23 ноября 2024

ЦИТГИН ХУӔРЗЕУӔГИ АККАГ БӔРГӔ АДТӔЙ…

07.05.2021 | 11:31

ХАЙТИ Индирбий

Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг нӕ минкъий Иристони адӕм ци устур байвӕран бахастонцӕ Цитгин Уӕлахези сӕрбӕлтау, е сӕрмагонд бунат ниййахӕста нӕ Фидибӕсти тугъдон историй. Сӕ лӕгдзийнади туххӕй нӕ номдзуддӕр композитортӕ, скульптортӕ, хузӕгӕнгутӕ, финсгутӕ ӕма поэттӕ исфӕлдистонцӕ сӕ хуӕздӕр уадзимистӕ… Уӕхӕн гъӕууат нӕ разиндзӕнӕй Иристони, кӕцими сӕ номбӕл арӕзт не ’рцудӕй бӕрзонд Ӕнсувӕрон циртдзӕвӕнтӕ – ӕвдесӕнтӕ еци ӕверхъау цаутӕн. Сӕ грациозон ӕма цӕстахедгӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ, адӕймагмӕ уотӕ фӕккӕсуй, цума ма нин нур дӕр хъалагъуртӕй лӕуунцӕ, гъӕуай нӕ кӕнунцӕ знагӕй… Макӕд баминӕг уӕд се ‘Стъалути рохс, феллауӕнтӕ кӕнӕнтӕ ӕностӕмӕ…

Бӕлвурд бӕрӕггӕнӕнтӕ куд амонунцӕ, уӕдта цӕргути бӕрцӕ нимайгӕй, уотемӕй Цӕгат Иристон ахӕссуй фиццаг бунат хъайтарти нимӕдзӕмӕ гӕсгӕ. Ӕнцӕ финддӕс ӕма инсӕйемӕй фулдӕр сахъигурди. Е официалон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ раст ӕй… Ӕцӕгдзийнадӕй ба ма сӕ нимӕдзӕ фулдӕр адтайдӕ… Беретӕн не ’мбӕстӕгтӕй, се ’скъуӕлхтдзийнӕдти туххӕй сӕ гӕгъӕдитӕ ӕвдист ӕрцудӕнцӕ еци кадгин хуӕрзеуӕг райсуни туххӕй. Фал, гъулӕггагӕн, сӕ реубӕл не ’сӕрттивта Сурх Стъалуй орден… Кенӕ надбӕл карз тугъдтити рӕстӕг гӕгъӕдитӕ сӕ бунатбӕл нӕ исӕмбӕлиуонцӕ афойнадӕбӕл, гӕнӕн ес ӕма нӕ бюрократон фӕззелӕнти туххӕй дӕр… Ци ӕй, куд ӕй, уӕддӕр етӕ нӕ хъайтарти нимӕдзи ‘нцӕ. Сӕ лӕгдзийнадӕ ӕма сӕ кадӕ ниллӕгдӕр нӕй ӕнӕ Сурх Стъалуй орденӕй дӕр…

Еци хъайтарти нӕмттӕ базудтан патриотикон клуб «Райгурӕн бӕстӕ»-йи ӕновуд кусти фӕрци. Архивон документти ӕцӕгдзийнадӕбӕл ӕнцойнӕ кӕнгӕй, рабӕрӕг кодтонцӕ кӕми ӕма цӕхуӕн ахсгиаг тугъдон операцити архайдтонцӕ не ’мзӕнхонтӕ, уӕлдай лӕгдзийнадӕ ӕма багъатӕрдзийнадӕ равдесгӕй.

Абони уӕ базонгӕ кӕндзинан уонӕй еуей хъисмӕти хӕццӕ.

