ӔМГАРИ СОРӔТ
Ка ‘й зонуй, ӕ меднимӕри нӕбӕл ӕ зӕрдӕ фӕххудтӕй, гъома, топпитӕ уӕмӕ ку неке ниддардта, цӕуӕн, зӕгъгӕ. Мухар нин, ӕвӕдзи, нӕ уавӕр балӕдӕрдтӕй ӕма исдзурдта:
– Ехгун лӕгӕти рӕфтад искӕндзинан, уӕдта еуминкъий нӕ фӕллад дӕр исуадздзинан. Уартӕ еци къӕхӕн уинетӕ?
Уотӕ идард нӕбал адтӕй, фал топпити уӕзӕй мӕ бӕхбӕттӕн ресун райдӕдта. Еу усхъӕй сӕ иннемӕ цал ӕййивди ракодтон! Уогӕ нӕ топпиттӕ цӕмӕн гъудӕнцӕ? Цума мӕн цауӕни мӕтӕ адтӕй! Хъӕреуи цъоппӕй ракӕсӕ – е ӕндӕр гъуддаг ӕй… Дзӕкъолӕ Хазби ӕхемӕ райста – фенцондӕр мин ӕй.
Мӕнӕ Ехгун лӕгӕт дӕр. Цалдӕр лӕги кӕми бацӕудзӕнӕй, уӕхӕн арф ниллӕг тугур дорин агъодӕ. Уаруни ӕма хор бони замманай римӕхсӕн.
– Хуарз, фал си ех ку нӕ уинун, уӕд ибӕл ехгуни ном цӕмӕ исбадтӕй? – фӕрсун Мухари.
– Гъо, нӕ си ес ех! – бахудтӕй зӕронд лӕг. – Мадта арфдӕр бахезай.
Рӕбундӕр бацудтӕн. Лӕгӕт, куд медӕмӕ, уотӕ нарӕгдӕр кӕнгӕ цудӕй, уӕдта кӕмидӕр талинги тугур ӕма ӕ бун байеу ӕнцӕ. Дӕлгоммӕ нихъхъан дӕн ӕма бабурдтӕн къуммӕ. Уӕдта мӕ къох ливзӕ уазалбӕл ранцадӕй. Тухамӕлттӕй си еу устур къӕртт расастон.
Мӕ рацудмӕ Мухар ӕма Хазби – билбатугтӕ ӕртудтонцӕ, ӕстъигъдӕй лӕудтӕнцӕ газети гӕбазӕбӕл. Ӕрбадтан лӕгӕти рази цъӕх зӕлдӕбӕл. Дзол, хъӕбӕр цихт, ӕйкитӕ. Авгидзаг дӕр си разиндтӕй. Ех ба нӕ дони бӕркадӕй фӕххайгин кодта. Ирон арахъ мӕмӕ уӕди хузӕн хуӕрзадӕ некӕд фӕккастӕй. Ниуазтан ӕй авги хъурӕй. Не ‘уӕнгти фӕллад цидӕр ӕрбацӕй.
Нӕуӕгӕй бабӕй фӕхстӕ, нарӕг бацӕуӕнтӕ, урдугтӕ, ӕмцӕхгӕр исхезӕнтӕ. Мухар еудадзуг цудӕй разӕй.
Еу уӕлхонх будури, уӕргути уӕнгӕ ка хъӕрдтӕй, уӕхӕн кӕрдӕгӕй ӕваст испӕр-пӕр кодта циуавӕрдӕр маргъ, еуцӕйбӕрцӕдӕр фӕттахтӕй ӕма къалеубӕл ӕрбадтӕй.
– Къургарк ӕй. Ӕвӕдзи ин ами астъонӕ ес, – загъта нӕ хестӕр.
Хазбий хӕццӕ цауӕйнон топпитӕмӕ фӕллӕбурдтан, гъуддагхузӕй нихъхъан ан кӕрдӕгбӕл. Къургарк, ӕвӕдзи, къулдунбӕл бадтӕй: топпи кӕсӕнӕй ин ӕ сӕр дзӕбӕх ӕрахӕстон, кӕрдӕгӕй ӕй уӕлиау исдардта, тарст ракӕсӕ-бакӕсӕ кӕнуй. Нигъгъавтон имӕ. Хазби мӕ разӕй ку фӕууа, зӕгъгӕ, уайтӕкки мӕнгвӕдӕг ӕрбалхъивтон… Хъуӕцӕй нецибал рауидтон.
– Мӕхе барӕ ‘й уагътайсӕ, – загъта Хазби, топп еуварс ӕрӕвӕргӕй.
Балӕдӕрдтӕн: ме ‘хст фӕдздзӕгъӕли ‘й. Уогӕ ми маргъ иронх дӕр ӕрбацӕй: мӕ гъостӕбӕл фӕд-фӕди еу авд гӕрахи рауадӕй ӕма исцӕмӕдес дӕн. Е дин гӕрах. Хонхи алли ком, алли ӕскъуд дӕр фӕнзта топпи гӕрах. Ести дессаги хабар адӕм кӕрӕдземӕн куд фӕдздзорунцӕ, уой хузӕн.
Ӕдонуг кӕнун райдӕдтан.
– Метмӕ нӕ берӕ нӕбал гъӕуй, – комӕрдӕмӕ амонгӕй дзоруй Мухар.
Хонхи саггонтӕй арвбӕл зиннунцӕ бӕзгин уорс хъӕпӕнтӕ. Еуӕй-еу хатт уӕхӕн тӕссаг рауӕнти цӕун багъӕуй, ӕма лӕг гъудити бафтуйуй, сӕрисӕфӕни амӕттаг фӕууодзинан, зӕгъгӕ. Еуӕй-еу рауӕнти нӕ багъудӕй хезун лӕсӕни сӕрти. Листӕг дортӕ кӕрӕдзей сорӕгау урдуги ниййарцӕ унцӕ, сирддонцъеути хузӕн хӕрдмӕ гӕпп-гӕпп кӕнгӕ.
