26 декабря 2024

«ӔЙ ДЕССАГ – ЛӔДӔРУН, ДЕССАГДӔР – ЛӔДӔРД УН…»

18.12.2021 | 12:39

ЦОПАНТИ Николай

Цӕгат Иристон ӕхе цӕттӕ кӕнуй ахсгиаг цау исбӕрӕг кӕнунмӕ – 1100 анзи ӕнхӕст кӕнуй Аланистони исаргъудбӕл. Уой фӕдбӕл мах газети дӕр мухургонд цӕунцӕ хецӕн ӕрмӕгутӕ. Абони нӕ дзубанди ӕй игъустгонд диникустгӕнӕг ӕма рохситауӕг Цопанти Ивани (Едзай) фурт Николайи туххӕй. Адтӕй Дигоргоми Гӕлиати зилди фӕстаг саугин. Ӕ рӕстӕги каст фӕцӕй Ӕрӕдони духовон семинари, адтӕй Уӕллагири коми аргъауӕни диакъон. Фӕсаууонмӕ каст фӕцӕй Казани духовон академи, кӕцими ин исаккаг кодтонцӕ саугини ном (сан).

Гӕлиати аргъауӕни саугинӕй фӕцӕй евгъуд ӕноси инсӕйӕймаг ӕнзти кӕронмӕ, культурон революций рӕстӕги аргъауӕндӕнттӕ ихӕлд ку ‘ӕрцудӕнцӕ, уӕди уӕнгӕ. Паддзахи доги Владикавкази епархий курдиадӕмӕ гӕсгӕ Цопанти Николай, ӕ еузӕрдиуон архайди фӕрци хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй Сугъдӕг Владимири майданӕй ӕма сугъзӕрийнӕ сахаттӕй, кӕцибӕл финст адтӕй: «От его Императорского Величества и Священного Синода».

Цопанти Николайи цардвӕндаги хабӕрттӕ уойбӕрцӕбӕл цӕмӕдессаг ӕнцӕ, ӕма сӕбӕл ӕнгъезуй бӕлвурдӕй ӕрдзубанди кӕнун. Ка ‘й зонуй, уӕхӕн равгӕ дӕр нин фӕууодзӕнӕй, фал мӕ абони ба фӕндуй еу цауи туххӕй радзорун.


ЦОПАНТИ Валерий, фæллойни Ветеран

…Евгъуд догӕ Уӕрӕсей райдӕдта, ӕнӕгъӕнӕ дуйней цардарӕзтбӕл зингӕ-зингӕ ка фӕббӕрӕг ӕй, уӕхӕн цаутӕй. Е дин Фиццаг уруссаг революци (1905 анзи), е дин 1917 анзи Цитгин Октябри революци, кӕци расайдта, медбӕстон ке хонунцӕ, фал ма сауӕнгӕ фӕсарӕйнаг паддзахӕдти ӕфсӕдтӕ дӕр кӕми архайдтонцӕ, еци тугъд, фӕццудӕй цалдӕр анзи, ӕ фудӕй Уӕрӕсей цардиуаги еугур гъуддӕгутӕ дӕр бунихӕлд фӕцӕнцӕ, багъудӕй гъезӕмайраг хъиамӕттӕ, цӕмӕй бӕстӕ ӕ кеми ӕрцудайдӕ, уомӕн.

Еугур еци ӕма берӕ ӕндӕр аллихузон цаути фудӕй адӕмтӕ никкӕрӕдземӕ ‘нцӕ, тохӕндзаумауи хъаурӕй ӕвзурстонцӕ нӕуӕг цард аразун. Цӕгат Иристони дзиллӕй дӕр еци ӕзмӕнст рӕстӕгути си кадӕртӕ большевикти фарс адтӕнцӕ.

Ка ба си иссӕй эсер кенӕ ба анархист, иннетӕ цидӕр ӕндӕр уӕхӕн «цъӕхъалти уолӕнти» банадӕнцӕ. Раздӕриккон цард фулдӕр ке зӕрдӕмӕ цудӕй, етӕ фӕцӕнцӕ уорс ӕзмӕлди фарс, аразтонцӕ си ӕвзаргӕ тугъдон къуӕрттӕ, сауӕнгӕ ма ӕфсӕдтӕ дӕр.

Дигоргом дӕр еци дзаманти еуварс нӕ байзадӕй революцион ӕзгулитӕй, медбӕстон тугъди карз нихмӕлӕудтитӕй.

Цийфӕнди кӕд ниддехтӕ ‘й дзиллӕ, уӕддӕр хуӕнхбӕсти цӕргутӕн фулдӕр сӕ зӕрдӕмӕ цудӕнцӕ нӕуӕг, фӕллойнӕгӕнгутӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр цард исаразунӕй син зӕрдитӕ ка ӕвардта, уони фӕдздзурдтитӕ ӕма лозунгтӕ. Арӕзт ӕрцудӕй, большевикти фарс ка хуӕстӕй, уӕхӕн къуӕрттӕ. Уонӕй сӕ еуей сӕргъи лӕудтӕй Арсӕгти Горга, Уӕллагкоми Гӕлиати цӕрӕг, ахургонд лӕг, революций гъуддӕгутӕбӕл ӕновуд. Горгай фарсхуӕцгутӕ Дигоргоми минкъий нӕ адтӕнцӕ.