Хайти Омари фурт Индирбий райгурдӕй Иристони рӕсугъддӕр гъӕутӕй еу – Лескени. Ирӕзтӕй коммӕгӕс, ахурмӕ тулаваст биццеуӕй. Скъола фӕууни фӕсте бацудӕй тугъдон училищемӕ. Еци дӕсниадӕ ӕхецӕн ӕ минкъийӕй равзурста. Устур деси ӕй ӕфтудтонцӕ нӕ номдзуд тугъдон инӕлартӕ ӕма не ’мзӕнхон зундгонд тугъдон архайгути ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕ. Уӕд ӕй нӕма зудта ӕхуӕдӕг дӕр, се ’мрӕнгъӕ ке ӕрлӕудзӕнӕй, уой… Фал е фӕстӕдӕр адтӕй. Нур ба бал зӕрдерисӕй ахур кодта, ӕ зонундзийнӕдтӕ бӕрзондӕй – бӕрзонддӕр кодта. Ратахтӕнцӕ ахури ӕнзтӕ. Лӕвӕрд ин ӕрцудӕй лейтенанти цин. Ӕ цийнӕн ма кӕрон кӕми адтӕй… Ӕ размӕ ци ихӕс ниввардта, уой исӕнхӕст кӕнун ӕ къохи бафтудӕй. Ӕригон уодӕн ма уомӕй ӕхцӕуӕндӕр ци уа… Фал ӕ цийнӕ берӕ рӕстӕг нӕ рахаста… Райдӕдта Устур Фидибӕстон тугъд. Индирбий тугъдӕн ӕ тӕккӕ цӕхӕри бахаудтӕй. Фиццагидӕр архайдта Ростовмӕ знаг не ’рбауадзунбӕл карз тугъдтити 1941 анзи (авт. – сахар Ростов байсунбӕл дууӕ хатти цудӕй карз тугъдтитӕ: фиццаг – 1941 анзи, уӕдта 1943 анзи, уӕд немуц тард ӕрцудӕнцӕ еци сахарӕй).

Хайти сахъигурд ӕхебӕл нӕ ауӕрдгӕй дӕрӕн кодта цифуддӕр знаги. Е ’скъуӕлхтдзийнӕдтӕ берӕ ‘нцӕ. Фал си нӕ цӕстӕ радардзинан цалдӕребӕл… Еу карз тугъдтити рӕстӕги мӕлӕтдзаг цӕф фӕцӕй сӕ роти командир, ӕма уой ихӕстӕ ӕрӕнцадӕнцӕ ӕригон лейтенант Хайти Индирбийи усхъитӕбӕл. Фал ӕ уӕгӕ нӕ бамардӕй, нӕ фӕттарстӕй зиндзийнӕдтӕй. Ӕ еугур зонундзийнӕдтӕ ӕма хъауритӕ ӕрбайеу кодта, ӕма уой фӕрци еци ӕфсӕддон операци ӕнхӕстгонд ӕрцудӕй.

Зӕгъӕн, 10 июли 1942 анзи сахартӕ Чертково ӕма Гороховаткойи ‘хсӕн хестӕр лейтенант Хайти Индирбийи ротӕ карз, тогкалӕн тугъдтити бацудӕй. Знаги нимӕдзӕ ӕфсӕддонтӕй дӕр, уӕдта хуӕцӕнгарзӕй дӕр дзӕвгарӕ фулдӕр адтӕй, уӕддӕр сӕ размӕмпурстӕй неци уадӕй. Федар нихкъуӕрд син лӕвардта Индирбийи ротӕ. Уӕдмӕ знаг бомбитӕ ӕма уӕззау артиллерийӕй пайда кӕнун райдӕдта. Роти командири размӕ хӕстӕг фехалдӕй еу бомбӕ. Еци карз исрӕмугъди уолӕн ӕй цалдӕр метри еуварсдӕр фентъухта ӕма сикъити буни фӕцӕй. Ротӕй ма ци еугай тугъдони байзадӕй, етӕ ӕндӕр гъӕуайгӕнӕн федӕрттӕмӕ сӕхе райстонцӕ, сӕ командирбӕл ба сӕ цӕстӕ нӕбал ӕрхуӕстӕй. Гъе уоййадӕбӕл ӕбӕрӕгӕй фесӕфтити номхигъдмӕ бахаудтӕй. Хуцау ӕй ервӕзун кодта, ӕма бунӕттон цӕргутӕ Индирбийи иссирдтонцӕ, сӕхемӕ ин ӕ гъӕнтӕ бадзӕбӕхтӕ кодтонцӕ. 21 августи тухамӕлттӕй нӕхеуӕнттӕбӕл исӕмбалдӕй. Изолдӕр бабӕй хъазауатонӕй тох кодта гитлеронти нихмӕ. Дууӕ хатти ма ’й раргъавта знаги нӕмуг, фал бабӕй госпитӕли фӕсте нӕуӕгӕй, нӕуӕг хъауритӕй ӕ тугъдон ӕмбӕлтти размӕ…