Мухари ба ма цауӕни мӕтӕ ес. Амонуй Хъӕреуи хонхи рӕбунмӕ. Уалӕ, дан, еци риндзӕмӕ ку исхезӕн, уӕд си, Хуцауи фӕндӕй, кӕд естӕбӕл фӕххуӕст уаййанӕ. Цума ци рамарун ес ӕ зӕрди: дзӕбодур ӕви сикъе, арс ӕви сӕгут? Фур фӕлладӕй, фур ӕдонугӕй мӕмӕ дзорун дӕр нӕбал цӕуй. Абонккӕй еу-финддӕс фӕлтӕрӕни искодтан: хӕрдӕ-урдуг, хӕрдӕ-урдуг… Нихъхъӕрдтан метмӕ. Зудӕй си хуӕрун. Авгӕ си ӕ тӕккӕ хъурмӕ ниннадтон.
Фӕссехуар исхъӕрдтан, Мухар нин ци риндзӕмӕ амудта, уордӕмӕ. Нӕ фӕндаггӕгтӕй ма ци мортӕ байзадӕй, уонӕбӕл кӕдмӕ аурстайанӕ?.. Зелӕн, сгарӕн тегътӕ, къардеутӕ, цъӕстӕ – некӕми неци. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ айнӕги сӕрмӕ рауиндзӕнӕ цӕргӕс. Бадуй ӕма идӕрдти фӕлгӕсуй, цума фиййау ӕ нимӕти тухтӕй ӕ фонси дзогбӕл ӕ цӕстӕ рахӕссуй. Ку нӕ рауина, уӕд ӕ базуртӕ раитинг кӕндзӕнӕй ӕма арвицъӕхмӕ ӕхе исесдзӕнӕй. Идардӕй сувӕллони гъазӕнти хузӕн зиннунцӕ будуйрон гъӕутӕ, игуӕрдӕнтӕ, карст мӕнӕуи хумтӕ, гъӕдтӕ. Тӕнӕг донхуз мегъӕ сӕбӕл циллехузау ӕрхаудтӕй. Нӕ фӕсте ба ӕрдзи исфӕлдесгӕ агъазиау мӕсуги хузӕн арви цъӕх-цъӕхид къӕйӕ ӕ фӕтӕн усхъитӕбӕл исиста Хъӕреу. Фӕстӕдӕр аци ӕмбесонди хузтӕ Хазбийӕн ниффинсун кӕндзӕнӕнцӕ уӕхӕн рӕнгъитӕ:
Зымты уаст – сусӕг катайау,
Хӕхтӕ – бӕрзонд, сӕрыстыр.
Къултыл чырынтӕ куатӕйы
Апырх хъӕугай Ирыстон.
Мигъ-цӕргӕс урссис базыртӕй
Схӕцыд сындӕг Хъӕриуыл…
Рӕгътӕ мӕ бынмӕ – каузылдӕй,
Иунӕг бӕллиц – мӕ риуы:
Бавӕр, ныуулӕф зарӕджы
Иры сӕрвӕлтау зӕрдӕ!
Къуылдымтыл, комы нарӕджы
Судзгӕ фӕтӕх зынг зӕлтӕй!
(«Хъӕриуы хохы рӕбын»).
Нӕ хестӕр Ӕфсатийи лӕвармӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй, мӕнӕн ба мӕ бӕлдӕ Хъӕреуи цъопп адтӕй. Хазбий еу тӕрхъосӕй дууӕ цари растъегъун ке фӕндуй, уой ӕнцонӕй лӕдӕрдтӕн.
Уӕдмӕ нӕбӕл ӕризӕр ӕй. Над ба – даргъ. Уӕлӕмӕ цӕугӕй ци гъезӕмӕрттӕ фӕууидтан, еу уойбӕрцӕ ба ма нин ӕвзаруйнаг адтӕй.
– Уӕлдӕр ма исхезианӕ, фал нӕбӕл ӕгӕр ку ӕрӕнафонӕ уа, – загъта Мухар.
Зин мин адтӕй ӕрдӕгбалцийӕй ӕздӕхун, Хазбий дӕр нӕ фӕндадтӕй, фал ӕфсӕрмӕбӕл нӕ хестӕри дзурдбӕл дууӕ нӕбал загътан.
– Гъӕуама ардигӕй ниххезӕн Фӕйнӕгкоммӕ, – игъосун бабӕй Мухари гъӕлӕс.
Искӕсӕн ӕрдӕмӕ нӕ разӕй рараст ӕй. Цалдӕр рауӕнеми мӕ авгӕ метӕй байдзаг кодтон. Куд тадӕй, уотӕ ‘й ниуазтан. Ӕ уазалӕй дӕр ин нӕ тарстан – цӕугӕ-цӕун нӕ неци хъор кодта.
Берӕ хӕрдити ӕма урдугти фӕсте ӕрхизтан Фӕйнӕгкоммӕ. Хӕмпӕлӕй си ракъахдзӕфгӕнӕн нӕййес. Раст нӕ сӕрти кӕсуй. Мухар сардзини дӕргъӕн лӕдзӕг иссирдта ӕма нин си листӕг пихситӕ, синдзгун зайӕгхӕлтти ‘хсӕнтти над ӕсгарста. Цума дзубанди бакодтан, уотӕ хестӕргай, нӕ къӕхти бунмӕ кӕсгӕй, цӕуӕн кӕрӕдзей фӕсте.
Уӕдмӕ бӕзгин пихсити астӕуӕй райгъустӕй дони хӕл-хӕл. Лӕги фӕд кӕми нӕййес, еци таргъӕди гъӕбеси ӕдонуг, ӕстонг ӕма фӕллад лӕгӕн хуӕнхаг уазал сауӕдонӕ ци адӕ искодтайдӕ, е гъӕуама уӕ цӕститӕбӕл рауайа. Зудӕй си ниуазӕн. Авгидзаг си исистон (уотемӕй ба дон-дон цудан).
– Уартӕ сӕгут, – ӕваст фӕгъгъӕр кодта Хазби.