Cypx партизанти архайд 1919 анзи адтӕй ӕнӕуагӕ агъазиау. Хъӕбӕр тухсун кодтонцӕ уорсгвардиуонти ӕфсӕдти.

Eyуӕхӕни Згиди ӕфцӕгбӕл Уӕллагкоммӕ ӕрфестӕг ӕй ӕфхуӕрӕг (карательный) ӕфсӕддон къуар. Куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй уонӕн сӕ ихӕс адтӕй, большевиктӕн сӕ кой дӕр куд нӕбал уа, уӕхӕн цӕфтӕ никкӕнун Уӕллагкоми гъӕутӕ. Ӕрлӕудтӕнцӕ Ӕхсийаги будури ӕма барвистонцӕ гъӕути сӕргълӕугутӕмӕ, хестӕртӕмӕ, унаффӕ хӕссуни барӕ си кӕмӕ адтӕй, уӕхӕн лӕгтӕмӕ, цӕмӕй сӕ размӕ рацӕуонцӕ.

Ӕфсӕддон къуарӕй адӕм, ӕцӕгӕйдӕр, ӕдас нӕ адтӕнцӕ, ӕма уайтӕккӕ сӕ размӕ фӕннӕхстӕр ӕнцӕ ӕвзурст адӕймӕгутӕ. Къӕмунтӕ ӕма Ӕхсийаги астӕу ес Фӕлвӕрай фӕзӕ. Уоми ӕрцудӕй сӕ фембӕлд. Ӕфсӕддон къуари номӕй дзурдта ӕригонгомау афицер, ирон. Ӕ хӕццӕ дууӕ ӕмбали, хъазахъӕгтӕ.

Афицер загъта:

– Hӕ сӕргъи лӕуунцӕ болкъонтӕ Хабай-фурт ӕма Александров. Уони бардзурд ӕй, цӕмӕй Гӕлиат, Къӕмунтӕ, Дунтӕ ӕма Хонсари гъӕути большевиктӕ ӕма уони фарс ка ‘й, етӕ нӕмӕ барвӕндонӕй лӕвӕрд ӕрцӕуонцӕ.

Афицер карзӕй дзурдта, ӕвзиста, сауӕнгӕ уотӕ дӕр, гъома, дзармадзӕнӕй дӕр фехститӕ кӕндзинан гъӕутӕ ӕма берети хӕдзӕрттӕ ихӕлд ӕрцӕудзӕнӕнцӕ.

Хестӕртӕ, гъӕуи минӕвӕрттӕ куд нӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, уавӕр цӕйбӕрцӕбӕл бӕлах расайдзӕнӕй, уой. Ӕма архайдтонцӕ сӕ дзуаппӕй лигъзласӕ кӕнун. Ӕвзурст адӕми хӕццӕ адтӕй уӕди рӕстӕги Гӕлиати зилди (приходи) аргъауӕни саугин Цопанти Николай. Еци цаутӕ уой фӕсте имисгӕй, е куд дзоридӕ, уотемӕй уавӕр адтӕй тӕссаг. Хумӕтӕги ӕфсӕддон къуар ке нӕ адтӕнцӕ, е бӕрӕг адтӕй сӕ номӕй дӕр – ӕфхуӕрӕг хъазахъӕгтӕ.

Куд дини сӕргълӕууӕг, уотӕ Николай дӕр ӕ зӕгъуйнӕгтӕ хебӕлхуӕцгӕй балӕдӕрун кодта уруссагау:

– Сумах цӕй кой кӕнетӕ – «большевиктӕ», «меньшивиктӕ» – уӕхӕнттӕн ами зонгӕ дӕр неке неци кӕнуй. Ӕз куд дини ӕма аргъауӕни сӕргълӕууӕг, уотӕ ӕз сумахӕн дзурд дӕттун, Гӕлиати зилди цӕрӕг адӕм Уӕрӕсей паддзахадӕбӕл алкӕддӕр ӕновуд ке адтӕнцӕ, уой. Байгъосетӕ хестӕртӕмӕ ӕма мах ӕрдигӕй куд иуазгутӕ, уотӕ уин уодзӕнӕй ӕгъдауӕй кадӕ.

Ӕфсӕддонти минӕвӕртти зӕрдӕмӕ уӕхӕн дзубандитӕ ӕнхӕст нӕ фӕццудӕнцӕ ӕма никки карздӕрӕй загъта сӕ хестӕр афицер:

– Уӕхӕн дзубандитӕн нуртӕкки бунат нӕййес. Мах ами цӕмӕн ан, уой хуӕздӕр зонӕн, ӕма ку багъӕуа, уӕд тохӕндзаумауи хъаурӕй дӕр нӕ гъуддаг кӕронмӕ хъӕртун кӕндзинан.

Никкидӕр ма цидӕр зуст ӕвзиститӕ кодта.

Куддӕр афицер дзурд фӕцӕй, уотӕ гъӕуи минӕвӕртти фӕсте ци бӕхгинтӕ лӕудтӕй, уонӕй еу карзӕй исдзурдта:

– Ци ракӕндзӕнӕнцӕ аци куййӕй игурдтитӕ! Цӕбӕл син лигъстӕ кӕнӕн!.. Сӕхемӕ ци нӕ кӕсунцӕ! Ниццӕвун сӕ гъӕуй!

