27 декабря 2024

ӔМБАЛӔЙ АМОНДГУН АДТӔН

13.08.2021 | 17:30

КАЛОТИ Хазби

КАЛОТИ Хазби райгурдӕй 1921 анзи 15 августи хуӕнхон гъӕу Байкоми. Бийнонтӕ 1924 анзи ралигъдӕнцӕ будурмӕ, ӕрцардӕнцӕ нӕуӕгарӕзт Къостайгъӕуи. Хазби ами авданзон скъола каст фӕууогӕй, 1934 анзи ахур кӕнунмӕ бацудӕй Дзӕуӕгигъӕуи педагогон техникуммӕ, фал ӕй е ‘нӕнездзийнади тухст уавӕрмӕ гӕсгӕ каст нӕ фӕцӕй. Фӕстӕдӕр ахур кӕнун байдӕдта Тбилисий паддзахадон университети филологон факультети, уордигӕй ба раййивта Цӕгат Иристони педагогон институтмӕ. Ами цуппӕрӕймаг къурси ку ахур кодта, уотемӕй райдӕдта Устур Фидибӕстон тугъд. Ӕма 1941 анзи августи имӕ фӕдздзурдтонцӕ Сурх Ӕфсади рӕнгъитӕмӕ, рарвистонцӕ ‘й ахур кӕнунмӕ Камышини танкон училищемӕ. Уой каст фӕууогӕй 1942 анзи сентябри кӕстӕр лейтенант Калой-фурт ӕрвист ӕрцудӕй Архайӕг ӕфсадмӕ, иссӕй танки командир. Немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгути нихмӕ тох кодта Калининаг ӕма Ленинградаг фронтти. Курски дуга, зӕгъгӕ, ке хонунцӕ, уоми карз танкон тугъдтити рӕстӕг 1943 анзи 8 июли бӕгъатӕрӕй фӕммард ӕй. Байвардтонцӕ ‘й Курски облӕсти Обоянаг райони гъӕу Красная Поляни.

Калоти Хазбийи туххӕй циуавӕр ӕрмӕг ниммухур кӕнӕн, уобӕл гъуди кӕнгӕй расагъӕс кодтан: е ‘сфӕлдтистадӕ нӕ дзиллӕн уотемӕй дӕр хуарз зундгонд ӕй ӕма ма уой туххӕй радзорӕ-бадзорӕ кӕнуни бӕсти ӕ имисӕн бони хуӕздӕр уодзӕнӕй, Хазбийӕн хумӕтӕг царди дӕр цӕйбӕрцӕбӕл рӕсугъд зӕрдиуагӕ ӕма уодигъӕдӕ адтӕй, уой нин ка раргом кӕна, уӕхӕн ӕрмӕг ниммухур кӕнун. Гъе уомӕ гӕсгӕ уӕ абони зонгӕ кӕнӕн, ӕ хуӕрз ӕрдхуард, тугъди ӕма фӕллойни ветеран ДЗОДЗИККАТИ Аслӕнбег кӕддӕр ци имисуйнӕгтӕ ниффинста, уони хӕццӕ.


КАЛОТИ Хазбийи хӕццӕ базонгӕ дӕн 1938 анзи, Дзӕуӕгигъӕуи педагогон институтмӕ ахур кӕнунмӕ бацӕуни райдайӕни. .Нӕ зонун, цӕмӕ гӕсгӕ, фал сауӕнгӕ нӕ фиццаг фембӕлди мӕмӕ мӕ зӕрдӕ федарӕй исдзурдта, хуарз ӕмбал мин ке уодзӕнӕй, уой. (Уой фӕсте мин Хазби куд загъта, уотемӕй уӕд уомӕ дӕр уӕхӕн гъуди фӕззиндтӕй). Нӕ дууӕ дӕр – асӕй ниллӕгутӕ, ӕфсӕрмигӕнагӕ, ахурбӕл ба – еузӕрдиуон, ахурадон уӕтти бадгӕ дӕр кодтан ӕмвӕрстӕ, цӕргӕ дӕр кодтан еумӕ – Чапаеви гъӕунгӕбӕл ӕмдзӕрӕни. Нӕ хӕццӕ ма еци азгъунсти цардӕнцӕ дууемӕй: Дзалати Моисей (Алагирӕй) ӕма Фатцати Мишӕ (Дигорайӕй). Цардан мӕгургомау, фал лимӕнӕй. Нӕ сехуар еухузон мӕгургомау адтӕй – 200 грамми дзол, 100 грамми халиуа (сӕкӕри бӕсти), еу агувзӕ – фунх дон. Цӕмӕй лекцимӕ ма байрӕги кодтайсӕ, уой туххӕй сехуар гъӕуама афойнадӕбӕл искодтайсӕ. Фунх донмӕ кезугай гъӕуама цудайанӕ хуӕрӕндонӕмӕ. Фал Хазби нӕ еугурей разӕй исистидӕ ӕма фунх дон ӕрбахӕссидӕ. Уӕхӕн цӕрдӕг лӕхъуӕн адтӕй.