Еугурӕйдӕр сӕхълӕуд фӕккодтан. Е адтӕй ӕнахур хузӕ. Хори хонхи риндзӕбӕл ӕрӕнцайунмӕ улинкъи бӕрцӕй ӕндӕр нӕбал гъудӕй. Идӕрддзӕф рауӕни тала бӕлӕсти ӕхсӕнти рагъ урух цъӕсунӕгӕй кӕми райзадӕй, уоми ӕ сӕрӕй гъазгӕ сабургай цудӕй гӕзӕмӕ борбун сӕгут. Ӕ амондӕн нӕмӕ идард адтӕй, ӕндӕр ибӕл Мухар нецихузи байаурстайдӕ. Бӕлӕсти аууони ку фӕцӕй, уӕд мах дӕр нӕ над раидарддӕр кодтан. Мухар хӕмпӕлти ӕнсӕндгӕ ку раразӕй уидӕ, уӕд Хазбимӕ сосӕггай бадзоринӕ, айӕ кӕцирдӕмӕ цӕуй, цалдӕр минутти бауолӕфун нӕ цӕмӕннӕ уадзуй, зӕгъгӕ. Е ба ӕ медбилти баходидӕ, фал дзоргӕ ба неци кодта. Ӕндӕр гӕнӕн нин нӕ адтӕй, ӕма лӕгарстан размӕ ӕ фӕдбӕл.
Гъӕумӕ нӕ берӕ набал гъудӕй, уотӕ нин цалдӕр гъӕддаг хуййи нӕ над равгарстонцӕ. Рахӕссай топп, зӕгъгӕ, Мухар бӕргӕ фӕгъгъӕр кодта, фал уӕдмӕ уонӕн сӕ кой дӕр нӕбал адтӕй. Цийнӕй рамардтӕн – топп мӕ есун нӕбал багъудӕй.
Изӕр ӕрдӕмӕ бахъӕрдтан гъӕугӕрони минкъий ӕрдозӕмӕ. Еуминкъий бауолӕфӕн, – бон-изӕрмӕ ин ци загъдмӕ ӕнгъӕлмӕ кастан, кӕдӕй-уӕдӕй уой зӕгъун исфӕразта Мухар.
Мӕхе цъӕх зӕлдӕбӕл уӕлгоммӕ рагӕлстон. Цӕститӕ тӕхсунцӕ, иуӕнгтӕ кӕрӕдзебӕл нӕбал хуӕцунцӕ. Кӕдӕй цӕрун, уӕдӕй ардӕмӕ уӕхӕн фӕллад некӕд бадӕн.
Бийнонти игъӕлдзӕг дзурдгӕлдзӕнтӕ нӕ искаст нӕбал уагътонцӕ. Ӕвзурстон федарӕй дзорунбӕл, фал мӕ гъӕлӕс мӕ коммӕ нӕбал кастӕй, айки хурфӕй цъеу куд уаса, уоййау ниццӕй. Дони билӕмӕ туххӕйти райервазтӕн.
Цалдӕр боней фӕсте Хазбий хӕццӕ сахармӕ ку ӕрбаздахтан, уӕд нӕ дууемӕн дӕр нӕ билтӕ ӕмбесонди фаст ракодтонцӕ. Фал фӕсмон нӕ кодтан, Хъӕреуӕн ӕ цъоппӕй ке нӕ ракастан, уомӕй идарддӕр.
Карцагоммӕ балци нин устур агъаз фӕцӕй. Инсӕй боней дӕргъи хуӕнхаг уӕлдӕфӕй реуидзаг фӕууолӕфтан. Хазбий хӕццӕ бустӕгидӕр балимӕн ан. Мадта ревӕд къохӕй дӕр не ‘рбаздахтан. Фӕскуст сахари устур гъӕунги нӕ иннӕ ӕмгӕртти хӕццӕ ку фембӕлианӕ, уӕд нӕ еу инней гиризгӕнгӕй рафӕрсидӕ:
– Гъӕйдӕ, неци зӕгъис?
Кенӕ ба гъӕуама еу инней рахсилкъӕ кодтайдӕ:
– Уӕллӕй, хонӕги каст кӕнис.
Хазби сӕмӕ еуцӕйбӕрцӕдӕр фегъосидӕ, уӕдта уотӕ бакӕнидӕ:
– Гъома, уартӕ нӕхемӕ бауайӕн.
Ӕма фулдӕр хатт уонӕмӕ цӕугӕ рауайидӕ. Еууӕхӕни ба гъӕунги байеу ан цалдӕремӕй. Ӕхцай мугаггӕй нӕмӕ ци адтӕй, уой ӕрӕвардтан ӕма кӕрӕдземӕн нӕ гъӕститӕ ракӕнунмӕ ескумӕ бауайӕн, зӕгъгӕ. Берӕ дзубандити фӕсте Ходи Камал нӕбал фӕллӕууидӕ:
– Мӕнмӕ гӕсгӕ нин Хазбийетӕмӕ асландӕр рауайдзӕнӕй.
Биццеутӕ фур ходӕгӕй сӕ губунтӕбӕл ниххуӕциуонцӕ.
Нӕ финсгутӕ еу къуаремӕй 1967 анзи уалдзӕги иуазӕгуати адтӕнцӕ Цӕцӕн-Мӕхъӕли. Кӕстӕртӕй сӕ хӕццӕ фӕххудтонцӕ Хазбий, Малити Васой ӕма мӕн. Ӕгъдау ӕма имӕ ӕфсармӕ алцӕмӕйдӕр уӕлдӕр ӕвӕрд адтӕнцӕ. Финги уӕлгъос лӕг ӕнӕ ниуазгӕ дӕр кӕми фӕууй! Фал Хазбий ӕнӕгъӕуаги миуӕ ракӕнгӕ некӕд неке фӕууидта. Алкӕддӕр цудӕй хуӕрздаст ӕма кӕдзосӕй. Грознай ку адтан, уӕд бонӕ цалдӕр хатти бацӕуидӕ ӕ къахидарӕс сӕрфунмӕ. Мӕ меднимӕр ибӕл дес дӕр кодтон, поэт гъӕуама уӕхӕн листӕг гъуддӕгутӕмӕ ӕ гъос куд дара, зӕгъгӕ. Мӕ уодхӕссӕг уинун, е ‘ндаг бакастмӕ е ‘ргом ӕгӕр ка ‘здахуй, уонӕй. Алцидӕр гъӕуама бӕрцӕй уа. Хазби уӕхӕнттӕй нӕ адтӕй. Е ‘ндаг бакаст хуарз федудта ӕ меддуйней хӕццӕ. Е бӕрӕг ӕй ӕ уадзимистӕй дӕр – куд лӕмбунӕг, куд хуӕрзгуст ӕнцӕ! Аци гъуддаги туххӕй ма фӕстӕдӕр зӕгъдзӕнӕн, фал ӕркӕсӕн поэти иннӕ менеугутӕмӕ: царди дӕр ӕма аййевади дӕр нифсхаст, цӕстуарзон, ӕ дзурдӕн хецау, рӕстдзийнади фарсхуӕцӕг, ӕндаг бакастӕй ба аййев, ӕфснайд – еугур уонӕн сӕ рахуӕцӕн еу ӕй, кӕрӕдзебӕл каубиди хузӕн.