Ӕмa уотӕ идарддӕр. Ка дзурдта е, нӕкӕси, адтӕй Арсӕгти Горгай ӕмбӕлттӕй еу.

Уоpc афицер дамбаца фелваста ӕма си ӕвзедуй. Николай куд имисидӕ, уотӕ Горгай къуари адтӕй гъӕйтт лӕхъуӕнтӕ. Уӕхӕн ӕвзиститӕ ӕ сӕрмӕ ка нӕ хаста, еци лӕхъуӕн еу гӕпп бӕхӕй ракодта, фӕндзӕхстон топп афицери реумӕ фӕййаразта.

Саугин Николай сӕ астӕу фӕммедӕг ӕй ӕма ӕ къохтӕй тохӕнгӕрзтӕбӕл ниххуӕстӕй, гъӕрӕй сӕмӕ дзоруй:

– Ma фехсетӕ!

Николай адтӕй саугини дарӕси, ӕ уӕле пӕлӕз, уӕдта майдан – паддзахи номӕй ин лӕвӕрд.

Фиццаг иронау, уӕдта уруссагау дзоруй:

– Кӕд фӕууидтайтӕ минӕвӕрттӕ (парламентертӕ) кӕрӕдземӕ ӕхсӕндзаумау райсгӕ?!.

Ӕрсабуртӕ ‘нцӕ, хестӕртӕ дӕр сӕ загъд еума хатт загътонцӕ, федауцӕй баунаффӕ кӕнӕн, зӕгъгӕ.

Ӕфсӕддонти минӕвӕрттӕ сӕ къуармӕ ку ӕздахтӕнцӕ, уӕд син Николай балӕдӕрун кодта:

– Уӕхецӕн дӕр, уӕдта уӕ сӕргълӕугутӕн дӕр, Хабай-фурт ӕма Александровӕн дӕр мӕ хӕдзари ес бунат, фусун уин ан. Сӕрмӕ ӕрхӕссуйнаг нӕй цалдӕр гъӕуей астӕу итигъд будури ӕрбунӕттон уайтӕ, е.

Идарддӕр хабӕрттӕ уотӕ рауадӕнцӕ, ӕма хъазахъӕгтӕ гъӕути ӕрфестӕг ӕнцӕ, сӕ хецауадӕ ба ӕд штаб бафусун кодта Цопантӕмӕ.

Ци бон ӕрбацудӕнцӕ, еци бон изӕрӕрдӕмӕ ахӕст ӕрцудӕй ӕстдӕс лӕги уорсити нимадмӕ гӕсгӕ, етӕ адтӕнцӕ большевиктӕ ӕма уони фарс ка адтӕй, уӕхӕнттӕ. Ахӕст адӕми бакодтонцӕ Къӕмунти Тахохти хӕдзӕртти буни скъӕти.

Куд рабӕрӕг ӕй, уотӕмӕй Хабай-фуртмӕ адтӕй гӕгъӕдибӕл финст номхигъд. Николай куд зӕгъидӕ, уотемӕй не ‘сбӕрӕг ӕй, еци номхигъд сӕмӕ се ‘рбацуди разӕй адтӕй, ӕви ку ‘рбацудӕнцӕ, уӕд сӕмӕ ‘й еске бахъӕртун кодта.

Берӕ рӕстӕгути фӕсте аци цаути хабӕрттӕ ескӕмӕн ку дзоридӕ, уӕд ӕй алкедӕр бафӕрсидӕ:

– Горгай куд нӕ ниййахӕстонцӕ?

Ӕ дзуапп уидӕ уӕхӕн:

– Хабай-фурт зудта Арсӕгти Горгай хабар. Гӕлиатӕй ке ‘й, уой дӕр, фал ӕй комкоммӕ ба нӕ фӕсмардта. Ӕргомӕй ба неке иской кодта Горга кӕми ‘й, уой, кӕд гъӕути цӕргутӕй кӕмӕндӕр сӕхемӕ адтӕй, уӕддӕр. Уӕллагкоми еци доги Горга нимад адтӕй тӕккӕ кадгиндӕр, ахургонддӕр ӕма еугурӕйдӕр сӕ сӕр бӕрзонд кӕмӕй хастонцӕ, уӕхӕн лӕгбӕл. Дуккагӕй ба, Горгабӕл ка бацъух кодтайдӕ, е нимад адтайдӕ ӕ тоггинбӕл. Горгай туххӕй ба Арсӕгти фӕсевӕд тог райсунбӕл сӕхебӕл дӕр нӕ байаурстайуонцӕ.

Ӕфхуӕрӕг ӕфсӕддонти къуар дуккаг бон Къӕмунти уӕллаггъӕуи фӕзи ауиндзӕнтӕ райаразтонцӕ. Уайтӕккӕ фӕххӕлеу ӕй хабар – ахӕст адӕм ауигъд уодзӕнӕнцӕ, зӕгъгӕ. Ахӕст адӕм ӕма сӕ бийнонтӕ, хӕстӕгутӕ, еузагъдӕй, еугур Уӕллагком дӕр катаййи бацудӕнцӕ, фидбилизи арт нӕ ку содзуй, ӕма ци кӕнӕн, зӕгъгӕ. Силгоймӕгти гъарӕнгитӕ берӕ хӕдзӕрттӕй игъустӕй.

