28 апреля 2024

КӔРӔДЗЕЙ ЛӔДӔРУН – СӔЙРАГДӔР

15.01.2022 | 10:39

КЪУБАЛТИ Солтан

МОРГУАТИ Эдислав

Нӕ абони цардарӕзти сагъӕссагдӕр фарстати фӕдбӕл зундгонд журналист Къубалти Солтан дзубанди кӕнуй, Еугурадӕмон ӕзмӕлд «Иристони Нихӕс»-и ӕгъдӕутти Комитети сӕрдар Моргуати Эдислави хӕццӕ.

Къубалти Солтан: Фиццагидӕр мӕ зӕгъун фӕндуй еу ӕхцӕуӕн хабари туххӕй – зундгонд финсӕг ӕма публицист Хетӕгкати Къостай номбӕл Паддзахадон премий лауреат, поэт Дзасохти Музафербӕл аци бӕнтти, бӕлвурддӕрӕй 10 январи, исӕнхӕст ӕй фондз ӕма цуппаринсӕй анзи. Ӕма ин уой фӕдбӕл хъӕбӕр зӕрдиагӕй арфӕ кӕнӕн, нӕ Исфӕлдесӕгмӕ ин ковӕн ӕма ин си корӕн федар ӕнӕнездзийнадӕ, никки агъазиаудӕр исфӕлдистадон ӕнтӕстдзийнӕдтӕ.

Нӕ абони дзубанди дӕр мӕ райдайун фӕндуй, Музафер кӕддӕр ӕ публицистон уацтӕй еуеми ци гъуди загъта, уомӕй: «Минкъий адӕми нимӕдзӕн цалдӕр хатти фӕффулдӕргӕнӕн ес. Ихӕлд сахартӕ ӕма гъӕуи бунати исирӕзуй, ка ’й зонуй, рӕсугъддӕр ӕма аййевдӕр сахартӕ ӕма гъӕутӕ. Ӕндӕр ӕй ӕвзаги гъуддаг. Ӕвзагбӕл дзорӕг ку нӕбал уа, уӕд ин ӕнӕ рамӕлгӕ нӕййес. Мард ба некӕдма неке райгас кодта. Нӕ адӕми сӕ еугурей дӕр ӕндӕр ӕвзагбӕл исдзорун кӕнӕн ес, фал уой фӕсте уонӕй еу дӕр маддӕлон ӕвзагбӕл нӕбал исдзордзӕнӕй. Махӕй ба беретӕ ирон мадӕ ӕма фидӕй райгурдӕнцӕ, ирон тог се ’уӕнгти гъазуй, уотемӕй ба сӕ маддӕлон ӕвзагбӕл дзорун нӕ зонунцӕ…»

Нӕ дзубандий ӕвзаги коййӕй хумӕтӕги нӕ райдӕдтон. Уомӕн ӕма е ӕй нӕ цардиуаги фулдӕрӕй-фулдӕр гъуддӕгути райарӕзти сӕйрагдӕр рахуӕцӕн. Уой лӕдӕргӕй, нӕ дзиллӕ архайунцӕ, цӕмӕй нӕ маддӕлон ӕвзаг цӕра ӕма ирӕза, цӕмӕй зӕрдтагон уа нӕ абони кӕстӕртӕн ӕма ибӕл ӕхцул уонцӕ, ӕ исонибон дӕр уа зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Гъулӕггагӕн, кадӕртӕ си хуарзӕн нӕ, фал фуддӕрӕн дӕр испайда кӕнунмӕ багъавунцӕ. Нӕ маддӕлон ӕвзагӕн дууӕ ӕмбарӕ къабази ке ес, уобӕл, мӕнмӕ гӕсгӕ, дзубанди дӕр нӕййес ӕма гъӕуама еугуремӕн дӕр лӕдӕрд уа. Еци къабӕзтӕ ба ‘нцӕ ирон ӕма дигорон ӕвзӕгтӕ. Ӕма нин гъӕуама уонцӕ нӕ еугӕнӕг, уомӕ гӕсгӕ ба сӕбӕл ӕмхузон ауодӕн. Уой фӕдбӕл дӕр Музафер уотӕ зӕгъуй: «Уадзӕ ӕма ирӕзонцӕ ирон ӕвзаг дӕр ӕма дигорон ӕвзаг дӕр. Дууӕ ӕвзаги ке ’нцӕ, уомӕй тӕрсун нӕ гъӕуй. Тӕрсун гъӕуй, еу ӕвзаг дӕр нин ку нӕбал уа, уомӕй…»

Моргуати Эдислав: Ӕз дӕр зӕрдиагӕй арфӕ кӕнун Музаферӕн ӕ райгурӕн бони фӕдбӕл. Ӕновудӕй хъиамӕт кӕнуй нӕ Иристони сӕрбӕлтау, берӕ хуӕрзти ин бацудӕй, ӕма ин ӕ еци арфиаг гъуддаги никки фулдӕр бантӕсӕд!..