Еу сӕрдигон бон Црауи уӕллӕй ӕхсӕркъохи тезгъо кодтан, уотемӕй Хазби ӕма Малити Васойӕн радзурдтон уӕхӕн хабар.
Нӕ еумӕйаг ӕмбал мӕмӕ Мӕскуйӕй тел ниццавта (Литературон институти фӕсаууонмӕ ахур кодта ӕма сессий адтӕй), еу туман мин рарветӕ, зӕгъгӕ. Мӕнмӕ кенӕ еци сахат ӕхца нӕ фӕцӕй, ӕфстау ракорун ба мӕмӕ зин фӕккастӕй, кенӕ ба мӕ зийнади фудӕй ин нӕ рарвистон. Цидӕр адтӕй, уӕддӕр мӕхе ӕгудзӕгӕй равдистон. Хазби мӕмӕ лӕмбунӕг фегъуста, уӕдта мин фӕстагмӕ комкоммӕ загъта:
– Ӕхсар, фӕррӕдудтӕ ӕма уотӕ макӕдбал бакӕнӕ. Цийфӕндийӕй дӕр рарветун гъудӕй ӕхца.
Ӕнӕуой дӕр ӕфсӕрмийӕй сугътӕн, нур Хазбий раст уайдзӕфи фӕсте ба зӕнхискъуди ниххаунбӕл арази адтӕн.
Кӕддӕр мӕмӕ мӕстгун дӕр иссӕй. Цидӕр гъуддаги туххӕй бадзубанди кодтан: уал ӕма уал сахаттебӕл уоми ӕма уоми фембӕлдзинан. Цӕй фудӕй, е мӕ зӕрдӕбӕл нӕбал лӕууй, фал афойнадӕбӕл не ‘рбацудтӕн нисангонд бунатмӕ. Хазбийӕн е хъӕбӕр гъулӕг адтӕй, гъай-гъай. Нӕ хӕстӕгдӕр ӕмбӕлттӕй фиццагидӕр кӕбӕл рамбалдӕй, уомӕн рагъаст кодта:
– Раст зӕгъун гъӕуй,(ӕнӕфсарӕ дӕр ма загъта) ӕз уӕхӕн миутӕ нӕ уарзун.
Уотӕ рауадӕй, ӕма 1967 анзи рандӕ дӕн Мӕскумӕ Уӕлдӕр литературон къурситӕмӕ. Цалдӕр мӕйей фӕсте Хазби дӕр ӕрцудӕй уордӕмӕ, сӕйраг сахармӕ: киунугӕуадзӕн «Ир» ин пъланмӕ бахаста е ‘мдзӕвгити ӕмбурдгонд уруссагау рауадзун ӕма гъӕуама иссирдтайдӕ тӕлмацгӕнӕг.
Рандӕ ан Переделкиномӕ. Уоми гъӕуама фембалдайанӕ поэт Александр Межирови хӕццӕ (Уӕлдӕр литературон къурсити нин поэзий семинари разамонӕг адтӕй), цӕмӕй нин еске байамудтайдӕ. Баййафтан ӕй ӕ косӕнуати. Хатир си ракурдтан, уӕдта ин хабар балӕдӕрун кодтан. Еуминкъий рӕстӕги фӕсте нин байамудта Сергей Залини. Уой размӕ ин ӕ кой некӕд фегъустон, фал ӕй Межиров хъӕбӕр ӕстудта.
Иссирдтан еци Залини, бадзубанди кодтан ӕ хӕццӕ, Хазби имӕ е ‘мдзӕвгити рӕнгъӕй-рӕнгъӕмӕ тӕлмацгӕндтитӕ равардта. Фал, мӕнмӕ гӕсгӕ, Залин сӕ раййевунмӕ нӕ исарӕхстӕй, кӕд Межирови редакцигондӕй хецӕн киунугӕй рацудӕнцӕ (Хазбий мӕлӕти фӕсте, уӕддӕр). Тӕлмацтӕ ӕнцӕ унгӕггомау, тог си фагӕ нӕййес, Хазбий уоди парахатдзийнадӕ си нӕ уинӕн…
Аййевадӕ ӕма культури косгутӕн, 1968 анзи сӕрди, адтӕй ӕмбурд (нуртӕккӕ профцӕдести облӕстон Совет ци хӕдзари ӕй, уоми). Ӕмбурди фӕсте финсгутӕн фегъосун кодтонцӕ, Уӕллагири коми, дан, фиййӕуттӕмӕ агитбригадӕ цӕуй ӕма уи кӕд еске фӕндуй сумахӕй дӕр. Хазбий хӕццӕ раунаффӕ кодтан, уӕдта аразий дзуапп равардтан.
Цалдӕр сахаттей фӕсте нӕ хуӕдтолгӕ «Газ-69» скъардта Ӕрӕдони ‘рдӕмӕ надбӕл. Уоми культури Хӕдзари агитбригадӕй дӕр цудӕй кадӕртӕ. Нӕ хӕццӕ адтӕй обкоми инструктор Дзарасти Барис. Ӕрӕдони культури Хӕдзарӕй нӕ хӕццӕ рацудӕй дууӕ кизги ӕма дууӕ лӕхъуӕни. Ӕрфусун кодтан Зӕрӕмӕги турбази.