Саугин Николай дӕр уӕззау сагъӕсти бацудӕй. Ӕцӕгӕйдӕр, уӕхӕн ӕверхъау гъуддаг гъӕубӕсти ку ‘рцӕуа, уӕд е аргъауӕнӕн, дини кадӕн дӕр, дзиллӕн сӕхе цардиуагӕн дӕр устур бӕлах уодзӕнӕй. Зин балӕдӕрӕн нӕ адтӕй ӕ катай. Хъӕбӕр гузавӕ кодта ӕ мадӕ Нӕгъуда дӕр (ӕ фидӕ Едза уӕдмӕ цардӕгас нӕбал адтӕй). Уайдзӕф кодта ӕ фуртӕн:

– Дӕ хӕдзари ӕрцӕрун кодтай афицерти. Етӕ уӕхӕн фидбилиз уал муггаги ӕма хӕдзаремӕн ку исаразонцӕ, уӕд е мах цӕсгонӕй дӕр цӕуй. Атӕ рахъутти уодзӕнӕнцӕ, мах ба адӕми астӕу куд цӕрдзинан?..

Николай дӕр куд нӕ лӕдӕрдтӕй уони. Ӕма ӕ уодӕй-уод кодта, цӕмӕй афицертӕ ести хузи фӕттасиуонцӕ, сӕ ӕверхъау фӕндӕ раййевиуонцӕ, уобӕл. Хабай-фуртмӕ ӕхе бахатидӕ, ӕма ин е уотӕ ракӕнидӕ:

– Дӕу гъуддаг нӕй. Дӕ дини хабар кӕнӕ. Большевикти сӕрбӕл дзоруни ихӕс дӕбӕл нӕййес.

Нӕкӕси, Хабай-фурт ӕхе кӕд уӕхӕн гурумухъӕй ӕвдиста, уӕддӕр си Николай уотӕ зӕгъидӕ:

– Адтӕй ахургонд, хуӕрзӕгъдау, афицери ном кади хӕццӕ ка хаста уӕхӕн ӕфсӕддон. Ниуӕзтӕй дӕр адтӕй хебӕлхуӕцгӕ. Ӕ хӕццӕ ци афицертӕ адтӕй, етӕ уарзтонцӕ раниуазун, уруссагау ӕнӕфсар зӕгъдтитӕ дӕр искӕниуонцӕ. Хабай-фурт син рахилӕ кӕнидӕ, уӕхе дарун зонетӕ, ами хӕдзари силгоймӕгтӕ ес ӕма уонӕй ӕфсӕрми кӕнетӕ, уомӕ ма кӕсетӕ ӕма ӕвзаг нӕ зонунцӕ. Афицери ном ма ӕгадӕ кӕнетӕ.

Куд иуазгутӕ, уотӕ син финги ӕгъдау конд цудӕй алли бон дӕр. Косарт ба – кенӕ алли бон, кенӕ ба – бонцохӕй. Тӕккӕ фиццаг бабадтӕй фӕстӕмӕ Хабай-фурт сӕ хӕццӕ исбадун кӕнидӕ Нӕгъудай.

– Мах нӕуӕг цард аразӕн Иристони ӕма гъӕуама силгоймаг, бустӕгидӕр ду, куд нӕ мади хай, уотӕ дӕ бунат уа кадгин, – зӕгъидӕ е.

Ey бон куд адтӕй, уотемӕй еу лӕг (Николай ин ӕ ном некӕд некӕмӕн зӕгъидӕ еу-дууӕ, ӕртӕ хеуонемӕй уӕлдай) фӕззиндтӕй изӕрӕрдӕмӕ Цопантӕмӕ. Ӕ размӕ тургъӕмӕ рацудӕй Нӕгъуда. Иуазӕги фӕндадтӕй Хабай-фурти фӕууинун. Силгоймаг ин балӕдӕрун кодта, Хабай-фурт уолӕфгӕ кӕнуй, зӕгъгӕ, ӕма дин ӕй куд райгъал кӕнон.

– Бангъӕлмӕ кӕсӕ, кенӕ медӕмӕ рацо,– адтӕй силгоймаги загъд.

Иуазӕги берӕ рӕстӕг ке нӕ фӕндадтӕй уоми ун, е ӕ катайбӕл бӕрӕг адтӕй. Еуцӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг тургъи рацо-бацо ракодта, уӕдта ӕ ронӕй исиста гӕгъӕди ӕма Нӕгъудайӕн рафӕдзахста:

– Мӕнӕ аци финстӕг Хабай-фуртмӕ раттӕ, ӕндӕр некӕмӕ.

Уоййадӕбӕл фӕстӕмӕ Гӕлиатмӕ (цӕугӕ дӕр ецирдигӕй ӕркодта) фӕрраст ӕй…

Изӕрӕй, ӕ фурт Николай ку ӕрбацудӕй, уӕд ин иуазӕги хабар ракодта ӕма имӕ еци гӕгъӕди балӕвардта:

– Ӕркӕсай, ци си финст ес.

Николай куд дзоридӕ, уотемӕй пеци дуармӕ арти рохсмӕ финстӕг бакастӕй ӕма ӕ мадӕн загъта:

– Финст си ес, Горга сӕхемӕ ке ‘й, е, уӕдта цӕмӕй тӕккӕ сӕумӕ хъазахъӕгтӕ фӕззиннонцӕ ӕма партизантӕ ахӕст ӕрцӕуонцӕ.