1943 анзи кӕрони хестӕр лейтенант Хайти Индирбий командӕ лӕвардта 1164-аг ӕхсӕг полкки 346-аг Дебальцовскаяйи ӕхсӕг дивизий батальонӕн. Хъӕбӕр дӕсни разамунд лӕвардта батальонӕн. Ӕнӕрцӕф, ӕнӕргъуди ихӕслӕвӕрдтӕ некӕд ӕвардта батальони размӕ. Алли размӕмпурсти дӕр уидӕ еугурей разӕй, ӕма уомӕй уагъта устур нифс ӕфсӕддонти бауӕри.

Уӕлдай хъӕбӕрдӕр аци батальон фескъуӕлхтӕй цӕугӕдон Сиваши сӕрти бахезунбӕл тугъдтити. Еци цӕугӕдон цӕуй Крыми ӕндӕргъцӕ. Ӕ дӕргъӕ ӕй сӕдӕ километри фулдӕр. Донӕн ӕ тӕккӕ нарӕгдӕр бунати уӕрхӕ ‘й ӕртӕ километри, ӕ ӕрфӕ ба ‘й фӕйнӕ хузи: кӕмидӕрти арфдӕр, кӕмидӕрти ба уӕлбундӕр. Фал ӕ тӕккӕ дессагдӕр ба е ӕй, ӕма ӕ бун ӕй лахъа. Гъе уӕхӕн уӕззау уавӕрти сӕ тугъдон уагӕвӕрд ӕнхӕст кодтонцӕ командиртӕ ӕма ӕфсӕддонтӕ.

Полкки командир М.П. Сыдько (фӕстӕдӕр ин лӕвӕрд ӕрцудӕй Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном) батальони командир Хайти Индирбийӕн, цӕмӕй Советон Бӕгъатӕри ном лӕвӕрд ӕрцӕуа, уой туххӕй сӕрмагонд гӕгъӕдий финста: «Несмотря на то, что батальон перед этим совершил 76-километровый марш, с тремя боекомплектами боепитания, с двухсуточным запасом питания перешел Сиваш. Сам командир постоянно находился в боевых порядках, вдохновлял бойцов личным примером. Батальон, переправившись через Сиваш, с хода занял два населенных пункта и к утру вышел к третьему населенному пункту Тамашевка. Здесь противник силою до батальона пехоты при поддержке танков и самоходных орудий предпринял попытку отбросить наше подразделение. Товарищ Хаев подпустил противника на расстояние 150 метров, а затем плотным автоматно-пулеметным огнем заставил бежать. Остались на поле боя более 50 солдат врага убитыми. Населенный пункт был освобожден от немцев. За проявленное мужество, отвагу, героизм при форсировании Сиваша и успешное продвижение вперед достоин звания Героя Советского Союза».

Ци берӕ майдантӕ ӕма ордентӕй хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй, уони ‘хсӕнӕй не ’сӕрттивта Бӕгъатӕри Стъалу…

Галеуæй рахесмæ; ХАЙТИ-УАНИТИ Хæбидæ, ХАЙТИ Хъазбег, ХАЙТИ Омар, ХАЙТИ Антонинæ æма Индирбий.

Фӕстугъд Индирбий цардӕй ӕма хъазауатонӕй фӕллойнӕ кодта сахар Загорски. Ахӕста аллихузи бӕрнон бунӕттӕ Советон Цӕдеси хъумацуафӕн министради. Куд тугъди рӕстӕг, уотӕ сабур царди адтӕй хуӕздӕрти нимӕдзи. Кӕд ӕндӕр рауӕн ӕрцардӕй, уӕддӕр ӕ фидиуӕзӕгбӕл не ’сустурзӕрдӕ ‘й. Равгӕ ин куддӕр фӕууидӕ, уотӕ иссӕуидӕ ӕ райгурӕн гъӕу Лескенмӕ, фӕццийнӕ кӕнидӕ ӕ бийнонтӕбӕл, ӕрзелидӕ ӕ къабӕзтӕбӕл. «Мӕ фидӕ ку рамардӕй, уӕд ӕз ахур кодтон дуккаг къурси, – имисуй ӕ хуӕрӕ Мая. Ӕма мин зиан байвӕруни фӕсте уотӕ ку зӕгъидӕ, дӕ ахур, дан, маци хузи ниууадзӕ. Кӕронмӕ ‘й рахъӕртун кӕнӕ. Ӕнӕ дипломӕй дӕхе ма ниууадзӕ. Ӕма ‘й ӕз уӕд ме ‘ригон зундӕй нӕ лӕдӕрдтӕн. Айдагъдӕр мӕхенимӕр рагъуди кӕнинӕ, мӕ ахур гъӕуама цӕмӕ гӕсгӕ ниууадзон.

