21 ноября 2024

СОЦИАЛОН ХИЗТÆЙ УÆХЕ ГЪÆУАЙ КÆНЕТÆ

31.03.2021 | 20:53

Цард куд цæуй, уотæ æхе домæнтæ, нæуæгдзийнæдтæ æма æййивддзийнæдтæ хæссуй. Æма интернетæй, æнæ дзиппидаргæ телефонæй, æвæдзи, нæбал бафæраздзинан еу бон дæр.

Хестæрæй-кæстæрæй – еугурæйдæр бахаудтан  интернети тугъдади уацари. Пайда куд æй, уотæ си æнæгъæугæ фидбилизхæссæг, ардауæн дзубандитæ дæр ахид фæууй.

Æма цæмæй ирæзгæ фæлтæр арæхстгай, хуарз æма лæгъуз ци æй, уой лæдæргæй архайуонцæ социалон хизти, уобæл архайунцæ Дигори райони æнагъомти гъуддæгути фæдбæл инспекций косгутæ. Ахид æмбæлунцæ скъолати ахурдзаути хæццæ, еугур дуйнебæл ка рахæлеу æй, еци хизæгæй раст пайда кæнун син амонунцæ.

Хестæркъласонтæ гъæуама зононцæ, Уæрæсей закъонмæ гæсгæ не ‘нгъезуй адæмти ‘хсæн буцæудзийнадæмæ, терроризм кенæ экстремизммæ кæми седунцæ, уæхæн æрмæгутæ парахат кæнун.

Уой хæццæ, хузиститæ, аудио кенæ видеоигъосункæнуйнæгтæ, тамаку, карз ниуæзтæ дæр закъони нихмæ ‘нцæ. Аци гъуддаги ахургæнгутæ æма ниййергутæ гъæуама еузæрдиуон уонцæ.