Мадӕ уой ку фегъуста, уӕд уотӕ фӕккодта:

– Цӕфӕй кӕд нӕ мӕлис, уӕдта дин рӕхуст… Eугyp фидбилизи хауӕн.

Николай ниссагъӕси ӕй, лӕдӕрдтӕй ӕй, цӕйбӕрцӕбӕл тӕссаг уавӕри ӕнцӕ номхигъди ци адӕм финст ӕнцӕ, етӕ, уӕдта сӕхуӕдтӕ дӕр ӕма уӕхӕн унаффӕ рахаста:

– Горгамӕ ӕз фӕххабар кӕндзӕнӕн. Ка ‘й зонуй, ести, уӕд зӕгъӕ, ӕз неци ӕма неке фӕууидтон.

Ӕхуӕдӕг баздахтӕй ӕма гӕгъӕди пеци багӕлста, Горгамӕ ба, кӕбӕл ӕууӕндтӕй, уӕхӕн адӕймаг фӕдесонӕй рарвиста.

Горга ӕма е ‘мбӕлттӕ еци ӕхсӕвӕ Долӕгъи ӕфцӕгмӕ сӕхе исистонцӕ.

Дуккаг бон Хабай-фуртӕн хабар уӕддӕр фегъосун кодтонцӕ. Ӕма хъазахъӕгтӕ ку ниццудӕнцӕ, уӕд Горгайӕн ӕ думгӕ дӕр гъӕуи нӕбал адтӕй.

Кӕд ма ести гъуди кӕнун, уӕд уотӕ дзориуонцӕ, Горгай фиди ӕнсувӕр ӕма уой фурти дӕр хъазахъӕгтӕ ниййахӕстонцӕ, Гӕлиатмӕ ку бахъӕрдтӕнцӕ, уӕд, фал сӕ еу рӕстӕги фӕсте рауагътонцӕ.

Еу бон хъазахъӕгтӕ, сӕ сӕргъи Хабай-фурт, Александров ӕма иннӕ афицертӕ, уотемӕй Къӕмунти уӕллаггъӕуи Кӕрӕтгини билӕбӕл сӕ дзармадзан ӕрсагътонцӕ. Уордигӕй ракӕсгӕй, дзӕбӕх зиндтӕнцӕ Мӕхческӕ, Уӕхъӕцӕ ӕма Къамати гъӕутӕ. Николай дӕр сӕ фӕсте иссудӕй, кӕми ӕрбунат кодтонцӕ, уордӕмӕ, ци кӕнунмӕ гъавунцӕ, уой базонунмӕ.

Хъазахъӕгтӕ уайтӕккӕ дзармадзан ӕррӕсагътонцӕ ӕма син Александров бардзурд равардта:

– Ӕхсунмӕ ӕррӕвдзӕ кӕнетӕ дзармадзан!

Николай ку балӕдӕрдтӕй гъӕути ‘рдӕмӕ ӕхсунмӕ гъавунцӕ уой, уӕд ӕхе бахадта Хабай-фуртмӕ ӕма ин загъта:

– Ӕвуд адӕмӕй еске базӕран кӕндзинайтӕ. Ӕ сӕрӕн ка неци зонуй, етӕ фидбилизи ку бахауонцӕ, уӕд е раст нӕ уодзӕнӕй.

Хабай-фурт дзоргӕ дӕр неци искодта, фал Александров ба уотӕ:

– Тагъд ецирдӕмӕ цӕуй не ‘фсӕддон къуар ӕма ‘й гъӕуама зононцӕ, тухӕ мах къохи ке ‘й, уой. Ӕхсетӕ!..

Дзармадзани гъӕр арвнӕрӕгау фӕццудӕй ӕма кӕми фӕцӕй, Хуцау ӕй зонуй.

Цанӕбӕрӕг рӕстӕг рацудӕй, дзармадзани гъӕрӕй гъостӕ нӕма ӕрсабур ӕнцӕ, уотемӕй топпи гӕрах райгъустӕй, ӕ фат Хабай-фурти къӕхти рази ӕ ругӕ искалдта ӕма ӕ цъуз фӕццудӕй.

Хъазахъӕгтӕ фӕйнердӕмӕ рагӕппитӕ кодтонцӕ, сӕ топпити сампалти къӕбар-къубур иссудӕй, сӕхе фӕрсрӕбунмӕ фелхъивтонцӕ ӕма тарстӕй радзорӕ-бадзорӕ кодтонцӕ:

– Партизантӕ!.. Горга!.. Горга!..

– Ци адтӕй? – рафарста Хабай-фурт дӕр, рафӕлорс ӕй уотемӕй. – Ка нӕ фехста?

– Hӕ зонун, ка фехста, – дзоруй Николай,– фал е уой бӕрӕггӕнӕн ӕй, ӕма ма ку фехсайтӕ дзармадзанӕй, уӕд нӕмуг дӕхебӕл дӕр исӕмбӕлдзӕнӕй…

Хабай-фурт ӕ къохӕй райамудта, мабал ӕхсетӕ, зӕгъгӕ, ӕма гъӕуай кӕнуй Уоpc хонх ӕрдӕмӕ, Хурӕ ка хуннуй, еци рауӕнмӕ.

