03 декабря 2024

Ӕрфитӕ БАЙТИ-ТОХСУРТИ Руслани кизгӕ Элинӕн

01.09.2020 | 09:41

Ахургæнæги хори цæдесон фæххонунцæ. Уомæн æма е хори туни хузæн батавуй, зонундзийнæдти устур галауани дуæрттæ кæмæн байгон кæнунцæ, еци скъоладзаути. Етæ рабалци кæнунцæ, адæймаг царди нæдтæбæл цæй фæрци æрлæудзæнæй, еци зонундзийнæдти дуйнемæ. Кæстæрти раз ибæл ци арфæйаг ихæс æвæрд ес, уой хуарз лæдæруй нæ дзæбæх киндзæ æма бийнойнаг Байти – Тохсурти Элинæ. Е аци анз æнтæстгинæй каст фæцæй Хетæгкати Къостай номбæл Цæгат Иристони Паддза-хадон университет педагогики æма психологийи факультет. Аци ахури анзæй райдайдзæнæй æ балци рохс тауни надбæл, куд райдайæн кълæсти ахургæнæг, уотæ Дзæуæгигъæуи 50-аг астæуккаг скъолай. Ахургæнæг скъоладзауæн æ дуккаг мадæ ’й, фæззæгъунцæ.
Элинæ, нæ зæрдæ дин зæгъуй, ци хори хузæн сабийти размæ æрлæууай, уонæн де ’гъдауæй, арф æма берæвæрсуг зонундзийнæдтæй, зæрди уозæлгæ уодикондæй æцæгæйдæр дуккаг мади адæ куд искæнай. Де скъоладзаути цийнæ æма цæстити цæхæр ба дæбæл разæнгардгæнæн базуртæ куд садза, æма дæ арфæйаг кусти къæпхæнгай, еу æнтæстæй иннемæ сæрустурæй куд цæуай, уой дин нæ цæстæ уарзуй.
Нæ уарзон Элинæ! Кæстæрти зæрдити рохс тауни надбæл хуæздæр æнтæститæ ке къохи бафтудæй, уони æмбал дæ Хуцау æма Мади Майрæм фæккæнæнтæ! Дæ дæсниади ци æнтæстдзийнæдтæ ’вдесай, уонæй Тохсуртæ æма Байтæн сæрустурдзийнади хуасæ куд уай, дæ кустамонди нади æнтæстдзийнæдтæн ба мах хуарз æвдесæнтæ куд уæн, еци хуарзæнхæ дæ бийнонти, хæстæгути æма къабæзти уæд!

Аци арфитæ Элинæн кæнунцæ æ уарзон хеуæнттæ.