03 декабря 2024

СÆЙГÆН Æ ФÆЙЙАГЪАЗГÆНÆГ – Æ УОДИБÆСТÆ!..

04.06.2021 | 22:05

Сæйгæ адæмæй лæвар кенæ зингæ асландæргонд хуастæ сæрмагонд федералон уагæвæрдмæ гæсгæ кæмæн гъæуама лæвæрд цæуонцæ, уонæй хъæбæр беретæ ‘й сæхебæл бавзурстонцæ, куд сæ фудевгед кæнунцæ медицинон косæндæнтти: уæхæн хуастæ уин радех кæнуни равгæ нæмæ нæййес, зæгъгæ, рæуонæй син рецепттæ финсгæ дæр нæ ракæнунцæ. Уотемæй ба, цæмæй нæмæ уæхæн хуастæ еугурæй дæр æнхæстæй уонцæ, уой туххæй республикæн дехгонд æрцудæй 550 миллион соми. Гъæуама лæвар ци хуастæ лæвæрд цæуонцæ, етæ син фур хъазарæй æлхæнгæ рауайунцæ коммерцион афтекти. Еци фарста исбæлвурд кæнгæй, нæ республики Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстæнæг Сергей Меняйло хъæбæр карзæй байагурдта, гъуддаг кæмæй аразгæ ‘й, уонæй, цæмæй еци æведауцæдзийнадæн кæронгонд æрцæуа.

Уобæл æма ма нæ республики царди иннæ гъуддæгути уавæртæбæл цудæй дзубанди, Сергей Меняйлойæн æрæги журналистти хæццæ ци пресс-конференци адтæй, уоми. Уой фæдбæл æрмæг кæсетæ 2-аг фарсбæл.