Ниууагътонцӕ хъазахъӕгтӕ ӕхсун, дзармадзан ба ӕ бунати байзадӕй. Ӕхсӕвигон ӕй кадӕр фесхуста ӕма бӕрзонд айнӕг къӕдзӕхӕй рахаудтӕй. Ниппурхӕ ‘й.

Николай, аци хабӕрттӕ ку ‘рцудӕнцӕ, уӕд искатай ӕй – лӕдӕрдтӕй ӕй, нур уорсгвардиуонтӕ ахӕст адӕми уотемӕй нӕбал ниууадздзӕнӕнцӕ, ци киндӕуа, уой нӕ зудта.

Афицертӕ гъӕумӕ раздӕхунбӕл исарази ‘нцӕ. Фидбилизӕй ке фӕййервазтӕй сӕ хецау, уой туххӕй Хуцаумӕ исковун гъӕуй, зӕгъгӕ, ранӕхстӕр ӕнцӕ хӕдзарӕмӕ. Рӕфтад афонӕ дӕр адтӕй.

Цалинмӕ еци хабӕрттӕ цудӕнцӕ, уӕдмӕ Цопанти хӕдзарӕмӕ ӕрбацудӕнцӕ силгоймӕгти къуар, минӕвӕрттӕ ахӕст адӕми бийнонти номӕй. Ниллӕудтӕнцӕ Нӕгъудамӕ – сумах иуазгутӕ ‘нцӕ нӕ бӕлах хӕсгутӕ ӕма сумах къохи ӕй сӕ идарддӕри карнӕбӕл байархайун.

Бӕргӕ син дзуапп лӕвардта Нӕгъуда, игъосӕг нӕмӕ нӕййес, архайӕн, фал ни неци уайуй. Силгоймӕгтӕмӕ уӕхӕн дзуапп кӕми раст кастӕй ӕма сӕ маст калдтонцӕ, ӕфхуӕрӕн зӕгъдтитӕ дӕр искӕниуонцӕ.

Зӕрдмӕгурӕй рахӕлеу ӕнцӕ. Уой ма ку базудтонцӕ ӕма ахӕститӕ ӕрцудӕй, уӕдта бустӕги низзӕрдрист ӕнцӕ.

Афицертӕ бамбурд ӕнцӕ сӕ рӕфтади фингӕмӕ. Нӕгъуда ба ӕ фурт Николайӕн силгоймӕгти ӕрбацуди хабар ракодта.

Уӕдмӕ Хабай-фурт фингӕмӕ байагурдта мадӕ ӕма фурти. Николай дзоруй мадӕмӕ:

– Бацо сӕмӕ. Еума хатт си ракорӕ, гъома, ниххатир син кӕнетӕ, мӕгур адӕм ӕнцӕ.

Нӕгъуда нӕ арази кодта:

– Hӕ зонун, ци ма син зӕгъон… Нӕй мӕ бон уони аккаг дзурдтӕ иссерун.

– Хуцау дин фӕййагъаз кӕндзӕнӕй, цо, – загъта Николай.

Нӕгъуда бацудӕй финги размӕ, афицертӕ фестадӕнцӕ.

– Исбадӕ нӕ хӕццӕ, – дзоруй Хабай-фурт.

– Уӕ гъуддаг кӕнетӕ,– дзоруй сӕмӕ Нӕгъуда, – нурмӕ дӕр раст нӕ адтӕй силгоймаг лӕгти хӕццӕ еу фингӕбӕл ке бадуй, е. Мах ӕгъдауи е нӕ федауй.

Хабай-фурт балӕдӕрдтӕй, силгоймагмӕ цидӕр зӕрдихудт ке ес, уой.

– Кӕд естӕмӕй фӕррӕдудан, уӕд нин ӕй балӕдӕрун кӕнӕ, хумӕтӕги нӕ ‘нцӕ аци здӕхтӕ.

Нӕгъуда еу рӕстӕг ӕдзинӕг кӕсуй ӕма Хабай-фуртмӕ дзоруй:

– Мадӕ дин ку ес, ӕнгъӕлмӕ дӕмӕ ку кӕсуй. Фӕндуй дӕ, цӕмӕй сӕрӕгасӕй дӕ хӕдзарӕ иссерай, е?

– Куд нӕ, мӕ мадӕй хъазардӕр ба мин ка ес?– уотӕ бакодта болкъон.

– Мадта дӕ мадӕ, дӕ фиди хатирӕй, Устур Хуцау дин дӕ над нӕ фӕрраст кӕндзӕнӕй, еци мӕгур адӕми тӕрегъӕдӕй, – дзоруй имӕ Нӕгъуда. Ӕхуӕдӕг ба ӕваст ӕ сӕрбӕттӕн ӕ сӕрӕй фелваста ӕма ‘й Хабай-фурти къӕхти рази ниггӕлста.

Болкъон фӕггӕпп кодта:

– E куд ӕй?! Уӕхӕн уӕззау ӕфхуӕрд ба нӕ цӕмӕ кӕнис!