Музафери гъудити хӕццӕ ӕз дӕр кӕрӕй-кӕронмӕ арази дӕн, рагӕлдзуйнагӕй си неци ес. Ӕз ма сӕмӕ бафтауинӕ: ирон адӕймаги ном кади хӕццӕ хӕссун ке фӕндуй, е гъӕуама ма иронх кӕна нӕ аллибони царди сӕйраг бунат ке ахӕссунцӕ нӕ маддӕлон ӕвзаг, нӕ фидтӕлтиккон ӕгъдау, уоди фарнӕ. Уони хӕццӕ ма ранимайун гъӕуй ездондзийнади фӕткитӕ: рӕстдзийнадӕ, хебӕлхуӕцундзийнадӕ, уодиконди кӕдзосдзийнадӕ, сӕр сӕрмӕ хӕссун ӕма иннӕ хуарз менеугутӕ. Ӕма ескӕмӕн уайдзӕфтӕ кӕнуни разӕй бал алкедӕр ӕхемӕ ӕркӕсӕд: еци домӕнтӕмӕ гӕсгӕ цӕруй ӕви…

Адӕймаги царди ахсгиаг бунат ахӕссуй ездондзийнадӕ. Уобӕл хуӕст ка нӕй, ӕ тоги кӕмӕн нӕй, уӕхӕнттӕ дӕр нӕмӕ, гъулӕггагӕн, хъӕртуй, уонӕн сӕ сӕйраг хотух ӕй мӕнгарддзийнадӕ, сауӕнгӕ ма сӕ ардбахуӕрдбӕл дӕр гадзирахаттӕй рацӕунцӕ. Е нӕ, фал ма рӕстуод адӕймагӕн маст исаразунцӕ, цъифкалӕнтӕ ибӕл кӕнунцӕ. Ниллӕуунцӕ фудгӕнӕги надбӕл, архайунцӕ айдагъ синхӕнтти нӕ, фал ма кусти ӕма ӕхсӕнади хӕлар цард фехалунмӕ. Гъулӕггагӕн, уӕхӕнттӕ фӕстаг рӕстӕгути ӕгӕр берӕ кӕнун байдӕдтонцӕ. Мӕнӕ ӕвзӕгти фӕдбӕл хилкъахӕн дзубандитӕ ка кӕнуй, етӕ дӕр гъе уонӕй ӕнцӕ. Баруагӕс уи уӕд, уонӕмӕ нӕдӕр маддӕлон ӕвзаги, нӕдӕр ба нӕ адӕми идарддӕри карни сагъӕс ес – сӕ миутӕ ‘нцӕ сӕхе хецмӕрез фӕндитӕ райаразун.

Къубалти Солтан: Раст ӕй дӕ гъуди. Ке кой кӕнис, уонӕй, ӕвӕдзи, феронх ӕй, нӕ фидтӕлтӕ кӕд зин ӕма кадавар уавӕрти цардӕнцӕ, уӕддӕр цардӕнцӕ ӕнгомӕй, кӕрӕдзей лӕдӕргӕй ӕма нимайгӕй, кӕрӕдземӕн адтӕнцӕ агъазгӕнӕг ӕма нифсдӕттӕг. Кӕд сӕ фулдӕр уӕззау бӕнттӕ ӕрвистонцӕ, уӕддӕр фӕразон адтӕнцӕ сӕ ездондзийнадӕй ӕма уодиконди федауцӕй, ӕвӕдзи, сӕрустур дӕр ӕма фӕразон дӕр уомӕй адтӕнцӕ.