Еци бон фембалдан фиййӕутти хӕццӕ. Сӕ уотӕрттӕ адтӕнцӕ Нарӕй еу километр рӕбундӕр, Лиайи дони билӕбӕл. Сӕ уолӕфӕн бунати адӕмон зартӕ ӕма фӕндурдзагъд ку райгъустӕй, уӕд сӕ цийнӕн кӕрон нӕбал адтӕй. Хазби бакастӕй е ‘мдзӕвгитӕй цалдӕр, ӕз ба бакастӕн Плити Гриси «Ӕртхутӕгдон», Калоти Хазбий «Зӕхмӕ курдиат» ӕма Кочисати Мухарбеги «Фӕстаг салам» («Мыййаг хӕсты быдыры искуы…»)
Ӕртӕ ‘хсӕви фӕцан турбази. Еу бон фиййӕутти хӕццӕ фӕцан, уӕдта бахъӕрдтан сауӕнгӕ Захъамӕ дӕр. Не ‘мбӕлццон кизгутти хӕццӕ балимӕн ан, кӕрӕдземӕн аллихузи игъӕлдзӕг хабӕрттӕ дзурдтан, сауӕнгӕ ӕнӕфсӕр дзурдтӕ кӕми адтӕй, уӕхӕнттӕбӕл дӕр нӕбал аурстан. Хазби дӕр раздӕри хузӕн нӕбал адтӕй, худтӕй, гъазӕн хабӕрттӕ кӕнунӕй нӕбал ӕфсастӕй. Фадуат ин фӕууогӕй, кизгутти ӕ рази ‘рбадун кодта ӕма хинцфӕрсӕ кӕнунбӕл исхуӕстӕй:
– Кизгуттӕ фулдӕр циуавӕр лӕхъуӕнти уарзунцӕ… Уарзондзийнадӕ ци ‘й сумахмӕ гӕсгӕ?..
Ӕма уотӕ идарддӕр… Фал ами дӕр зудта бӕрцӕ…
Изӕрӕй ба турбази уидӕ гъастизӕр. Хазби дӕр си кодта европаг кӕфтитӕ.
Еу сӕумӕ нӕ иуӕнгтӕ райвазӕн, зӕгъгӕ, раги исистадан. Тургъи Хазби цийнӕгӕнгӕ исдзурдта:
– Турник дӕр си ку ес!..
Ӕхе имӕ рӕуӕгӕй исгӕлста, ӕ къӕхтӕ фӕрразмӕ кодта, ӕма уруссагау «склепка» ке хонунцӕ, уой ӕнцонтӕй ракодта. Уӕдта ӕ губуни цъарӕбӕл цалдӕр хатти ӕрзилдӕй. Ку ‘ргӕпп кодта, уӕдта ӕ цӕнгтӕ бателгӕй, цума неци адтӕй, уой хузӕн загъта:
– Уӕллӕй, ӕгӕр бафтудтон мӕ уӕзӕбӕл.
Ӕз имӕ къехӕй кӕсгӕ райзадтан, мӕ меднимӕр имӕ хицӕй мардтӕн: турникбӕл мӕхе цалдӕр исти искӕнунӕй уӕлдай нецӕмӕ арӕхстӕн.
Турбази тургъи хӕрхӕмбӕлд фӕдтӕн мӕ зонгӕ Хъалӕгати Юрийбӕл. Педагогон институти еу рӕстӕг ахур кодтан. Ӕ хӕццӕ ба адтӕй дууӕ ‘мбали – инженер Хъуссати Барис ӕма математики ахургӕнӕг Касати Амурбег.
– Цӕуӕн нӕ хӕццӕ Турсугоммӕ, – гъазгӕхузи исдзурдта Юрий.
Ӕма нин радзурдта, ци унаффӕ сӕмӕ ес, уой.
– Мадта цӕуӕн? – фӕрсун Хазбий.
Е рагъуди кодта ӕма федарӕй загъта:
– Ци уа, уой уӕд – цӕуӕн!
Турбази уӕзласӕн машинӕ нӕ бахъӕртун колдта Захъамӕ, уӕдта нӕ хурдзинтӕ нӕ рӕгъти багӕлстан ӕма гакъон надбӕл Абайти гъӕумӕ бахизтан, уордигӕй фӕххӕрдӕ кодтан ӕфцӕги ‘рдӕмӕ. Адӕймаг уӕхӕн надбӕл зинтӕ цӕйбӕрцӕ фӕууинуй, цийнӕ дӕр уомӕй минкъийдӕр нӕ бавзаруй. Истухстан, нӕ фур фӕлладӕй нӕ къӕхтӕ нӕ фӕсте ластан, нӕ хед нӕ цӕститӕмӕ тагъдӕй, нӕ хӕссуйнӕгтӕ нӕбӕл уӕзӕ кӕнун райдӕдтонцӕ, фал бухстан, бӕлдтан риндзӕй ракӕсунмӕ, нӕуӕг дуйне фӕууинуни монцтӕ нин нӕ зӕрдитӕ игъӕлдзӕг кодтонцӕ.
Ӕфцӕгмӕ ма нӕ дзӕвгарӕ гъудӕй, уотӕ кӕрдӕгбӕл цалдӕр бӕхи хезгӕ исӕййафтан. Ку нӕ рауидтонцӕ, уӕд сӕ сӕртӕ разилдтонцӕ мах ӕрдӕмӕ, ӕнӕууӕнкӕ каст нӕмӕ кӕнунцӕ:
– Гъӕйдӕ, ӕрахӕссӕн сӕ! Нӕ хурдзинтӕ нин уӕддӕр еуминкъий рахӕсдзӕнӕнцӕ, – ӕваст исдзурдта Юрий.
– Хъӕбӕр раст зӕгъис! – ӕ хӕццӕ исарази ‘й Хазби.
– Ниууадзетӕ сӕ, – ӕ къох сӕбӕл ракъуӕрдта нӕ хестӕр Амурбег. – Ӕнӕуой ба уин ахӕссун бакомдзӕнӕнцӕ?
Уӕдмӕ Юрий ӕма Хазби сӕ хурдзинтӕ ӕрӕвардтонцӕ ӕма бӕхти ‘рдӕмӕ фӕрраст ӕнцӕ. Махӕн дӕр гӕнӕн нӕбал адтӕй ӕма сӕ фӕсте фӕрраст ан. Еу-фондз минутти сӕ фӕрратӕрӕ-батӕрӕ кодтан, уӕдта си дууӕ нӕ къохи бафтудӕнцӕ.
– Ке уи фӕндуй исбадун? – фӕрсуй Хазби.
Ку неке арази кодта, уӕд бӕхи рагъмӕ исгӕпп кодта ӕма ‘й раздахта. Иннӕ бӕхбӕл ба Юрий исбадтӕй. Хурдзинтӕ сӕмӕ ислӕвардтан. Ӕнӕ дзуларӕ, ӕнӕ саргъ бӕхтӕбӕл, цӕйбӕрцӕ исуадайуонцӕ – сайтан сӕ зонӕг. Ку бафӕлладӕнцӕ, уӕд ӕрхизтӕнцӕ ӕма бӕхти уоми дӕлӕмӕ расурдтонцӕ.