Е ба уомӕй фӕттарстӕй, гъома, фидӕ нин нӕбал ес, нӕ мадӕ ку нӕ исхъаурӕ кӕна еунӕгӕй ӕртӕ студенти дарунмӕ. Ӕма мӕ уӕгӕ ку расӕтта, мӕ мади зиндзийнадӕмӕ кӕсгӕй. Фал нин нӕ бауагъта нӕ мади батухсун. Агъаз нин кодта ӕхцай фӕрӕзнитӕй. Гъе уӕхӕн фӕлмӕнзӕрдӕ, идардмӕуинагӕ адтӕй не ’нсувӕр».

Гъулӕггагӕн, Индирбий тугъди будури ци уӕззау цӕфтӕ райста, етӕ ин берӕ фӕццӕрунӕн фадуат нӕ равардтонцӕ. Карзӕй – карздӕр ибӕл кодтонцӕ ӕма син тугъдвӕллад лӕг нӕбал исхъаурӕ кодта. Ӕригонӕй исӕмбалдӕй е ’носон дуйнебӕл. Рохсаг уӕд.

«Тӕходуйтӕ ӕма ма не ’дзард ӕнсувӕрбӕл цардӕгасӕй ку исӕмбалдайдӕ хабар, ӕма ци лӕгдзийнадӕ равдиста ӕфсӕддон операцитӕй еуеми, е Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном райсуни аккаг ке адтӕй, е. Фал хъисмӕтӕн ци загъдӕуа… Ци хъӕбӕр ӕгъатир имӕ разиндтӕй. Уогӕ еунӕг нӕй… Куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй минкъий нӕ ‘нцӕ – ӕнӕ Стъалуйӕй Бӕгъатӕртӕ. Мах не ’нсувӕрӕй алкӕддӕр нӕ сӕртӕ бӕрзӕндти хастан ӕма хӕссӕн. Ӕ рохс ном иронх некӕд уодзӕнӕй, айдагъ махӕй нӕ, фал еугур Лескени гъӕуи цӕргутӕй дӕр.

Ӕз сӕрмагондӕй мӕхе номӕй, нӕ еугур хеуӕнтти номӕй зӕрдиаг арфӕ кӕнун патриотикон клуб «Райгурӕн бӕстӕ»-йи разамонӕг Хъарданти Тимур, уӕдта ӕ фарслӕугутӕн. Ӕнӕнез ӕма ӕнӕмаст уотӕ. Уӕ сӕрмӕ алкӕддӕр цъӕх арв уӕд. Хуцау уин макӕд бавзарун кӕнӕд, ме ’нсувӕр ӕма уой хузӕн тугъдонтӕ ци зин нӕдтӕбӕл фӕццудӕнцӕ, уони. Уӕ хъиамӕттӕ ба махӕй иронх нӕ уодзӕнӕнцӕ», – зӕгъуй Хайти Индирбийи ӕнсувӕр Хъазбег.

Мах ба ма нӕхецӕй бафтаудзинан. Ӕгайтима не ’хсӕнади ес Хъарданти Тимури хузӕнттӕ, хуарз фӕсевӕди минӕвӕрттӕ, кӕцитӕ зӕрдиагӕй архайунцӕ, цӕмӕй нӕ тугъдон намуси истори иронхуати ма байзайа. Ӕцӕгӕйдӕр – «Неке ӕй иронх, неци ӕй иронх».

 

БИЧИЛТИ Алетӕ