27 декабря 2024

ФИЦЦАГ ИРОН ДУЙНЕЙ ЧЕМПИОН

13.08.2021 | 18:02

Мадта куд тагъд тӕхунцӕ ӕнзтӕ! Кӕддӕр адӕймагбӕл ӕртинсӕй анзи, зӕгъгӕ, цӕуй, ку фегъосианӕ, уӕд нӕмӕ уотӕ кӕсидӕ, цума е зӕронд лӕг ӕй. 80-анздзуд ба нӕмӕ бустӕги зӕрондбӕл нимад адтӕй. Нур нӕхебӕл 70 анземӕй фулдӕр ку фӕццӕуй, уӕд нӕмӕ 60 анзей размӕ ци гъуддӕгутӕ ‘рцудӕй, етӕ дӕр ӕзини хузӕн фӕккӕсунцӕ.

Мах ма скъоладзау сувӕллӕнттӕ адтан, уотемӕй газетти ӕма радиой фӕрци нӕ гъос ӕрдардтан, уӕди рӕстӕги устур спорти фиццаг къахдзӕфтӕ ци ирон богӕлттӕ кодтонцӕ, уонӕмӕ. Кӕрӕдземӕн кодтан Дзгойти Аслӕнбег, Хъулати Бадзи, Бекмӕрзти Михал, Дзарасати Саукуй, Гиоти Хасан, Бестаути Алинбеги туххӕй ци хабӕрттӕ игъустан, уони. Абони хузӕн ӕй гъуди кӕнун, 1956 анзи куд фегъустан, Хъулати Бадзи ӕма Бестаути Алимбег Мельбурнмӕ Олимпаг гъӕзтитӕмӕ цӕунцӕ, уой. Еци бӕнтти нӕ физкультури ахургӕнӕг Лекъти Тотраз махӕн игъӕлдзӕгӕй ку радзурдта, ирон богӕлттӕ Олимпаг гъӕзтити ке архайдзӕнӕнцӕ, никки ма си еу не ‘мкъласон Хъулати Эльбруси хестӕр ӕнсувӕр Бадзи уодзӕнӕй, зӕгъгӕ, уӕд ма нӕ цийнӕн кӕрон кӕми адтӕй. Уӕд Бадзий хӕццӕ Мельбурнмӕ рандӕй, еци анз дуйнеуон Кубок ка рамулдта, уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕстӕй, еци ирон богал Бестаути Алимбег. Мах уӕдмӕ Алимбеги туххӕй зудтан, Советон Цӕдеси ӕригӕнтти ‘хсӕн, Уӕрӕсей ба каргун спортсменти ‘хсӕн чемпион ке ‘й, уой.

Ӕ кой нин кӕниуонцӕ, махӕй хестӕр ка ‘дтӕй, еци сколадзаутӕ дӕр. Уӕд махӕн, гъӕуккаг биццеутӕн, фадуат нӕ адтӕй Алимбег ӕма нӕ иннӕ богӕлтти горцъебӕл хуӕцгӕй фӕууинунӕн, фал ӕй ка фӕууидта, етӕ куд дзурдтонцӕ, уотемӕй уой цурд ӕма рӕсугъд архайдӕн ӕмбал нӕ адтӕй.

Мельбурни Алимбег адтӕй 20-анздзудӕй, ӕма ӕртиккаг бунат ку байахӕста, уӕд махӕн е хъӕбӕр зин адтӕй, уомӕн ӕма ‘й худтан сугъзӕрийни аккаг. Цӕмӕй зудтан, Олимпаг гъӕзтити цийфӕнди майдан райсун дӕр устур ӕскъуӕлхтдзийнадӕбӕл нимад ӕй, уой.