Уой фӕдбӕл берӕ историон ӕвдесӕнтӕ ӕримисун ӕнгъезуй. Зӕгъӕн, Донай тугъди (1877-1878) Уӕрӕсей ӕфсади инӕлӕртти деси ӕфтудта нӕ бархеуонти ездондзийнадӕ, кӕстӕр (кӕд афицер уидӕ, уӕддӕр) хестӕрӕн куд лӕггадӕ кодта. Советон Цӕдеси разамонгутӕй еу, ӕмбесондӕн имиста, ӕхуӕдӕг ӕхе цӕститӕй ке фӕууидта, еци хабар: цӕветтонгӕ, Мамсурати Хаджи-Умари хӕццӕ уой райгурӕн гъӕу Ольгинскийи ку адтӕй ӕма син уоми сӕ кадӕн фингӕ ку исаразтонцӕ, уӕд номдзуд инӕлар хестӕрти рази лӕудтӕй урдуг, лӕггадӕ кодта, ӕ фидӕ Джиор ӕ хӕдзарӕмӕ ӕртӕ къерей исковунмӕ ке ’рбахудта, уонӕн.

Уӕхӕн дӕнцитӕ еу ӕма дууӕ нӕ ’нцӕ. Ӕнӕуой, ци зӕгъдзӕнӕ, нӕ Иристони номдзуддӕр лӕгтӕ, не ’мдогон инӕлӕрттӕ Плити Иссӕ, Мамсурати Хаджи-Умар, Карсанти Хъазбег, Дзусати Ибрагим, нӕ республики раздӕри разамонгутӕ Хъӕбӕлоти Билар, Галазти Ӕхсарбег ӕма ма берӕ ӕндӕртӕ цӕйбӕрцӕбӕл хуӕрзӕгъдаугин, адӕмуарзон адтӕнцӕ ӕма дзиллӕн дӕр уомӕ гӕсгӕ ба абони дӕр ма зӕрдтагон ӕнцӕ, нерӕнгӕ дӕр сӕ бозӕй имисунцӕ. Е, ӕвӕдзи, уой фӕрци дӕр ӕй, ӕма син нӕ маддӕлон ӕвзаг ӕма нӕ адӕми ӕгъдӕуттӕ ӕнӕфӕххецӕнгӕнгӕ монон хӕзнатӕ адтӕнцӕ.

Моргуати Эдислав: Раст зӕгъис, ӕвзаг ӕма ӕгъдауӕн фӕххецӕнгӕнӕн нӕййес. Се ’мбӕрцӕ ба, мӕнӕ раздӕр куд загътан, ездондзийнадӕн дӕр. Уони фӕрци недзамантӕй нури уӕнгӕ нӕ адӕми ’хсӕн ӕнгомдӕр, хуӕздӕр ӕма федардӕр кодтонцӕ рахастдзийнӕдтӕ, цардарӕзти фӕткитӕ.

Гъулӕггагӕн, еуӕй-еуетӕ уони феронх кӕнунцӕ. Ӕма уотӕ ку фӕззӕгъунцӕ, е нури доги хӕлхъойгӕнӕг фӕззиндтити фудӕй ӕй, зӕгъгӕ, уӕд ӕз уӕхӕн «хатиргӕнӕг» гъудий хӕццӕ арази нӕ дӕн. Алли рӕстӕгути дӕр ӕма алли уавӕрти дӕр ӕфсармӕ еухузон адтӕй, ӕма си сӕхе тиллеф кодтонцӕ, уой ӕгъдӕуттӕмӕ гӕсгӕ цӕрун ке нӕ фӕндадтӕй, айдагъдӕр етӕ. Нури доги дӕр уотӕ ’й. Ӕдзӕсгон алкӕддӕр ӕдзӕсгон адтӕй, ӕй ӕма уодзӕнӕй. Гъе уӕхӕнттӕ иселлӕг унцӕ хе ӕстаунмӕ, фудмиутӕ аразунцӕ, раст адӕймӕгутӕбӕл цъифӕ калунцӕ.

Адӕймаг уӕхӕн гъуддӕгутӕ гъӕуама ӕ сӕрмӕ ма хӕсса. Кӕрӕдзей уарзгӕй, еу иннемӕн хатир кӕнгӕй ку нӕ аразӕн нӕ цард, уӕд нӕбӕл нӕхе фудӕй устур фудбӕлӕхтӕ ӕрцӕудзӕнӕй, уонӕн сӕ тӕккӕ фуддӕр – ниддехтӕ уодзинан. Уой фӕдбӕл зундгонд журналист ӕма финсӕг Цгъойти Хазби ӕ публицистон уацтӕй еуеми уотӕ финсуй: «Е мӕнӕй цӕмӕй лӕгдӕр ӕй», зӕгъгӕ, еци ӕнӕхайири гъуди ке зунди ниффедар ӕй, е хуарзӕй неци иссердзӕнӕй нӕдӕр ӕ муггагӕн, нӕдӕр ӕхсӕнадӕн, нӕдӕр адӕмӕн…»

