Æ ТОХ АДТÆЙ АДÆМИ АМОНДБÆЛ!..
28.04.2021 | 17:32
Искурдиадæгин финсæг æма публицист, историк æма экономист Цæголти Аслæнгерийи (Михаили) фурт Геуæргий райгурдбæл 22 апърели исæнхæст æй дæс æма авдинсæй анзи (1871-1939).
Цæголти Геуæрги æ берæвæрсуг исфæлдистадæй фæгъгъæздугдæр кодта куд Иристони, уотæ Кавкази иннæ адæмихæттити культурæ, хуæрзæрдæмæ фæззиндтæй ами революцион-демократон гъудий райрæзтбæл, фæллойнæгæнгути зундирахаст разæнгард кодта сæ бартæбæл тохмæ. Кæд æхе цард берæ цæмæйдæрти гъезæмайраг рауадæй, уæддæр æ зæрдæ ба рохс адтæй, æгайтима, æ бон ци адтæй, уомæй æ уарзон адæмæн фæллæггадæ кодта. Абони ин нæ дзиллæ арфиагæй имисуй æ рохс ном, мах ба мухур кæнæн хецæн æрмæгутæ Цæголи-фурти туххæй, æ уадзимистæй цалдæр.