27 апреля 2024

МӔРЗОЙТЫ СЕРГЕЙ РАДЗЫРД ХАХУЫР

15.04.2022 | 13:53

Мӕй хохы тигъӕй йӕ бырынкъ сдардта. Нарӕг къӕдз-мӕдзытӕ уынг уӕгъд ӕппӕрст рӕхысау ферттывта. Алы цӕг дӕр – хӕдзары къуым. Фӕиртасӕн сын нӕй. Хицӕнтӕй – сывӕллӕтты хъазӕнтӕ, ӕнӕхъӕнӕй – бинонты дарӕг, Сафайы хорзӕх.

Рӕхысӕй баст сты адӕм кӕрӕдзиуыл. Ӕмӕ йын хъуамӕ исчи йӕ кӕроныл хӕца фидар къухӕй. Науӕд фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ, царды фӕтк комы талынгмӕ ныззыввытт кӕндзысты ацы балбирӕгътӕ. Холы агурӕг смудгӕ зилынц, хъустӕ ӕмӕ цӕстытӕ фестадысты.

Хъахырман не ‘суадздзӕн йӕ амонды рӕхыс. Разагъддӕр лӕджы номмӕ нӕ бӕллы. Дзӕбийӕ уыцы бар никӕмӕ хауы, кӕд ӕй чындзхӕссӕгау дард кӕдӕмдӕр фӕхастой, уӕддӕр. Йӕ галтӕ сифтындзынмӕ йын сӕ ныфс куы нӕма хӕссынц, йӕ дугъоныл ын саргъ куы ничима сӕвӕрдта. Колхозы кӕрты вӕййынц ӕхсӕв, ӕмӕ уый цы давы? Зындзӕн сӕ хицау. Арв куыд нӕры, афтӕ нӕ цӕвы. Ӕмӕ йын Уастырджимӕ ӕртӕ чъирийӕ чи скува, уый Хъахырман. Фыдӕй фыртмӕ дыууӕ мыггаджы: туг никуы фемхӕццӕ, зӕхх дӕр сын фиддонӕн нӕма бахъуыд, Хуыцауӕй бузныг. Фӕлӕ лӕг ӕмсӕр лӕджы фӕагуры цӕдис ӕмбалӕн. Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн адджын уыдысты, кӕд Хъахырманӕн йӕ ис, йӕ бон анымайынӕн йӕ къухы ӕнгуылдзтӕ уӕлдайдӕр ма уыдысты, уӕддӕр. Бӕхтӕ, галтӕ, фыстӕ… Ныр ӕнгуылдзтӕн сӕ фылдӕр ӕгуыстӕй аззайы, ӕмӕ сӕм хъама сласынмӕ дӕр нӕ афӕстиат уыдаид, фӕлӕ тагъд дон фурды не ‘ййафы. Куыдзи йӕ дуканийы дӕгъӕлтӕ йӕ роныл бастӕй дзӕгъӕлы нӕ дары. Уый дӕр ма цӕхх, фӕтӕген ӕмӕ ӕндӕхтӕй хӕдзар куы сси.

Ахӕрынӕй анхъӕлмӕ кӕсын хуыздӕр. Ныхасы уал сӕмпӕрчъи Хъырым таурӕгътӕ хӕссӕд – йӕ сӕгдзыд къӕсы йӕм уӕдӕ чи байхъусдзӕн?

Мӕймӕ диссаг фӕкастысты Хъахырманы хъуыдытӕ ӕмӕ йӕ тӕккӕ сӕрмӕ ӕрцауындзӕг.

Лӕджы аууон уӕлхӕдзар афаста, дургуыбын кӕртыл цӕхгӕрмӕ ахызт ӕмӕ Хъырымы дуарыл йӕхи скъуырдта. Ноджыдӕр ма иу аууон калд мӕсыджы тигъӕй разынд ӕмӕ уый дӕр уӕлхӕдзар, кӕрт ӕмӕ уынджы сӕрты ахызт. Фаззӕттау фӕрсӕй-фӕрстӕм хуыссынц.

Къух хъамайы сӕрыл нындӕгъд. Лӕг сонт фарстӕй нӕ фидауы. Хабархӕссӕг йӕ зӕгъинаг нӕ ныууадздзӕн ӕнӕдзургӕ. Мӕйдар ӕхсӕв йӕ фӕдзӕхсӕг. Цы уа, цымӕ, цы бӕллӕх у?

– Дӕхи аууонӕй дӕр куы стъӕлфыс? Дӕ магъз дын бацъырдтой, ӕнхъӕлдӕн!

– Дзӕби? – фӕзылд Хъахырман. – Кӕцӕй фӕдӕ? Цы Хуыцау дӕ ӕрхаста?

– Мӕрдты бӕстӕй. Уӕлӕуыл ма мын ӕнӕконд хъуыддӕгтӕ баззад, стӕй ма, зӕгъын, ӕххӕст мӕ зӕронд хӕстыл дӕр ӕрзилон.

– Хӕсджынтӕ бирӕ, фидынмӕ – цыбыркъух!

– Дӕ сӕр мӕ бахъуыд ахсӕв, ӕз де ‘ххуысмӕ фӕзындтӕн.

– Фыдӕй фыртмӕ… Кӕрӕдзийӕ цы дарӕм? Хъырым ӕмӕ йӕ хуызӕттӕй цы зӕгъай, уый не ‘Скӕнӕг Хуыцаумӕ дӕр раст фӕкӕсдзӕн, Дзӕби.