Къубалти Солтан: Ӕвӕдзи, афонӕ ’й еци хахургӕнгутӕн аккаг нихкъуӕрд раттунӕн. Ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕпайдайӕй, айдагъдӕр еске зӕрдӕ фӕрресун кӕнон, зӕгъгӕ, ка архайуй, уонӕн мӕ фӕндуй зӕгъун: уӕ хуарзӕнхӕй, байархайетӕ уой бӕсти уӕ бийнонти цард фӕххуӕздӕр кӕнунбӕл, кӕстӕрти раст надбӕл исаразунбӕл. Уотӕ ку бакӕнайтӕ, уӕд адӕм кӕрӕдзей хуӕздӕр балӕдӕрдзӕнӕнцӕ. Рагъуди кӕнӕн: рӕстдзийнадӕ ци дзубандий нӕ уа, уой цӕмӕн гъӕуй мухури фӕрӕзнити ӕма социалон хизӕгти фӕрци адӕми ’хсӕн хӕлеу кӕнун?

Моргуати Эдислав: Уӕлдӕр искодтан Интернет ӕма социалон хизӕгти кой. Ӕнӕмӕнгӕ, етӕ берӕ цӕмӕйдӕрти нӕ абони царди пайда ’нцӕ. Фал, цума, сӕ зӕран дӕр берӕ минкъийдӕр нӕй, уотӕ дӕмӕ нӕ кӕсуй? Хуӕздӕр нӕ уидӕ, еци фӕрӕзнити ка архайуй, етӕ ескӕбӕл цъифӕ калуни бӕсти алкедӕр си ӕхе ку бафӕрсидӕ: абони мӕ адӕмӕн сӕ цард фӕххуӕздӕр уа, зӕгъгӕ, уомӕн ци исаразтон; мӕ кӕстӕртӕ циуавӕр уагӕбӕл лӕуд ӕнцӕ?.. Уотӕ ку нӕ уа, уӕд хуарздзийнадӕмӕ маке ӕнгъӕлмӕ кӕсӕд.

Къубалти Солтан: Хазби ӕ еу ӕрмӕги уотӕ дӕр ма финсуй: «Нӕ фидтӕлтӕ хумӕтӕги нӕ дзурдтонцӕ: «Зӕгъуни размӕ дӕ гъуди баууелӕ ӕма ’й ранихъуӕрӕ. Кӕд дӕ хъури нӕ фӕббадӕ, уӕд ӕй зӕгъӕ!..» Еци загъди ӕцӕгдзийнадӕ абони кадӕртӕ нецӕмӕ дарун райдӕдтонцӕ, ӕма сӕмӕ дзоруйнаг ку неци фӕууй, уӕддӕр дзӕнгӕда кӕнунцӕ, зунд амонунцӕ, фӕндӕнттӕ хӕссунцӕ. Унаффӕ кӕнунцӕ, адӕми тухсун кӕнунцӕ…»

Е ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ке ӕй, уой абони дӕр нӕхуӕдтӕ нӕ уинӕн – ӕнӕгъӕнӕ дуйне ци фуднезӕй тухсуй, уой фудӕй тӕссаг эпидемиологон уавӕр исӕвзурдӕй Цӕгат Иристони дӕр. Ӕма нӕ адӕми еци еминӕй фӕййервӕзуни фӕдбӕл паддзахади ‘рдигӕй ци ӕнӕмӕнгӕ гъӕугӕ мадзӕлттӕ арӕзт цӕуй, уони нихмӕ дзоргутӕ нӕмӕ, гъулӕггагӕн, разиндтӕй. Ӕгириддӕр гъуддаг дӕр ке нӕййес, медицини лӕдӕргӕ дӕр ка неци кӕнуй, етӕ сӕхе искодтонцӕ Иристони дзиллӕбӕл мӕтӕгӕнӕг, унаффӕгӕнӕг нин иссӕнцӕ. Интернет ӕма социалон хизӕгти фӕрци вакцинаций нихмӕ ка тох кӕнуй, етӕ ‘нцӕ сӕ адӕми хуарздзийнади нихмӕ тохгӕнӕг. Уӕхӕнттӕн уотӕ зӕгъун: «Зӕнхи цъарӕбӕл сӕ зунд ӕма кӕрӕдзебӕл хуӕцунӕй зундгонд ӕнцӕ дзиуиттӕгтӕ. Сӕ паддзахадӕ Израили баргъон кари цӕргутӕ еугурӕйдӕр, ӕнӕмӕнгӕ, искодтонцӕ вакцинаци. Нур ба ралӕудтӕй, дууадӕс анземӕй фулдӕр кӕбӕл цӕуй, еци сувӕллӕнтти кезу. Аци адӕмихатт ӕ исонибонбӕл хъӕбӕр ӕновудӕй тухсуй, ӕма уомӕн уотӕ кӕнуй».