Хъӕбӕр сӕрӕн, хатиргӕнагӕ, ӕнӕхийнӕ, ӕмгарӕуарзагӕ лӕхъуӕн адтӕй Хазби. Ӕмгари туххӕй ӕ фӕстаг хӕдонӕ дӕр раластайдӕ. Мӕгур студенттӕ кӕд адтан, уӕддӕр нӕмӕ ӕмгарӕн кадӕ кӕнун, ӕмгарӕбӕл ӕмвӕрсун, уомӕн фӕййагъаз кӕнуни ихӕс хъӕбӕр уӕлиау ӕвӕрд адтӕй. Иннӕ студенттӕ дӕр ма дес кӕниуонцӕ нӕ лимӕн цардбӕл, уӕлдайдӕр нӕ кӕрӕдзей хъӕппӕлти ку фӕууиниуонцӕ, уӕд.

Дессаги рӕдау уоди хецау адтӕй Хазби. Институти фиццаг къурси ма ку ахур кодтан, уӕд Хазбийӕн ӕ хестӕр ӕнсувӕр Барис ба ахур кодта цуппӕрӕймаг къурси. Е ӕхецӕн бахуйун кодта костюм, Хазбийӕн ба – ходӕ. Хазби ходӕбӕл бацийнӕ кодта, фал уайтӕкки Бариси рафарста:

– Ӕма уӕд Ципулӕн ба?

Мӕ мади номӕвӕрдӕй мӕ уотӕ худта Хазби дӕр фур уарзонӕй. Барис медбилти бахудтӕй ӕма ӕмдзӕрӕнӕй фендӕбилӕ ‘й. Бахуйун кодта мӕнӕн дӕр Хазбийи ходи хузӕн ӕма мин ӕй ӕрбахаста. Нӕ цийнӕн кӕрон дӕр нӕбал адтӕй. Хазби дӕр уӕд ӕ ходӕ ӕ сӕрбӕл ӕркодта ӕма сӕ дарун райдӕдтан.

Ирон литературӕ, уӕлдайдӕр ба поэзи, хъӕбӕр уарзта Хазби (мӕнӕн дӕр ма ‘й бауарзун кодта). Ирон поэтти ӕмдзӕвгитӕ зудта зӕрдӕбӕлдардӕй. Тӕккӕ фулдӕр уарзта ӕма аргъ кодта Хъамбердиати Мисости, Нигери ӕма Фӕрниони исфӕлдистадӕн. Уӕлдай цитгин ба ин Хетӕгкати Къоста адтӕй. Уотӕ зӕгъидӕ, ци амондгун, дан, адтайнӕ, Къостай ку зудтайнӕ. Е ‘мдзӕвгитӕ ин еугурӕйдӕр зудта. Ӕма уотӕ зӕгъидӕ: ӕ алли гъуди дӕр, дан, ин разарӕн ес. Хазби Къостай худта зӕнхон Хуцау.

Алцӕмӕдӕр зӕрдӕргъӕвд уогӕй, Хазбимӕ ӕмдзӕвгитӕ финсунмӕ разагъди арӕхстдзийнадӕ ке адтӕй, уоми ӕнӕгъӕлондзийнадӕй неци ес, уомӕн ӕма исфӕлдистадон ӕгъдауӕй дессаги зӕрдӕргъӕвд адтӕй. Уотӕ мӕмӕ кӕсидӕ, цума имӕ рифмитӕ кезуй лӕудтӕнцӕ, кӕмӕн си кӕми исӕмбӕлун ӕнгъизтӕй, уомӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ. Ӕма, ӕцӕгӕйдӕр, мӕлӕти рӕсугъд ӕма раст сӕ бунӕттӕбӕл ӕмбӕлгӕ дӕр искӕниуонцӕ. Деси мӕ бафтауидӕ ӕ арӕхстдзийнадӕ ӕма ин ку зӕгъинӕ, адӕмӕн сӕ раргом кӕнӕ, адӕмӕн, зӕгъгӕ, уӕд мин уотӕ зӕгъидӕ:

