28 апреля 2024

НАМУСИ ДЗÆХÆРАДОНÆ –БÆГЪАТÆР ТУГЪДОНИ НОМБÆЛ

22.04.2021 | 20:26

Аци бæнтти фæуунтæбæл æй Еугуруæрæсеуон сæрмагонд мадзал – нæ бæсти еугур рауæнти дæр сагъд цудæнцæ Устур Фидибæстон тугъди бæгъатæрти номерæн дзæхæрадæнттæ.

Уæхæн дзæхæрадонæ æрæги фæззиндтæй Чиколай дæр – се ‘мгъæуккаг Советон Цæдеси Бæгъатæр Махъоти Амурхани фурт Алихани номбæл, си сагъд æрцудæй сурх толдзи 3400 талай.

Аци дзæхæрадони ахедундзийнадæ уæлдай бæрзонд æй: арæзт æрцудæй немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй Цæгат Иристон исуæгъдæ кæнуни тугъдтитæ кæми цудæнцæ æма си Махъой-фурт кæми архайдта, раст уоми. Уæдта еума æримисуйнаг хабар – мартъий исæнхæст æй дууинсæй анзи, Махъоти Алихан æ уæлзæнхон цардæй ку рахецæн æй, уобæл (1981 анзи мартъий мæйи). Æхуæдæг куд ниууосиат кодта, уотæ ‘й байвардтонцæ, Чиколай алфамбулай тугъдтити æ тугъдон æмбæлттæй ка фæммард æй, уони ци Æнсувæрон цирти байвардтонцæ, уоми – æ райгурæн гъæуи хорискæсæни ‘рдигæй уæлбилæ Æнсувæрон уæлмæрдти.

Махъоти Алихани рохс ном иронх нæй е ‘мзæнхонтæй – æ ном лæвæрд æрцудæй Чиколай гъæунгтæй еуемæн, уæдта æ рæстæги ами ци скъола каст фæцæй, уомæн дæр. Амæйфæстæмæ ба ма æ райгурæн зæнхæбæл деденæг калдзæнæй æ номбæл дзæхæрадонæ.

Махъоти Алихани туххæй æрмæг кæсетæ 4-5-аг фæрстæбæл.