Фелваста сӕрбӕттӕн, фӕстӕмӕ имӕ ‘й дӕттуй. Еци ӕгъдау ка зудта, етӕ цидӕр ӕнахур сӕхе банкъардтонцӕ, кастӕнцӕ Хабай-фуртмӕ, идарддӕр ци уодзӕнӕй. Уруссаг афицертӕн дӕр балӕдӕрун кодтонцӕ ци цудӕй, уой.

Уӕд сӕмӕ Николай дӕр еума хатт, цӕмӕй ӕй еугурӕй дӕр лӕдӕронцӕ, уотӕ уруссагау дзоруй:

– Вы говорите что, представляете собой белое движение – это созвучно с деяниями господа нашего Христа, священным писанием. Утверждаете, что строите новую жизнь. Ho подумайте – если вы за собой будете оставлять кровавый след, кто за вами пойдет? Как вас поймет народ? Я вас уверяю в том, что арестованные вами понятия не имеют о большевиках и меньшевиках. Это результаты каких-то провокаций и доносов злопыхателей.

Хабай-фурт ин уӕд загъта:

– Хуарз… Уӕхӕн дзубандитӕ ӕма нӕ мади хаййи курдиади фӕсте мӕ бон нецибал зӕгъун ӕй. Уӕ фӕндон уин ӕнхӕст кӕнун.

Уотӕ зӕгъгӕй, бардзурд равардта уруссагау:

– Отпустите арестованных, только скажите казакам, чтобы плетями их взгрели. Пусть это будет им в назидание и чтобы впредь не путались в революционных течениях.

Александров уой куддӕр райгъуста, уотӕ фӕггӕпп кодта ӕ бунатӕй, ӕма уотӕ:

– Господин полковник! Что вы делаете?! Мы карательный отряд, а не миссия благодетелей!..

Хабай-фурт имӕ дзоруй:

– Вы видели, на что пошла эта уважаемая женщина. Если мы будем перешагивать через такие вещи, то, как мы будем выглядеть в глазах народа.

Александров уӕддӕр нӕ сабур кӕнуй:

– Подумаешь, какая-то осетинская баба платок сняла и, мы не должны карать большевиков и их последователей. Я вас не понимаю.

– Замолчи!.. Сперва думай о том, что говоришь. Я командую отрядом и принял такое решение,– загъта болкъон Хабай-фурт.

Николаймӕ дӕр гъулӕг фӕккастӕнцӕ Александрови дзубандитӕ ӕма ин бауайдзӕф кодта:

– В святом писании сказано: «Возлюби ближнего, не суди, да не судим будешь». Слушайся старшего… Если вы себе позволяете о матери говорить «какая-то баба», то у нас это святое.

Александров ма цидӕртӕ ралӕхурдта, уӕдта дзоруй Хабай-фуртмӕ:

– Я давно вам сказал, – этот поп на себя слишком много берет.

Хабай-фурт еума хатт бауорӕдта е ‘мбали ӕма еугурей дӕр фингӕмӕ байагурдта.

Ахӕст адӕми исуӕгъдӕ кодтонцӕ. Ӕцӕг, хъазахъӕгтӕн куд загъд адтӕй, уотӕ скъӕти дуари фӕйнӕ фарсемӕ дууемӕй лӕудтӕнцӕ ӕма, ка фендӕбилӕ уидӕ, уой ба фӕйнӕ цӕфи ӕхсӕй ӕркӕниуонцӕ.

Ӕфсӕддонтӕ ку рандӕнцӕ, адӕм кӕрӕдзей ку ӕрлӕдӕрдтӕнцӕ, уӕд ахӕст ка адтӕй ӕма маруни фӕндӕ кӕбӕл искодтонцӕ, етӕ Цопанти Николайи хӕдзарӕмӕ арфӕ кӕнунмӕ ӕрбацудӕнцӕ.

Гъе уӕхӕн хабӕрттӕ ӕрцудӕй 1919 анзи Уӕллагкоми.


Кӕронбӕттӕни ма уой зӕгъуйнаг дӕн, ӕма хуарздзийнадӕ адӕмӕй нӕ иронх кӕнуй.

Мӕнӕ нур ци цаути кой ракодтон, уони фӕсте цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг рацудӕй, ӕма, куд ӕнӕгъӕнӕ Уӕрӕсей, уотӕ Дигоргоми дӕр федарӕй-федардӕр кӕнун байдӕдта нӕуӕг, советон цардарӕзт ӕхе ӕгъдӕуттӕ ӕма фӕткити хӕццӕ. Уонӕн сӕ еугурейбӕл кӕрӕй-кӕронмӕ нӕ дзордзӕнӕн, фал си еуей, нӕ дзиллӕй хъӕбӕр берети цардиуагӕбӕл ӕнӕуагӕдзийнӕдтӕй ка фӕббӕрӕг ӕй, хъӕбӕр берети карнӕ ка фенамонд кодта, еци гъуддаги туххӕй ба уӕддӕр зӕгъдзинан. Уомӕн ӕма комкоммӕ баст ӕй мӕ абони дзубандий хӕццӕ. Куд зонетӕ, уотемӕй Советон хецаудзийнадӕ ӕ бартӕ ку ӕрфедар кодта, уӕд ӕ фиццаг нӕуӕгдзийнӕдтӕй еу иссӕй коллективизаци, гъома, гъӕути арӕзт цудӕй еумӕйаг хӕдзарӕдтӕ. Уобӕл ка нӕ арази кодта ӕма иннетӕй хузӕнондӕр ка цардӕй, уони «кулактӕ» исхудтонцӕ, «адӕми знӕгтӕ» си аразун байдӕдтонцӕ – сӕ мулкитӕ ӕнӕгъӕнӕйдӕр айдагъдӕр сӕхе фӕллойни фӕрци бамбурд кодтонцӕ ӕви сӕ ӕндӕр кутемӕйдӕрти бакустонцӕ, уой нӕ нимайгӕй сӕ, Сибири ӕма ӕндӕр идард рауӕнтӕмӕ тухӕрвист кодтонцӕ.