– Цӕттӕ нӕма ‘нцӕ, цӕттӕ…

Нӕ кӕрӕдзей хуарз лӕдӕрдтан, ӕма нӕ лимӕндзийнадӕ дӕр тухгиндӕр кодта: «Ӕз лӕгӕй лӕгигъӕдӕ домун. Хуарзи агорун ӕмбалӕн…», уотӕ зӕгъуй ӕмдзӕвгӕ «Фӕстаг салам»-и.

Уотӕ рауадӕй, ӕма 1939 анзи нӕхемӕ, Курттати коми фӕдтӕн каникулти. Ку ‘рцудтӕн ахури анзи райдайӕнмӕ, уӕд фӕссӕйгӕ дӕн. Дохтиртӕ мин амудтонцӕ донибилӕбӕл сӕумон уӕлдӕфӕй уолӕфун. Хазбийи хӕццӕ ӕрцӕуинӕ Терки билӕмӕ ӕма гъазгӕ-ходгӕй донмӕ дортӕ ‘хсгӕй, цидӕртӕ имисгӕй, кӕдзос уӕлдӕфӕй уолӕфгӕй, Ногири ауиндзгӕ хедмӕ ӕрхъӕрттан. Хедбӕл бацудан гъӕумӕ ӕма мин уотӕ зӕгъуй: ами, мӕ мади ‘рвадтӕлтӕ цӕрунцӕ, зӕгъгӕ, ӕма сӕмӕ бауайӕн. Хазби зудта, ӕз ескӕмӕ цӕуагӕ ке нӕ адтӕн, уой, ӕма ку нӕ арази кодтон, уӕд мин уотӕ зӕгъуй, мадта, мӕмӕ ами бангъӕлмӕ кӕсӕ, ӕз тагъд фездӕхдзӕнӕн фӕстӕмӕ.

Ӕнгъӕлмӕ имӕ кӕсун, мадта ци. Уӕдмӕ мӕмӕ еу каргун лӕг рацудӕй ӕма мин ездонӕй загъта, цӕмӕй хӕдзарӕмӕ бацудайнӕ. Ци гӕнӕн ма мин адтӕй – бацудтӕн ӕ хӕццӕ медӕмӕ. Ӕма уинун: идзаг финги фӕйнӕфарс бадунцӕ синхӕгтӕ, гагидӕуттӕ уадзунцӕ бӕрӕгбони номӕн… Хъӕбӕр хуарз исиуазӕг кодтонцӕ мах дӕр…

Берӕ рохс фӕндитӕ нӕмӕ адтӕй нӕ дууемӕ дӕр. Фал нин сӕ ӕнӕхайири тугъд нӕ хъури фӕббадун кодта.

Тугъдмӕ дӕр ӕ тӕккӕ райдайӕни рандан еумӕ, танкистти скъолай дӕр ахур кодтан еумӕ. Уӕди рӕстӕги уавӕртӕмӕ гӕсгӕ нӕмӕ ахид рауайидӕ дзубандитӕ Фидибӕсти, уой сӕрбӕлтау уодуӕлдайдзийнадӕ бавдесунмӕ цӕттӕ уни туххӕй. Хазби федарӕй фӕззӕгъидӕ:

– Нӕ Райгурӕн бӕсти мах нуртӕккӕ гъӕуӕн!..

Ӕма нӕ Фидибӕстӕ цӕйбӕрцӕбӕл ӕновудӕй уарзуй, цӕйбӕрцӕбӕл хъазар ин ӕй нӕ адӕми карнӕ, цӕйбӕрцӕбӕл ӕнӕуинон ин ӕй знаг, уой зӕрдӕргомӕй ӕвдиста е ‘мдзӕвгити.