– Ды амондмӕ бӕллыдтӕ. Агуындӕйы дӕ сӕнтты уӕддӕр арӕвдыдтай. Ӕз та мӕ риу топпы дзыхмӕ дардтон. Хӕлары ном, хӕлары дзырд зынаргъ у.

– Фӕлӕ уӕддӕр ныр хуыссы хӕххон дзиглойы хъӕбысы. Хъырымы сӕгдзыд къуымӕй сызгъӕринау ӕрттивы. Мӕстӕймарӕгау не ‘нцайы йӕ худын. Мӕ сӕр кӕдӕм фесафон, уый нӕ зонын. Ӕхсӕв – фыдфынтӕ, бонӕй дӕр къух ницӕмӕ тасы. Мӕ амонд мӕ фындзы бын, фӕлӕ мӕм уӕлӕ уыцы мӕйау дард у.

– Сӕнттӕ сты уыдон. Чысыл фӕхӕц дӕхиуыл. Ӕнамонд нӕ дӕ. Скъӕфджытӕ не ‘сбӕрӕг сты, уый йедтӕмӕ Сыбыры мемӕ баргъӕвстаис дзылыйау. Фӕлӕ… Дӕ мастӕн иу хос ис. Дӕ къахы фындзӕй та йӕ ма скъуыр.

– Цӕттӕ дӕн ӕз, Дзӕби. Ард дын хӕрын. Зоныс мын мӕ хъару.

***

– Фӕдис! Фӕдис! Фӕдис!

– Сӕрсӕфӕн былмӕ фескъӕрдӕуы фос!..

Цӕфхӕдтӕ цӕхӕртӕ акалынц. Ӕдзӕфхад бӕхтӕ фӕстӕгтыл ӕрбадынц, стӕй та уаритау фӕцагайынц комы нарджыты. Фосы ӕмбу, адӕмы хъӕлӕба топпы гӕрӕхтӕй скуынӕг. Къӕрныхты фӕдтӕ дон фӕласта. Уӕлахиздзаутӕ нал федтой сӕ фынтӕ. Хъӕу боны рухсмӕ карз тӕрхоны бацыд. Фӕлӕ ӕвдисӕн иунӕг мӕй уыд, ӕмӕ баруад. Ӕбуалгъ мийӕ ныффӕлурс, фырӕфсӕрмӕй ныттылд фӕсхохмӕ.

***

Мӕйы фӕстӕ ӕрыздӕхти сӕ хъӕумӕ Хъахырман. Йӕ зӕронд мад ыл хъарджытӕ фӕкодта. Ӕфсатийӕн-иу алывыд фӕкалдта. Ӕмӕ йӕм уӕд ӕрыхъуыстой хъӕубӕстӕ. Ӕнӕфенд ми! Цӕмӕн фӕхӕрам зӕронд цуанӕтты бардуагмӕ?

– Мӕ хъӕбулы сызгъӕрин базыр басыгъд! Йӕ хӕтӕнты нӕма ӕрзылд лӕгау. Ныр хъазты кӕрон нал ӕрлӕудзӕн мӕ усгур. Мӕ тӕригъӕд фӕхӕссӕд не ‘Скӕнӕг Хуыцау. Цы йын ракодтон? Нывондӕн ын мӕ урс сӕр куы ‘рхастон!..

– Дӕ райсом хорз, мӕ сыхаг. Фыдбылызӕй дӕ бахизӕд Хуыцау.

– Хуыцауы уазӕг у, Хъырым. Фыдбылыз та… Ӕгӕр ӕнувыд мыл сси. Мӕ фӕдыл зилы. Мӕ уӕлсынт ма кӕд ӕрӕвӕрид йӕ гӕрзтӕ… Хабӕрттӕй дӕ фӕрсын ма бахъӕуӕд.

– Хабӕрттӕ бирӕ. Кӕм чындзхаст, кӕм та фӕдис…

– Дзырдта мын сӕ Гыцци, – йӕ цӕстытыл ныххӕцыд.

–  Бирӕгъ, дам, йӕ кӕнон нӕ уадзы. Ӕмбисӕхсӕв нӕм ӕрбалӕбурдтой. Сӕ къухы ницы бафтыд. Фӕдисмӕ-иу гӕппӕввонгӕй бадт хохаг лӕг. Ныр та уӕлдайдӕр. Ӕнӕхъӕн хъӕубӕстӕн иу сӕ цард, сӕ ис. Ӕмуӕхск, ӕмзондӕй архайынц ӕдзухдӕр. Тӕнӕгсӕртӕн уый бамбарын афон бӕргӕ у.

– Сӕ рондз фӕкалӕнт, уастӕн, – зӕронд ус сын сӕ цуры фынг ӕрӕвӕрдта. – Фӕйнӕ сыкъайы аназут, мӕ хуртӕ. Хуыцауӕн балӕгъстӕ кӕнут. Сӕрӕгас нӕ уадзӕд!

– Табу йӕхицӕн. Адӕм ссардтой амонд ӕмӕ йыл фыдгулы чъизи къухты фӕд куыд никуы аныдзӕва, уыцы хорз нын раттӕд!

– Дӕ сидт рӕстмӕ фӕуӕд. Ӕз дӕр уӕлдай нӕ зӕгъын. – Лӕг нынхъырдтӕ, риу мӕстӕй адымст, зӕрдӕ тоны. – Цывзыджын у дӕ арахъхъ, – дзуры мадмӕ.

Зