕлун кодта Дзигитбӕл. Дзигит уӕлдай неци загъта. Къостан ӕма кӕсгон боцикъа исистонцӕ бричкӕмӕ ӕма ‘й Бабой хӕдзарӕмӕ ӕрбамедӕг кодтонцӕ.

Цубур дзурдӕй, Бабо ӕ кӕсгон ӕрдхуӕрдтӕн исаразта ӕнӕнгъӕлти нӕртон кувд. Бадунцӕ нард фингитӕбӕл, кӕрӕдземӕн кувтонцӕ, цӕмӕй се ‘нсувӕрдзийнадӕ никкидӕр ма хъаурӕгиндӕр уа ӕма сӕ кӕстӕртӕ дӕр уони фӕнзгӕй, цӕронцӕ ӕностӕмӕ ӕнсувӕрти хузӕн.  Изӕрӕрдӕмӕ Бага гъӕдӕй топпи фати хузӕн ӕмраст фатхъӕдӕ согтӕ бричкидзаг ӕрбахъӕртун кодта сӕхемӕ. Бричкӕ раревӕд кодта, ӕхе ракӕдзостӕ кодта ӕма е ’фсийнӕмӕ дзоруй:

– Гъӕйдӕ, еу арахъ радавӕ ӕма ӕз аци бӕхти сӕ бунатбӕл исӕмбӕлун кӕнон.

Дзигит ӕфсӕрмихузӕй фудгини каст кӕнгӕй, дзуапп равардта, боцикъа абони Къостанӕн Баботӕмӕ ку фӕлласун кодтай, зӕгъгӕ, Уомӕй уӕлдай ӕндӕр дзурд не ’рцудӕй. Бага уӕхӕн дзуаппи фӕсте балӕдӕрдтӕй, ӕ арахъи боцикъа Бабой «мӕрддзогойни» амӕттаг ке бацӕй, уой. Ӕхе рарӕвдзитӕ кодта ӕма ӕ бийнойнагмӕ дзоруй:

– Цӕуон ӕма си мӕхуӕдӕг дӕр раковон Хуцаумӕ.

Бабо куддӕр Багай цӕрӕнбони туххӕй седт рауагъта, уотӕ Бага дӕр дуари къӕсӕрӕй бахизтӕй. Мӕрддзогойнӕ адӕмӕн ӕгасцотӕ загъта, сӕ къохтӕ син райста, сӕ ниуазӕн син баниуазта ӕма син игъӕлдзӕг дзубанди байеудагъ ӕй. Кӕсгон иуазгутӕ Бабо ӕма Багай цӕрӕнбони туххӕй сӕрмагонд седт рауагътонцӕ.

Ӕхсӕвӕй-бонмӕ седтитӕ фӕууагътонцӕ лимӕндзийнадӕ ӕма хӕлардзийнади туххӕй. Сӕумӕй фингитӕй исистадӕнцӕ, берӕ хуарз арфитӕ фӕккодтонцӕ кӕрӕдземӕн ӕма кӕсгон иуазгути рафӕндараст кодтонцӕ сӕ фӕрнӕйдзаг хӕдзӕрттӕмӕ.

Дӕргъӕвси цӕрӕг адӕм рагӕйдӕр цардӕнцӕ ӕма нур дӕр цӕрунцӕ хӕларӕй сӕ синхаг кӕсгон гъӕути цӕргути хӕццӕ. Нӕ фидтӕлтӕмӕ уӕхӕн нӕ разиндтайдӕ, кӕсгон ӕрдхуард кӕмӕн нӕ адтӕй. Етӕ адтӕнцӕ Фидарати Мӕхӕмӕт, Галот, Михаил, Аслӕнбег ӕма Ханджери, Блиати Бцел, Дзарасати Абеци, Ацци, Баймӕтати Батир. Мӕ фиди фидӕ Бибойӕн адтӕй, ӕнсувӕри цард ке хӕццӕ кодта, уӕхӕн ӕрдхуард Саугонов Хамзат. Мӕ фидӕ Геналдухъо дӕр Хамзати хӕццӕ фӕццардӕй хӕларӕй, ӕз дӕр ма ‘й ӕрӕййафтон. Сӕ еугурей нӕ фӕннимайдзинан. Еци хӕлардзийнадӕн ес бундорон рагон ӕма нуриккон ӕвдесӕнтӕ.