Ӕфцӕгмӕ исхъӕрдтан рӕфтӕ ‘рдӕмӕ. Фӕстӕдӕр базудтан: ӕ бӕрзӕндӕ ӕй 3132 метри. Ӕ рагъ гӕмӕх, саргъи хузӕн ӕркъӕлӕт ӕй. Цӕгатаг ӕма хонсайраг думгӕ си хӕрхӕмбӕлд фӕцӕнцӕ, цума дзӕбодуртӕ сӕ сикъатӕй хуӕцунцӕ. Бунӕй цъетедӕнттӕ ӕносон цъӕх ехти ӕхсӕнӕй райервазтӕнцӕ, ӕзфӕрраздӕронӕй тундзунцӕ кумӕдӕр.
– Уартӕ е ба Цъилий ком, дон дӕр уотӕ хуннуй, Терки райдайӕн ӕй, – дзоруй Барис.
Искӕсӕни ‘рдигӕй коми гъӕбеси ӕрнигъулдӕнцӕ Турсуй гъӕутӕ. Нӕ изӕр бахастан Ресмӕ. Нӕ фусун – Хъуссати Мораткӕ. Сӕ ливзи хуӕрзадӕ тӕф ми нур дӕр нӕма феронх ӕй. Уомӕй размӕ ке некӕд фӕууидтон, уӕхӕн цидӕр кӕрдӕги адӕ кодта. Рафарстон фусунти.
– Фидхуасӕ ‘й, – дзуапп равардта фусун. – Далӕ нади билтӕ идзаг ӕнцӕ аци кӕрдӕгӕй.
Фӕстӕдӕр уӕхӕн кӕрдӕгбӕл исӕмбалдтӕн Латвий. Кӕнунцӕ ‘й цихтбӕл ӕма ӕндӕр хуӕруйнӕгтӕбӕл. Уруссагау ӕй хонунцӕ тмин. Иронау «фидхуасӕй» уӕлдай ма ин ес дууӕ номи – «цъамалӕг» ӕма «басгӕрдӕг».
Реси фӕсте адтан Турсугоми иннӕ гъӕути: Тъепий, Джимарай, Бормӕсуги, Суатъиси, Абанай, Окрохъанай, Къоби. Бормӕсуги нин фӕууинун кодтонцӕ, мӕсугӕн ци толдзӕ къума адтӕй, уой. Бадтан, Нарти кадӕнгити ке кой ес, еци ковӕндонӕ Таранджелоси рази. Турсуй ком зундгонд ӕй ӕ сауӕртӕй. Хуртӕбӕл сурх-сурхид цъарӕ исӕвардтонцӕ, уотемӕй ниппурхӕ ‘нцӕ урух дӕлвӕзти. Хъасарагоми Терки билӕбӕл ес, ӕ фӕзуат еу-финддӕс квадратон метри кӕмӕн ӕй, уӕхӕн донигурӕн. Цума агъазиау дон пӕлхъ-пӕлхъӕй фицуй ӕрхи аги, уой хузӕн финкӕкалгӕ, сур-сургӕнгӕ цӕхъал кӕнуй ӕнӕрлӕугӕй. Куд дзорунцӕ, уотемӕй ӕ сӕрти маргъ ниллӕгти ку ратӕхуй, уӕд донмӕ ӕнӕрхаугӕ нӕ фӕууй – цидӕр ӕнахур газтӕ, дан, си цӕуй уӕлӕмӕ.
Турсугоми балци фӕййагъаз ӕй нӕ дууемӕн дӕр. Айдагъ Терки донигурӕн ке фӕууидтан, е дӕр бери аргъ ӕй. Хазби е ‘мдзӕвгӕ «Уӕхскуӕз куыстыты арвыстон мӕ рагбонтӕ…» дӕр уӕд ниффинста. Мӕнмӕ дӕр фӕззиндтӕй цалдӕр прозаикон миниатюри, уӕдта ӕмдзӕвгӕ «Ӕфцӕгмӕ хизгӕйӕ». Ӕмдзӕвги иссирдтон Хазбий ном ӕма ‘й миниатюрити хӕццӕ еумӕ равардтон «Мах дуг»-мӕ. Журнали нӕма рацудӕй, уотемӕй ӕнӕнгъӕлти фӕммард ӕй Хазби. Ӕмдзӕвги номерӕн есун багъудӕй…
Нӕ фӕстаг фембӕлд адтӕй 1969 анзи 17 январи. Мӕ каникултӕ бабӕй рарвистон Дзӕуӕгигъӕуи. Сӕумӕй еу-дӕс сахаттебӕл фембалдан Хазби, Джиккайти Шамил, Ходи Камал ӕма ӕз. Телеуинунадӕмӕ цидӕр гъуддӕгути фӕдбӕл иссудан. Хазби адтӕй игъӕлдзӕг: ӕ зӕрдӕ кӕмӕй цийнӕ кодта, уӕхӕн куст имӕ ке ‘рхаудтӕй, уой туххӕй ӕви цӕмӕн – магъа. Нӕуӕгдаст, ӕ сӕригъунтӕ дӕр аййев. Нӕ гъуддӕгутӕ ку рахецӕн ӕнцӕ, уӕд цуппаремӕй фестӕгӕй ӕрхизтан къулдумӕй. Ниццудан Ирон гъӕунгӕбӕл. Не ‘мбӕлттӕй еу (ӕнгъӕлдӕн, Шамил) дзорун райдӕдта нӕ литератури уавӕрбӕл. Ӕ цӕрӕнбонти, дан, ирон киунугӕ ка нӕ бакастӕй, литературӕн ӕгириддӕр ка неци лӕдӕруй, гъӕуама, дан, нин нӕ финститӕн уӕхӕнттӕ аргъгӕнӕг исуонцӕ (дзубанди цудӕй обкоми косгутӕй кедӕрти туххӕй, ӕ цӕргӕбӕнтти карьерӕдзауӕн ка кодта, бӕрзонд ӕма гъар бунатбӕл фӕххуӕст ун ӕ устурдӕр бӕлдӕ кӕмӕн адтӕй, уонӕбӕл). Еугурӕйдӕр ӕрмӕтъӕл ан, еу рӕстӕг хъип-сун некӕмӕйбал цудӕй.