Ӕфсӕддон къазармай хустан Бесати Газакки (Дзиуаригъӕуӕй) фӕйнӕфарс, Газакк бӕрзонд лӕхъуӕн адтӕй, мах ба ӕ рази – дууӕ ниллӕггомауи. Газакк деси бацӕуидӕ, дӕ лимӕн дӕ куд нӕ иронх кӕнуй некӕд ӕма некӕми…

Хазби ӕ бӕзгин тетради финста ӕ гъудитӕ, даргӕ ба ‘й кодта ӕ противогази хизини. Еци гъуддаг базудта взводи командир кӕстӕр лейтенант Жуковец ӕма фӕххилӕ кодта Хазбийӕн. Ӕфсӕддон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕцӕгӕйдӕр, не ‘нгъизтӕй уотӕ кӕнун, фал Хазбийӕн ӕ бӕзгин тетрадӕн ӕндӕр бунат нӕ адтӕй. Фудлӕг адтӕй еци афицер, ӕдзӕстуарзон… Ӕма Хазбийӕн ахид раттидӕ, ӕфхуӕрӕн ӕнӕрадон наряд.

Уой хӕццӕ ба ма хъӕбӕр хеуарзон адтӕй Жуковец. Ахид нин ӕстудта ӕхе, ӕнӕзӕрдихудт, уагӕбӕл, дан, ку службӕ кӕнайтӕ, уӕд, дан, мӕнӕ мӕн хузӕн хуарз афицертӕ исуодзинайтӕ. Ӕма еци дзубандитӕмӕ гӕсгӕ си ӕфсӕддонтӕ ба уотӕ зӕгъиуонцӕ: ӕ кӕстӕр лейтенанти зӕгӕл (кубарь) имӕ маршӕли стъалуйӕй бӕрзонддӕр кӕсуй.

Гъема аци адӕймаг Хазбийӕн ӕ алли фӕззилдмӕ дӕр е ‘фхуӕрӕн дзурд гӕлста. Ӕ еци миутӕ нӕмӕ уоййасӕбӕл ӕнӕраст кастӕнцӕ, ӕма еухатт, ӕхсӕвӕр ку бахуардтан, уӕд ку исфӕндӕ кӕнианӕ мӕн, куд Хазбийи хуӕздӕр ӕмбал, уотӕ нӕ командирмӕ барветун: «Цӕуай, ракъахай ӕй, ӕма базонӕ, цӕмӕн ӕй Хазбийи нихмӕ…»

Ӕз бацудтӕн Жуковецмӕ ӕма ‘й ӕнӕ ракӕнӕ-бакӕнӕй фӕрсун, цӕмӕн дӕ Калой-фурти нихмӕ? Е мин уотӕ зӕгъуй:

– А какое твое дело?!

Уой райгъустонцӕ иннӕ ӕфсӕддонтӕ! Еугурӕйдӕр кавказӕгтӕ ӕрбамбурд ӕнцӕ, нӕхецӕй Цӕгӕрати Максим, Къуллити Туземс, Бидети Александр, Къадзти Сергей ӕма ин еци тингунӕй загътонцӕ:

– Зонӕ, кавказӕгтӕ уӕхӕн ӕфхуӕрӕн миутӕ нӕ хатир кӕнунцӕ. Ӕнцад ниууадзӕ лӕги, уадзӕ ӕма финса ӕ финсуйнӕгтӕ…

Ӕ хузӕ фӕццидӕр ӕй афицерӕн, ракудӕртӕ ‘й ӕма айдагъдӕр ма уотӕ исдзурдта:

– Я ничего… я ничего…

Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хазбийи нецӕмӕйбал хъор кодта, е нӕ, фал ма ин «Молодец, кавказец», зӕгъгӕ, дӕр ма зӕгъидӕ, финсгӕ ‘й ку баййафидӕ, уӕд.

Никкидӕр ма еу хабар. Хазби къазармай радгӕси кезу ку хаста, уӕд фӕсӕмбесӕхсӕви, еу-ӕртӕ сахаттебӕл, ци стъоли фарсмӕ бадтӕй, уобӕл ӕ бӕзгин тетрад ӕрӕвардта ӕма ӕмдзӕвгӕ финсунбӕл исхуӕстӕй. Уотӕ арф ранигъулдӕй ӕ сагъӕсти ӕма нӕ балӕдӕртӕй ӕ уӕлгъос куд ӕрбалӕудтӕй, училищей радгӕс. Ӕз дуармӕ хӕстӕг хустӕн ӕма мӕ медфунӕйӕй мӕ гъостӕбӕл рауадӕй цидӕр ӕзгули ӕма гъӕр дзубанди:

– Война идет, война идет!..