Фидарати Мӕхӕмӕти кизгӕ Фаткайӕн адтӕй кӕсгон лӕг. Бӕдтиати Аццейӕн ба кӕсгон бийнойнаг – ӕ ном Госпагӕ, зӕгъгӕ. Цъӕхилти Знаргъӕн дӕр адтӕй кӕсгон лӕг, Дрети Гришӕн, Фидарати Шамилӕн сӕ бийнонтӕ ӕнцӕ кӕсгон кизгуттӕ. Мӕнӕн мӕ хуӕрӕ Комунарӕ ӕма Цъӕхилти Зоя дӕр сӕ цард исбастонцӕ кӕсгон лӕхъуӕнти хӕццӕ. Мадта Фидарати Заурбегӕн ба ӕ киндзӕ ӕй кӕсгон кизгӕ. Нуртӕккӕ дӕр Дӕргъӕвси цӕргутӕй беретӕн ес кӕсгон ӕрдхуӕрдтӕ. Уони хӕццӕ цӕрунцӕ хӕларӕй, цӕнхӕ ӕма кӕрдзин не ’вгъау кӕнунцӕ. Зӕгъӕн, Фидарати Фидарухъо, Заурбег, Баймӕтати Марат, Дзуццати Хъамболат, Дрети Сергей ӕма никки беретӕн. Нур уотӕ зӕгъӕн дӕр ес, ӕма Дӕргъӕвси цӕргутӕ кӕсгон гъӕутӕ Хатути ӕма Хъогъалухъти цӕргути хӕццӕ фидтӕлтӕй  нурмӕ хӕларӕй ке цӕрунцӕ, уой фӕрци Ирӕфи (Цӕгат Иристон) ӕма Урвани (Кӕсӕг-Балхъар) районти цӕргути хӕлардзийнадӕ федарӕй-федарӕй  кӕнуй. Уомӕн ес бундорон ӕвдесӕнтӕ.

Дууӕ райони цӕргутӕ ахид исӕмбӕлунцӕ ӕма сӕ бӕрӕгбӕнттӕ еумӕ ӕрветунцӕ. Аци анз дӕр бабӕй Уӕлахези бони кадӕн Дӕргъӕвси гъӕуи бунмӕ, Ирӕфи билӕбӕл ӕрдзи гъӕбеси, дууӕ районей цӕргутӕ ӕрӕмбурд ӕнцӕ ӕма исаразтонцӕ еумӕйаг бӕрӕгбон. Ӕрбахудтонцӕ имӕ Кирови райони гъӕу Ирани цӕргутӕй дӕр. Уонӕн дӕр кӕсгон гъӕути цӕргутӕй ес берӕ ӕрдхуӕрдтӕ. Бӕрӕгбони кадӕн исаразтонцӕ аллихузон спортивон еристӕ, никки ма кафунӕй ӕма зарунӕй дӕр ӕвзурстонцӕ сӕ арӕхстдзийнӕдтӕ. Дууӕ райони хестӕртӕ кӕрӕдземӕн кувтонцӕ, цӕмӕй сӕ кӕстӕрти хӕлардзийнадӕ ӕма уарзондзийнадӕ кӕна хъаурӕгиндӕр ӕма федардӕр.

Будури Дӕргъӕвси цӕргутӕ Хонхи Дӕргъӕвсӕй ку ралигъдӕнцӕ, уӕд нур кӕми цӕрунцӕ, еци зӕнхитӕ балхӕдтонцӕ кӕсгон гъӕздуг Хатути лӕгӕй. Гъӕу Старый Урух дӕр уони муггагӕй хонунцӕ Хатути гъӕу. Уӕди рӕстӕги райдӕдтонцӕ Дӕргъӕвси цӕргутӕ кӕсгон ӕрдхуӕрдтӕ кӕнун. Уотӕ дзурдтонцӕ нӕ гъӕуи хестӕртӕ.

Адӕймаг райгуруй цӕрунмӕ ӕма гъӕуама алли адӕмихатти  хӕццӕ дӕр цӕра хӕларӕй, игъӕлдзӕгӕй, кӕрӕдзей лӕдӕргӕй. Мӕнбӕл цӕуй 73 анзи ӕма нӕдӕр ахур кӕнгӕй, нӕдӕр ӕфсади рӕнгъити, тугъди будурти ӕма никки кусти медӕгӕ, не ’взурстан нацитӕ, цардан ӕнсувӕрти хузӕн. Цӕмӕн ни феронх ӕй алли адӕмти ‘хсӕн  дӕр ке ес хӕстӕгдзийнадӕ, уӕд куд цӕрдзӕнӕнцӕ ӕма цӕудзӕнӕнцӕ кӕрӕдземӕ сиӕхстӕ, киндзитӕ ӕма хуӕрифурттӕ? Гӕрр, нӕбал лӕдӕрӕн нӕ тог, не ’стӕг, ци кодтан ӕма ке фудӕй кӕсӕн кӕрӕдземӕ топпи кӕсӕнӕй?

1991 анз.