– Цӕмӕй тӕрсетӕ, цӕмӕй! – ӕваст райгъустӕй Хазбий федар гъӕлӕс.
Е нӕ еугуремӕн дӕр нифси хуасӕ фӕцӕй, нӕ тухстдзийнадӕ уайтӕккӕ дӕр ӕрбадӕлзӕнхӕ ‘й, раздӕри гакки бабӕй исбадтан. Уӕдмӕ ӕрхъӕрдтан цӕдести Хӕдзари размӕ. Хазбий ӕ кустмӕ цӕун гъудӕй. Кӕрӕдземӕн хуӕрзбон загътан. Тӕккӕ дуари рази ма нӕмӕ Хазби еу каст фӕккодта, ӕ рахес къох уӕлӕмӕ исиста фӕндарасти нисанӕн, ӕ сӕр зинна-нӕзинна батилдта ӕма медӕмӕ бахизтӕй. Ӕз ӕма Шамил ба Ленини гъӕунги дӕлӕмӕ ӕрцудан. Камал цирдӕмӕ базилдӕй, уой ба нӕ гъуди кӕнун.
Ӕхсӕвеуат кодтон мӕ хӕстӕгутӕмӕ. Ӕмбесӕхсӕвӕ мӕмӕ фусунти уосӕ фӕффӕдеси ӕй, Бицъоти Гришӕ, дан, телефонӕй дзоруй, Хазбибӕл топп февӕзтӕй, зӕгъгӕ. Сахатмӕ ‘ркастӕн: цуппӕрӕймаг райдӕдта. Тагъд-тагъдӕй мӕ хъӕппӕлтӕ ракодтон ӕма фендӕдуар дӕн. Гъӕунги цъеуӕзмӕлӕг нӕ адтӕй. Мӕ сӕри хъанзи дӕнг-дӕнг кодта еунӕг гъуди: ци ‘рцудӕй Хазбибӕл!..
Хӕдзари баййафтон Муртазти Бариси ӕма Бицъоти Гриши (Хазбий хӕццӕ еу хӕдзари цардӕнцӕ), уӕдта синхӕгтӕй кедӕрти. Еугурӕйдӕр марди хузӕнӕй лӕудтӕнцӕ. Медӕггаг уатмӕ бахезӕни пъолбӕл ӕма дуари рахес фарс фарсбӕл – тоги листӕг пурхӕнтӕ. Мӕ бацудмӕ Хазбий сӕйгӕдонӕмӕ фӕлластонцӕ. Минкъий фӕстӕдӕр фӕззиндтӕй Малити Васо дӕр. Цалдӕремӕй (Гришӕ, Васо, ӕз ӕма синхӕгти биццеутӕ) ранӕхстӕр ан сахари гъӕунгти. Автобустӕ нӕма цудӕнцӕ – базари разӕй Иристойнаг гъӕунгӕмӕ нӕ (сӕйгӕдонӕ уоми адтӕй) фестӕгӕй цӕун багъудӕй. Ӕдзӕрӕг гъӕунгти нӕ къӕхти гъӕрӕй салд мети дирзӕг хъис-хъисӕй уӕлдай неци фегъосӕн адтӕй. Айдагъдӕр Бицъоти Гришӕй цалдӕр хатти исервазтӕй дууӕ зӕрдресӕн дзурди: «Мӕнӕ дессаг!..»
Сӕйгӕдони тургъи баййафтан Хазбий бийнойнаг Люси, Цӕрукъати Владимири ӕма цалдӕр силгоймагей. Люся нӕ ку рауидта, уӕд никкудтӕй ӕма нӕбӕл ӕхе ӕрбагӕлста. Тургъи къелатӕбӕл лӕудтӕнцӕ Хазбий дзаумӕуттӕ – пиджак, хӕдонӕ, хӕлаф. Люси къохи ба ӕ туфлитӕ… ӕ катайӕй не ‘нцадӕй. Кадӕр къелайӕй исиста Хазбий дарӕс ӕма зӕнхӕмӕ ӕркалдӕнцӕ листӕг изди фати гагатӕ. Люся рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уӕхӕн ӕверхъау цъӕхахст никкӕнидӕ (фал си цӕмӕдӕр гӕсгӕ цӕстисуг нӕ хаудтӕй) ӕма имӕ тургъи лӕугутӕ къехӕй кӕсгӕ байзадӕнцӕ. Еу рӕстӕг фӕссабур ӕй, ӕма ‘й рафарстон, хабар куд адтӕй, зӕгъгӕ. Нур, кӕд авд анзи рацудӕй, уӕддӕр ма ин гъуди кӕнун ӕ дзубанди:
– Ӕхсӕви еуӕндӕс сахаттебӕл ӕрбацудӕй нӕхемӕ. Ӕз хусгӕ кодтон. Сӕумӕй цауӕни цӕун, зӕгъгӕ, топп рахаста ӕма гилдзити хӕццӕ архайдта. Ӕз ин цалдӕр хатти загътон, ӕнафонӕ ‘й, сӕумӕй сӕ исефтиндздзӕнӕ, зӕгъгӕ, фал мӕмӕ нӕ байгъуста. Еу афони гӕрахӕй мӕ гъостӕ фӕкъкъуру ‘нцӕ. Фӕккастӕн, ӕма Хазби пъолбӕл катай кӕнуй. Топп ин ӕ къохӕй райсон, зӕгъгӕ, ӕ хӕццӕ исхъурдохӕн дӕн, уотӕ райгъустӕй дуккаг гӕрах дӕр. Гъе нур еци хъурдохӕнти рӕстӕг топп дуккаг хатт кӕд мӕхе къохи февӕзтӕй, уӕддӕр ӕй нӕ зонун…
Изӕрмӕ сӕйгӕдони тургъи фӕллӕудтан, дохтирти минуттӕй-минутмӕ фарстан, фал неци нифс ӕвардтонцӕ. Фиццаг ӕхстӕй Хазбийӕн фӕццӕф ӕй ӕ галеу цонг, дуккагӕй ба – ӕ хурфӕ (листӕг издий гагатӕ фӕцъцъӕсгитӕ кодтонцӕ хӕлӕрттӕ ӕма ахсӕни фӕрстӕ). Не ‘мбӕлттӕй кадӕртӕ исуадӕнцӕ дуккаг уӕладзугмӕ. Цидӕр тухӕ мин ме ‘уӕнгтӕ ниббаста, нӕ мӕ фӕндадтӕй Хазбий уӕхӕн кӕуйнаг уавӕри уинун, не ‘ссӕй мӕ бон ӕ размӕ бацӕун…
Изӕрӕрдӕмӕ нин дохтиртӕ загътонцӕ: тог имӕ бауадзун гъӕуй, фал тог нӕййес. Цалдӕремӕй машини рацудан тогесӕн станцӕмӕ, уой фӕсте ба фӕстӕмӕ сӕйгӕдонӕмӕ ӕрӕздахтан. Еу-фараст сахатти иссӕй, ӕгас бон къӕбӕри гъӕстӕ нӕ фӕцан ӕма, ести ракомидзаг кӕнӕн, зӕгъгӕ, автостанций бакомкоммӕ хуӕрӕндонӕмӕ бауадан. Тагъд-тагъдӕй цидӕр уазал хуӕруйнӕгтӕ райстан, Хазби цӕмӕй фӕййервӕза, уой туххӕй фӕйнӕ ниуазӕнемӕй Хуцаумӕ искувтан ӕма бабӕй сӕйгӕдонӕмӕ рараст ан. Колдуари рази нӕбӕл Цӕрукъати Таймораз рамбалдӕй ӕма ӕ цӕстисугтӕ сӕрфгӕй загъта: «Рацох ӕй». «О, Хазби», – зӕгъгӕ, Камали богъ-богъ райгъустӕй, уӕдта мин мӕхе хъур дӕр кӕун фехгӕдта.