Мельбурни Олимпиадӕбӕл анз дӕр нӕма рацудӕй, уотӕ 1957 анзи Стамбули уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕстӕй цудӕй дуйнеуон чемпионат. 67 килограммей уӕнгӕ уӕзи ССР Цӕдеси еугонд команди хуӕстӕй Бестаути Алимбег. 20-анздзуд богал Стамбули ци дессаги хъаурӕ ӕма дӕснидзийнадӕ равдиста, уой ӕмбесондӕн хастонцӕ айдагъ нӕхе спортуарзгутӕ нӕ, фал фӕсарӕнти дӕр ма. Алимбег Стамбули ӕ еугур нихмӕлӕугути дӕр рамулдта.

Уӕхӕн устур хъаурӕ ӕма дӕснидзийнадӕ равдесун Алимбегӕй уӕлдай некӕмӕн бантӕстӕй. Сауӕнгӕ ма турккаг спортуарзгутӕ дӕр Бестауи-фурти исхудтонцӕ чемпионати тӕккӕ хуӕздӕр богал, ӕма ин ӕ ном ӕмгъӕлӕсӕй дзоргӕй тухгин къохӕмдзӕгъд исаразтонцӕ.

Аци уӕлахезӕй Бестаути Алимбег дуйнеуон спорти бӕрзӕндтӕмӕ над райгон кодта нӕ иннӕ богӕлттӕн дӕр. Зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма Алимбег уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕстӕй адтӕй айдагъ Иристони нӕ, фал Уӕрӕсей фиццаг дуйнеуон чемпион.

Алимбеги цурд ӕма рӕсугъд архайд ӕмбесондӕн байзадӕй уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕсти историй.

Бестауи-фурт айдагъд устур спортсмен нӕ адтӕй. Куд адӕймаг, уотӕ ин устур аргъ кодтонцӕ, кадӕриддӕр ӕй зудта, етӕ. Ӕмбесонди хӕларзӕрдӕ ӕма ӕнӕхийнӕ, ӕмгӕрттӕбӕл еузӕрдиуон, ӕгъдаугин адӕймаг адтӕй Алимбег. Уӕлдӕр спортивон ахурадӕ ку райста Ленингради Лесгафти номбӕл институти, уӕдӕй фӕстӕмӕ службӕ кодта Советон Ӕфсади Центрон спортивон совети. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг куста фӕсарӕнти. Адтӕй Ирани Саддам Хуссейни сӕрмагонд ӕфсӕддон отряди тренер-инструктор. Ӕ спортивон хуӕрзеугутӕй уӕлдай Алимбег хуарзӕнхӕгонд адтӕй паддзахадон хуӕрзеугутӕй дӕр.

Гъулӕггагӕн, Алимбег ӕ цардӕй рахецӕн ӕй ӕгӕр раги. 1988 анзи 53-анздзудӕй Иристонӕй фӕгъгъудӕй уарзон фурт, устур спортсмен ӕма патриот, Советон Цӕдеси спорти ӕскъуӕлхт мастер ӕма тренер Бестаути Алимбег.

Бестаути Алимбегбӕл 15 августи гъӕуама исӕнхӕст адтайдӕ фондз ӕма цуппаринсӕй анзи (1936-1989). Ӕма, гъулӕггагӕн, нур дууадӕс ӕма инсӕй анзи не ‘хсӕн кӕд нӕбал ӕй, уӕддӕр ӕй ӕ уарзон Иристон зӕрдтагонӕй имисдзӕнӕй фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Нӕ республикӕн ӕ спортивон ӕнтӕстдзийнадӕ ӕнӕгъӕнӕ дуйней бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр ка искодта, ирон лӕги ном кадӕ ӕма радӕй ка фӕххаста, еци Бестаути сахъигурд Алимбеги рохс ном, ӕ арфиаг гъуддӕгутӕ ӕма цӕмӕдессаг ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕ, ӕруагӕс ни кӕнуй, некӕд феронх уодзӕнӕнцӕ, ӕности цӕрдзӕнӕнцӕ нӕ адӕми зӕрдити, куд нӕ дзилли намуси туруса кадгиндӕр хӕсгутӕй еу, уотӕ цитгингонд цӕудзӕнӕй…

 

БАСКАТИ Урузмӕг