Уӕдмӕ дин сӕ рази февзурдӕй еу болкъон ӕма сӕ фӕрсуй, сӕ хӕлхъой цӕбӕл ӕй, уомӕй. Лейтенант ин уотӕ:

– Война идет, а он стихи пишет!..

Болкъон ку балӕдӕрдтӕй хабар, уӕд уотӕ бакодта:

– А что, если идет война, так мы должны дышать перестать? Очень хорошо, что у нас есть такие таланты, только пусть отражает в своих стихах всю правду времени…

Хазбийи фарс ке рахуӕциуонцӕ хуарз адӕймӕгутӕ, е ин устур агъаз адтӕй ӕ исфӕлдистади ирӕзтӕн.

Уӕдмӕ уотӕ рауадӕй, ӕма Хазбийи хӕццӕ кӕрӕдземӕй гъӕуама фӕххецӕн адтайанӕ. Ӕма мӕмӕ уӕд ӕртӕ ӕмдзӕвги равардта, цӕмӕй сӕ багъӕуай кӕнон. Фал, гъулӕггагӕн, нӕ мин бантӕстӕй ӕ фӕдзӕхст исӕнхӕст кӕнун, етӕ мин тугъди хъӕлхъойти цидӕр фӕцӕнцӕ, мӕхуӕдӕг ба госпитӕльмӕ бахаудтӕн.

Фӕххецӕн ан Хазбийи хӕццӕ устур зинӕй. Фӕххецӕн дӕн ме ‘ннӕ ӕмбӕлттӕй дӕр берети хӕццӕ. Фал мӕ финстӕгути, кӕмӕ ма адтӕй финсӕн, уони фӕрсинӕ не ‘мбӕлтти идарддӕри карни туххӕй. Максим раздӕр иссудӕй Иристонмӕ ӕма мӕмӕ финста, Хазби ке фӕммард ӕй Курски къӕлӕти зинги.

Ахид ӕрлӕуунцӕ мӕ зӕрдӕбӕл ме ‘мбӕлтти хӕццӕ, уӕлдайдӕр ба Хазбийи хӕццӕ мӕ царди хецӕн цаутӕ ӕма хабӕрттӕ. Мӕлӕти фудӕй уӕхӕн парахат ӕма хӕларзӕрдӕ адӕймаги хӕццӕ фӕххецӕн ун арф гъӕдгин ниууагъта мӕ уодрӕбун, мӕ зӕрди. Хазби мин сауӕнгӕ ӕ уарзон кизги финстӕгутӕ дӕр ма кастӕй, кастӕй сӕ устур цийнӕ ӕма нифси хӕццӕ, тугъд фӕууни фӕсте райдзаст цардмӕ бӕлгӕй…

…Еудадзуг уобӕл гъуди кӕнун, ӕма уогӕ ба куд хуарз ӕй, куд ӕнцон фӕууй зӕрдӕн, ку дин уа нифсдӕттӕг, ӕууӕнкгин ӕмгарӕ ӕма ӕмбал. Цубур финстӕги уой радзорун хъӕбӕр зин ӕй. Кӕд ӕмбалӕй ескӕд еске амондгун адтӕй, уӕд уонӕй еу дӕн ӕз!.. Арфӕ дин кӕнун, мӕ уарзон ӕмбал, Хазби, еузӕрдиуон ке адтӕ ӕмгарӕбӕл, Райгурӕн бӕстӕбӕл!

2002 анз.

 


Калоти Хазбийи поэтикон исфӕлдистадӕ ӕ рӕстӕги зундгонд иссӕй Советон Цӕдеси иннӕ адӕмихӕттитӕн дӕр, е ‘мдзӕвгитӕ уруссаг ӕвзагмӕ тӕлмацгонд ке ‘рцудӕнцӕ, уой фӕрци. Тӕлмац ба сӕ кодтонцӕ нӕ бӕсти искурдиадӕгин поэттӕй беретӕ: Борис Голлер, Сергей Ботвинник, Сергей Поликарпов… Уотемӕй мухургонд ӕрцудӕнцӕ цалдӕр киунугеми: «До последнего дыхания», «Стихи советских поэтов, павших в Великой Отечественной войне», (Мӕску, 1985); «Советские поэты, павшие в Великую Отечественную войну», (Мӕску, 1965); Нӕ иннӕ ӕдзард поэт Кочисати Мухарбеги хӕццӕ син Мӕскуй 1973 анзи уагъд ӕрцудӕй еумӕйаг киунугӕ «Побратимы».