Е адтӕй 1969 анзи 18 январи, сабати…
РЕДАКЦИЙӔЙ: Дзаболати Хазбий туххӕй ӕ хуӕрзӕрдхуард Хъодзати Ӕхсари имисуйнӕгтӕй мухургонд бал фӕцан сӕ фиццаг хай, дуккаг хай (дзубанди си цӕуй ӕдзард поэти исфӕлдистади туххӕй) дӕр мухур кӕндзинан, нӕ равгитӕ куд амононцӕ, уомӕ гӕсгӕ. Абони ба ма кӕронбӕттӕни бакӕсетӕ, Ӕхсар е ‘мгари рохс ном ци ӕмдзӕвгитӕй иссирдта, уонӕй еу.
ДЗАБОЛАТЫ ХАЗБИЙИ МЫСГӔЙӔ
«Хъӕриумӕ ссӕуын не ‘сфӕрӕзтам фарон,
Фӕлӕ та хъуамӕ бафӕлварӕм ног.
Куынӕ схизон, – мӕхицӕн ӕй ныббарын
Мӕ бон нӕ уыдзӕн амӕлӕты онг».
Дзырдта-иу мын… Йӕ цӕст нӕ иста хохӕй.
Дзырдта: «Хъӕуы та иннӕ аз цӕуын».
…Хуыздӕрӕнхъӕл цы ‘мгарӕй уыдтӕн, –
Оххай,
Фӕсайдта мӕ…
Хӕкъуырццӕй ма кӕуын…
Ныр цалӕймаг сӕрд Иры хӕхты зилын
Ӕнӕ ме ‘мгар – фӕсмон кӕна мӕрдты!
Йӕ хаст ӕвсургъ ӕндон ӕрттигътӕ ‘ууилы
Хъӕриуы бын, уӕгъдидонӕй хӕты.
Йӕ барӕг мын цы зӕрдӕтӕ ӕвӕрдта,
Цы фидар истон уый ныфсӕй мӕ къах…
Хъӕриуы цъупмӕ нал ысхызт. Йӕ фӕндтӕ –
Зынгхуыст…
Мӕнӕн – фӕдывӕр и мӕ уаргъ.
Дзаболати Хазби райгурдбӕл дӕс ӕма цуппаринсӕй анзи ке исӕнхӕст ӕй, уой фӕдбӕл Алагири райони ӕ райгурӕн Нӕуӕггъӕуи астӕуккаг скъолай арӕзт ӕрцудӕй поэти номерӕн изӕр. Архайдтонцӕ си Алагири райони бунӕттон хеунаффӕйади администраций косгутӕ, финсгутӕ, ахургӕнгутӕ, скъоладзаутӕ, Дзаболати муггаги минӕвӕрттӕ, гъӕуи цӕргутӕ.
Номерӕн изӕри райдайӕни Хазбий цард ӕма исфӕлдистадон нади туххӕй радзурдтонцӕ ахургӕнгутӕ Цӕликкати Терезӕ, Цъӕхойти Иринӕ ӕма Тӕтӕрати Светланӕ.
Уой фӕсте ахурдзаутӕ равдистонцӕ Хазбий ӕмдзӕвгитӕмӕ гӕсгӕ литературон-музыкалон композици. Ӕма ин ӕ поэтикон уадзимистӕ аййев бакастӕнцӕ Гуриати Зӕринӕ, Болатати Ангелинӕ, Алинӕ ӕма Хетӕг, Гӕззати Дианӕ, Хъарати Ацӕмӕз ӕма Альбинӕ, Годжицати Зелим ӕма Ланӕ, Хинцӕгти Сабинӕ ӕма Борсиати Ангелинӕ.
Алагири райони бунӕттон хеунаффӕйади администраций разамунди номӕй имисӕн изӕр исаразгутӕн, архайгутӕн ӕма иуазгутӕн зӕрдиаг арфӕ ракодта ӕ сӕргълӕууӕги хуӕдӕййевӕг Гозимти Раман.
Аййев ӕма ездон ирон кафтӕй изӕрмӕ ӕрбацӕугути зӕрдитӕ барохс кодтонцӕ гъӕуи Культури хӕдзари, (е дӕр хӕссуй Хазбий ном) ирон кафти ансамбли солисттӕ Годжицати Зелим ӕма Гӕззати Дианӕ.
Номерӕн изӕри архайгутӕн, ахургӕнгутӕ ӕма иуазгутӕн муггаги номӕй зӕрдиаг арфӕ ракодта Дзаболати Хъазбег.
Скъолай ахургӕнгутӕ ма бацӕттӕ кодтонцӕ Хазбий цард ӕма исфӕлдистадон над ӕвдесӕг къарти, киунугути, газеттӕ ӕма журналти мухургонд ӕрмӕгути цӕмӕдессаг равдист.