Гъе уотемӕй цидӕр соцъагӕнгути ӕма ӕдзӕстуарзон цъуххӕсгути цъамардзийнади фудӕй берӕ рӕстзӕрдӕ адӕймӕгути ӕма сауӕнгӕ ӕнӕгъӕнӕ бийнонтӕ бустӕги ӕнӕрастӕй ӕфхуӕрд ӕрцӕуиуонцӕ, беретӕ ба си бустӕги бабун ӕнцӕ.

Уогӕ уотӕ дӕр уидӕ, ӕма адӕм рӕстдзийнади сӕрбӕл ку исдзориуонцӕ, уӕд сӕ фӕндӕ рацӕуидӕ. Уотӕ рауадӕй Цопанти Николайи хабар дӕр. Евгъуд ӕноси 30-аг ӕнзти уой дӕр кулакбӕл ку банимадтонцӕ, ӕма ӕ граждайнаг бартӕ (лишен был право голоса и посещения сходов) ист ку ‘рцудӕнцӕ, уӕд ӕ нихмӕдзоргути ‘рдигӕй цалдӕр хатти ӕвӕрд ӕрцӕуидӕ фарста: «Цӕмӕ байзадӕй саугин Сибирмӕ ӕнӕрвист иннӕ кулактӕй уӕлдай?»

Унаффӕ рахӕссуни туххӕй исаразтонцӕ Уӕллагкоми еумӕйаг ӕмбурд. Уогӕ дзубанди ма си цудӕй ӕндӕр кедӕрти туххӕй дӕр. Кулак ӕй аци хӕдзари хецау ӕма ӕрвист ӕрцӕуӕд, зӕгъгӕ, уӕд адӕм еумӕйагӕй сӕ къох исдариуонцӕ.

Николайи туххӕй фарста ку ниввардтонцӕ, уӕдта ӕмбурди адӕм ниссабур ӕнцӕ. Хестӕртӕй кадӕртӕ загътонцӕ: «Цопанти Николай иннети хӕццӕ еу рӕнгъӕбӕл ӕвӕргӕ нӕй». Ӕма ӕримистонцӕ, 1919 анзи уой фӕрци беретӕ мӕлӕтӕй ке фӕййервазтӕнцӕ, уой. Загътонцӕ: ӕцӕгӕйдӕр адтӕй бонгин, дардта ихуӕрститӕ, фал ӕ косгути некӕд исгъолон кодта, хуӕрдӕ ӕма миздӕй ба некӕд неке зӕрдихудт ӕрхаста, ирӕзгӕ фӕсевӕди ахурбӕл дӕр хъӕбӕр зӕрдӕй архайдта ӕма уотӕ идарддӕр. Цубур дзубандийӕй, байзайӕд ӕнӕрвист зӕгъгӕ, уобӕл еугурӕйдӕр исгъӕлӕс кодтонцӕ.

 


… Нӕ зундгонд поэт Скъодтати Эльбруси ӕмдзӕвгитӕй мӕ зӕрдӕбӕл ке дарун, уонӕй еуеми уотӕ загъд ес:

 

Нӕй дессаг цӕрун дӕр,

Нӕй дессаг мӕлун дӕр,

Ниуазун, хуӕрун дӕр,

Исгъар ун, сӕлун дӕр.

Ӕнӕмӕтӕй ӕппун

Нӕ хауй сӕри гъун.

Ӕй дессаг лӕдӕрун,

Дессагдӕр – лӕдӕрд ун…

 

Уотӕ мӕмӕ кӕсуй, ӕма аци рӕнгъити ӕвӕрд гъуди дессаги ӕмзӕл ӕй мӕ абони радзубандий хӕццӕ. Нӕ адӕми алли фӕлтӕрти дӕр нӕмӕ алкӕддӕр адтӕй хъӕбӕр курухон адӕймӕгутӕ, кӕцитӕ рӕстуодӕй рацудӕнцӕ сӕ карни нӕдтӕбӕл, рӕстзӕрдӕй лӕггадӕ кодтонцӕ нӕ фидтӕлтӕн, нӕ дзиллӕн, бантӕстӕй син берӕ арфиаг гъуддӕгутӕй фескъуӕлхун. Фал цидӕр, рӕстдзийнадӕ зулунгӕнӕг гъуддӕгутӕмӕ гӕсгӕ син аккаг аргъгонд нӕ цудӕй. Ӕма нӕ ихӕс ӕй, еугур еци хабӕрттӕмӕ лӕмбунӕгдӕрӕй ӕркӕсун, се ‘цӕгдзийнадӕ син исбӕлвурд кӕнун. Еузагъдӕй, ӕй дессаг – лӕдӕрун, дессагдӕр – лӕдӕрд ун.