Абони мухур кӕнӕн Калоти Хазбийи цалдӕр ӕмдзӕвги уруссаг ӕвзагмӕ тӕлмацгондӕй.

 

ФӔДЗУРЫНЦ МЫН…

Фӕдзурынц мын: «Ныууадз дӕ фӕндыр,
Кӕнӕ та бацагай дӕ бӕх.
Поэт уӕвын кӕй нӕ фӕфӕнды,
Фӕлӕ нӕуӕгӕй исты зӕгъ.

Цард хорз у, уый фыстой ма раздӕр…
Лӕджы фӕзмын ӕмбисонд нӕу.
Кӕдӕмдӕр музӕ цалдӕр азы
Дзӕгъӕл быдырты скъӕфы дӕу».

Ӕмӕ фырадӕргӕй мӕхицӕн
Ӕппындӕр нал ф’ арын бынат.
Фӕбӕллын: ехх, кӕмӕй фӕхицӕн
Поэтикон лӕмӕгъдзинад!

1939 аз.

***

Комы уазал сау ӕхсӕв ӕрхуыссыд,
Арвӕй рахауд мигътӕм уӕлӕ мӕй…
Цӕй, фыссон, ӕмӕ йӕм ныр цы фыссон,
Исты йӕ, мыййаг, мӕ мӕт куы нӕй.

Дон фӕйлауы… дон мӕстыйӕ ниуы,
Къӕйтыл райсом – урс фынкӕй тӕмӕн…
Сауцӕст, саудзыкку цӕры мӕ риуы,
Сауцӕст басаста мӕ тых мӕнӕн.

Зӕрдӕ – сайд, фыдуаг сӕнттӕ нӕ сысынц,
Зӕрдӕ ацыд, ахицӕн мӕнӕй…
Цӕй, фыссон, ӕмӕ йӕм ныр цы фыссон,
Исты йӕ, мыййаг, мӕ мӕт куы нӕй?

1940 аз.

***

Тугӕхсырӕмхӕццӕ рустыл
Федтон ӕз сӕууон ӕртӕх…
Цӕй, цӕуыл мыл кӕныс бустӕ,
О мӕ боны рухс, уый зӕгъ!..

Ӕви ӕз дӕуӕн нӕ бӕззын,
Цардӕн нӕу мӕ уд нывонд,
Ӕмӕ сау бӕндӕн фӕлӕсы
Де ‘взонг риуыл, судзы зонд?

Ма кӕ, мауал мыл кӕ бустӕ,
Асӕрф райсомы ӕртӕх.
Ӕз дӕу дӕн, дӕу дӕн ӕнусмӕ, –
Фод мын карз ӕвдисӕн зӕхх.

1940 азы, август.

РАЙЫ АРВ

Райы арв мӕ цинӕй иууыл,
Дзуры мӕм цыдӕр ӕдзух…
Ахсӕв сауӕрфыджы риуыл
Ӕз ӕвӕрын ризгӕ къух.

Ӕмӕ судзгӕ былтӕй нуазын
Хъазгӕ цардамонды хай.
Дымгӕ сыфтӕртыл дзыназы
Ӕмӕ куры уый мӕ къай…

Фӕлӕ буцхаст уӕнгты ризын
Ӕмӕ сусӕггаг улӕфт
Мӕн фӕлмӕст хъуыдытӕй хизынц
Ацы цинӕйдзаг ӕхсӕв.

Риуы хъарм улӕфтӕй гуыры
Ног сӕнтты сырхзынг рӕхыс…
Ӕмӕ цӕстытӕм лӕбуры
Худгӕ ног амонды хуыз.

1940 азы, 3 август.