Моргуати Эдислав: Дӕ хӕццӕ арази дӕн, зундгин адӕммӕ игъосун ӕма сӕ хуарздзийнадӕй фӕнзун гъӕуй, кӕд дӕ ести базонун фӕндуй царди, уӕд. Уӕ фарнӕ берӕ, мах дӕр ӕнӕгъӕнӕ бийнонтӕй искодтан прививкитӕ. Куд балӕдӕрдтӕн, уотемӕй сумах дӕр, Солтан. Уомӕн ни неке нецихузи хъоргонд ӕрцудӕй, нӕхе дзӕбӕх лӕдӕрӕн, мадта ду дӕр ӕма дӕ бийнонтӕ дӕр уотӕ.

Уой туххӕй дзурдтан ӕма ма дзордзинан. Фал мӕ нӕ дзубандий кӕрони зӕгъун фӕндуй еу гъуди: ӕгъдауӕй ӕма ездондзийнадӕй ӕ фидтӕлтӕмӕ хӕстӕг дӕр ка нӕ лӕууй, етӕ дӕр сӕ реугудуртӕ фӕххуайунцӕ, ӕнӕгъӕуаги гъӕр кӕнунцӕ: «Мӕнӕн мӕ фидтӕлтӕ уотӕ кодтонцӕ». Уотемӕй ба, еуемӕй сӕ ку бафӕрсай, нӕ фидтӕлти хуӕрзӕгъдаудзийнадӕ ӕцӕгӕй цӕхуӕн адтӕй, уӕд «ратиллеф-батиллеф» дзубандитӕй уӕлдай бӕлвурд дзуапп раттунгъон не ’сунцӕ, иннемӕй ба етӕ сӕхуӕдтӕ ести бӕлвурд пайдахӕссӕг гъуддагӕй неци ӕвдесунцӕ, кӕстӕртӕмӕ хуарзӕй неци радӕттунцӕ. Гӕрр, уой нӕ лӕдӕрунцӕ, ӕма сӕ ӕримисгӕ «ӕгъдӕуттӕй» нӕ адӕмӕн, уӕлдайдӕр ба, ирӕзгӕ фӕлтӕрӕн ци зиан хӕссунцӕ, уой. Ӕви ’й лӕдӕрунцӕ, фал сӕ фурхевастӕй, сӕ хеуарзон «ӕз дӕн!..»-ӕй уотитӕ кӕнунцӕ?.. Уӕхӕнттӕн мӕ фӕндуй зӕгъун: «Афонӕ ’й кӕрӕдзей балӕдӕрунӕн!..»

Къубалти Состан: Кӕронбӕттӕни ма мӕ фӕндуй Цгъойти Хазбийи киунугӕ «Ӕгъдау – царди медес»-ӕй ӕрхӕссун скъуддзаг: «Цард догъ ӕй, ӕма еци догъи разӕй фӕууни туххӕй исӕфуй нӕ ирондзийнадӕ. Фӕлорс кӕнӕн, ӕма, ци адӕм ан, е иннӕ адӕмтӕн зин балӕдӕрӕн иссӕй. Уотемӕй ба нӕхецӕй нӕхе рази боз ан… Уотӕ, гъай-гъайдӕр, ӕнцондӕр цӕрӕн ӕй… Фал, баруагӕс уи уӕд: уӕхӕн ӕнцон царди адӕ нӕййес!» Хазбийи аци загъд уомӕ гӕсгӕ ӕримистон, ӕма хуарз уидӕ, алкедӕр ибӕл ку расагъӕс кӕнидӕ ӕма ӕ цардиуаги хабӕрттӕ уотӕ ку аразидӕ, цӕмӕй си ӕхуӕдӕг дӕр зӕрдрохс уа ӕма дзиллӕ дӕр.