ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ!..
Хӕрӕг хизтӕй игуӕрдӕни ӕма рауидта, берӕгъ имӕ куд ӕрбаледзуй, уой. Хӕрӕг уӕд къулух цӕун фӕййагайдта. Берӕгъ имӕ ку ӕрбахӕстӕг ӕй, уӕд ӕй фӕрсуй, къулух ба цӕмӕн дӕ, зӕгъгӕ. Хӕрӕг ин дзуапп равардта: «Кауи сӕрти багӕпп кодтон ӕма мӕ къахи синдзӕ фӕххастӕй…
Кӕд мӕ бахуӕрунмӕ гъавис, уӕд бал мин еци синдзӕ исласӕ, кенӕдта дӕ хъури ниххӕсдзӕнӕй». Берӕгъ баууӕндтӕй хӕрӕги дзубандитӕбӕл. Хӕрӕг ӕ къах исиста. Берӕгъ ин лӕмбунӕг кӕститӕ кӕнуй ӕ сӕфтӕгмӕ. Хӕрӕг ӕй еци-еу цӕф фӕлласта ӕма ин ӕ дӕндӕгутӕ ниппурхӕ кодта. Фӕхъхъан ӕй берӕгъ, мадта ма ин ци гӕнӕн адтӕй, ӕма ин нӕтгӕй загъта: «Уотӕ мӕ гъудӕй! Мӕ фидӕ мӕ ӕвгӕрдунбӕл исахур кодта, ӕз ба мӕхецӕй хуасгӕнӕг аразтон».
***
Аци таурӕхъи арф гъуди бӕлвурд ӕй: адӕмӕй дӕр кадӕртӕ, ци нӕ фӕззонунцӕ, еци гъуддаги ку бацӕунцӕ, уӕд устур бӕлахи бахаунцӕ. Уотӕ рауадӕй Украини нури разамунди хабар дӕр. Паддзахадон гъуддӕгути ӕгириддӕр неци лӕдӕргӕй, сӕхе исфӕтӕгтӕ кодтонцӕ ӕма сӕ бӕсти уӕлдайдӕр ба, ци адӕм си цӕруй, уони устур бӕлӕхти амӕттаг бакодтонцӕ: кӕмидӕрти сӕ хевастдзийнади фудӕй, фулдӕр ба сӕ фӕсарӕйнаг «зундамонгути» ахъилдӕй.
Алексей АРЕСТОВИЧ, Украини президенти офиси сӕргълӕууӕги унаффӕгӕнӕг: «Мах НАТО-мӕ цӕуӕн цъӕмӕнгӕси хузӕн бадард къохи хӕццӕ нӕ, мах альянсмӕ бафтаудзинан агъазиау тухӕ. Уомӕн ӕма АЕШ-и, Турки ӕма Франций фӕсте мах ӕфсӕддон гъомусадӕй ан цуппӕрӕймаг тухӕ…»
Цӕйбӕрцӕбӕл гъомусгин разиндтӕй сӕ «ӕфсӕддон тухӕ», е ба хъӕбӕр бӕлвурдӕй ку рабӕрӕг ӕй мӕнӕ нур, уӕрӕсейаг ӕфсӕддон сӕрмагонд операций рӕстӕг. Еузагъдӕй, Украинӕ уотӕ хъӕбӕр ӕхе ци тухӕй ӕстудта, е разиндтӕй уотид метин мӕсуг – зинги фиццаг ӕскъӕрнӕгутӕй ратадӕй…
Николай БУРЛЯЕВ, Паддзахадон Думи депутат – киной туххӕй: «Экран ӕй паддзахади уодварнон – стратегион хуӕцӕнгарз. Ӕма ‘й паддзахадӕ ӕ къохтӕй гъӕуама ма уӕгъдӕ кӕна…»
Хуӕцӕнгарзӕн ба еу менеуӕг ес – ци фат си фехсай, уомӕн фӕстӕмӕ раздахӕн неци хузи бал ес ӕма устур фидбилизтӕ исаразуй. Нӕ культури еугур къабӕзтӕ дӕр ци сӕргъӕнти амӕттаг иссӕнцӕ, етӕ нин си сӕ къӕсибадӕг «нӕуӕгдзийнӕдтӕй» гириззагдонӕ рауайун кодтонцӕ. Ӕма, кӕддӕр нӕ дзиллӕн ковӕндони хузӕн ка адтӕй, нӕ еци культури кӕдзосдзийнадӕ ӕма бӕрзонддзийнадӕ ескӕд ма ести хузи раздахдзинан?..
Валерий ФЕДОРОВ, дзиллон гъудикӕнуйнади бӕлвурдгӕнӕг Еугуруӕрӕсеуон центри директор: «Сӕйрагдӕр фарста – нури уавӕртӕн не ‘хсӕнадӕ кутемӕйти ниффӕраздзӕнӕй?..»
Кутемӕйти? Нури уӕнгӕ ци берӕ зиндзийнӕдтӕн бавзурстан аллихузон реформити ӕма сӕргъӕн ӕййивддзийнӕдти фудӕй, уонӕн куд ниффӕразтан, гъе уотӕ бабӕй. Бухсун ӕма бухсун нин ести фиццаг хатт ӕй. Нӕ цардиуагӕ еуцӕйбӕрцӕдӕр фӕххуӕздӕр уодзӕнӕй, е ба ни ӕруагӕс дӕр нӕбал кӕнуй – е кӕмӕй аразгӕ ‘й, уонӕй дӕр фудевгед ан.