***

Дӕ уӕнгты ‘нӕкӕрон ныфс уа,
Сӕрибар уартхӕссӕг ӕфсад.
Ды та дӕ сабыр цард
Ныууагътай…
Ӕнафоны нӕ зӕхмӕ ‘ртахти
Фыдгулы зилдухгӕнӕг зынг.
Хӕцын у зын.
Фӕлӕ уӕлахиз
Ды дӕ, мӕ уарзон бӕстӕ, ды!
Ӕнцад, куыдз-рыцар,
Размӕ ма хиз,
Дӕ ных сӕтты!..
Ӕллӕх, цӕй тӕригъӕд у зӕхх!..
Дӕ тугӕй чъизи кӕны зӕхх,
Иӕ рухс цӕсгом мӕйдарӕй ивы…
Ӕгъгъӕд!
Ды сахуыр дӕ фӕливын.
Лӕбур, дӕ гӕндзӕхтӕ уал цӕгъд,
Мӕлӕты мад, ӕнаккаг талӕу!
Фӕзынд нӕ фондзтигъон ыстъалы,
Уый фехста сау мигътӕм йӕ тын,
Налаты цард ыскъуынӕг тын.
Уый зоны: мах ыстӕм уӕлахиз.
Ӕнцад, куыдз-рыцар,
Размӕ ма хиз,
Дӕ ных сӕтты!..

1941 азы, 22 июнь.

ФӔСТАГ САЛАМ

Бӕлас йе ‘ртӕх тауы зӕххыл,
Уады ‘нкъуысынӕй фӕллайы…
Асӕргъыг кӕнон мӕ бӕхы
Ӕмӕ дард быдыртӕм уайон.

Нӕй мын фӕсвӕндагмӕ здӕхӕн,
Карз тохы цӕры мӕ амонд…
Ма мӕм хъамбул кӕн фыдӕхау.
Цӕй, дӕ фӕндырӕй ӕрцамон.

Ӕз ӕркъул кӕнон мӕ саргъыл,
Бӕлӕсты ныххырхон кардӕй…
Гъей, зӕгъут-ма, цавӕр аргъӕй
Балхӕндзӕн лӕг амонд царды?

Ӕз лӕгӕй лӕджыхъӕд домын,
Хорзы агурын ӕмбалӕн…
Сау ӕфсургъы чи уромы!..
Уалӕ ‘рхауы боны стъалы…

Ды цӕрдзынӕ ам нӕ фӕстӕ…
Ратт фӕстаг салам ныр махӕн…
Ницы мӕ хъӕуы, ӕрмӕстдӕр
Бахуд!..

1941 азы 15 июль, Елхот.

***

Ыстыр хӕстӕй ӕрцӕугӕйӕ
Фӕбадтӕн ӕз нӕ ныхасы.
Ыстыр хӕстӕй ӕрцӕугӕйӕ
Фӕмысыдтӕн мӕ тухитӕ…
Ехх, мӕ ныййарӕг мад,
Нал уыди мӕ бон!..

Иннабонӕй-иннабонмӕ
Фӕцыдыстӕм кӕйдӕр зӕххыл.
Иннабонӕй-иннабонмӕ
Хӕцыдыстӕм кӕйдӕр зӕххыл.
Фыдызнагимӕ карз тохы
Нӕ басасти нӕ тых…

Ӕхсӕв-иу мӕй куы сцӕйтылди, –
Мӕхи-иу ыл ныффӕдзӕхстон,
Нылхъывтон-иу мӕ дӕндӕгтӕ,
Ӕд кард-иу размӕ атахтӕн…
Ехх, мӕ ныййарӕг мад,
Нал уыди мӕ бон!..

Лӕгӕн тӕригъӕд чи кодта!
Лӕджы цард ма кӕмӕ цы каст!..
Уӕддӕр фӕстӕмӕ ‘рцыдыстӕм
Сӕрӕгасӕй нӕ хъӕубӕстӕм…
Фыдызнагимӕ карз тохы
Нӕ басасти нӕ тых…

Ыстыр хӕстӕй ӕрцӕугӕйӕ
Фӕбадтӕн ӕз нӕ ныхасы.
Ыстыр хӕстӕй ӕрцӕугӕйӕ
Фӕмысыдтӕн мӕ тухитӕ…
Ехх, мӕ ныййарӕг мад,
Нал уыди мӕ бон!..

1941 азы, октябрь, Камышин.

УЛЫБАЕТСЯ НЕБО

Улыбнулось светло и немо
Надо мною ночное небо…
Я к груди твоей прикасаюсь,
Я сгореть в любви опасаюсь…
Чаша счастья – она бездонна,
Чаша жизни – полна до срока…
Только ветер скулит бездомный
Без тебя ему – одиноко.
Но всей дрожью сиюминутной
И дыханья горячей тайной
Огражден я от мысли смутной,
Защищен от тоски случайной.
И опять сердце бьется чаще,
В цепь мечтаний включая ток…
Чтобы тотчас новое счастье
Я очами окинуть мог.

Август, 1940 г.

Прошу землю

О, как ты недоступна, сила слова!
Бушует сердце, радость бьется в нем…
Земля моя, всех дел моих основа,
Вспои меня белейшим молоком!
Я с вами, жизнь, вселенские просторы,
И эту связь ничто не разорвет.
Люблю, земля, сверкающие горы,
Люблю полей пшеничных разворот…
Люблю… Но с вами вправе ль я сравниться,
Орлы, герои – нарты наших дней?
Прошу, земля, со мною поделиться
Своею силой, правдою своей.
Мне подари слова – стальные стрелы,
Поэзии секрет не утаи…
О, где ты, дней свободных сокол смелый.
Дай крылья мне могучие свои!

1940 г.

***

В ущелье – холодная, черная ночь,
На облако с неба упала луна…
Я милой писал бы – да что-то невмочь,
Меня ведь и вспомнить не хочет она.
Грохочет, волнуется горный ручей,
И с берега пена сползает, седа…
От кос твоих черных, от черных очей
Влюбленной душе не уйти никуда.
Обмануто сердце, в нем черная ночь,
Уходит оно, а разлука страшна…
Я милой писал бы, да что-то невмочь,
Меня ведь и вспомнить не хочет она.

1940 г.

К ВОЛГЕ

Спит Волга, легкая волна
Покачивает сонно.
Напиток нартов пьет она,
Ей ветром поднесенный.
Луна в воде дрожит слегка,
Как чаша золотая.
В алмазном поясе река
Уходит вдаль, блистая.
Слезами радости омыв,
Возьми меня с собою!
Ведь я – твой благодушный див
С похожею судьбою!
Как волны, я впадаю в гнев
И не терплю обиды,
Мне отдал ветер свой напев,–
Но я спокоен с виду.
Хочу смеяться… и молчать…
Манит простор вселенной!
Ты можешь вдаль меня умчать
Волною белопенной.
Тебя навек я полюбил,
Склонился пред могучей,–
Так тополь стан свой наклонил
Под бурею летучей.

1941 г.

***

Не пожалею жизни, ибо знаю:
Жизнь схожа с водопадом… Грянет бой –
Паду, быть может, землю обнимая,
Но гордо встречусь с трудною судьбой.
Подруга лира, ты покрылась пылью,
Уже забыл осанку я твою…
На боевом ветру, расправив крылья,
Я, как орел, что бури ждет, стою.

Сентябрь, 1941 г., Камышин.

Меч

(Баллада)

Тень мрачная упала на страну,
И уходили юноши – джигиты…
Мать сына провожала на войну:
«Отцовский меч в сраженьях сбереги ты!

Из боя он прислал его тебе –
На нем еще алели крови пятна…
Я верю: будешь стоек ты в борьбе,
С победою вернешься ты обратно».

Как птицы, мчались быстрые года,
И дерево засохло понемногу…
Мать опустила голову, седа,
Она глядела долго на дорогу.

И услыхала голос: «Жизнь сберечь
Не смог твой сын – сберег он честь солдата…
Он, падая, мне передал свой меч,
И я его храню в сраженьях свято!»

1941 г.

ПРОЩАЛЬНЫЙ ПРИВЕТ

Гнула буря дерево сурово –
Вся в росе, лежит под ним земля…
Скакуна оседлываю снова
И скачу в далекие поля.

Мне нельзя сворачивать с дороги –
Счастье добывается в бою…
Не гляди так мрачно, друг мой строгий,
Лучше разверни гармонь свою!

Требую я мужества большого,
Дружбы настоящей, навсегда…
Кто коня удержит вороного?
Вот упала ранняя звезда…

После нас ты будешь жить на свете –
Дорог нам прощальный твой привет…
Одного хочу в мгновенья эти:
Подари улыбки свет!

1941 г.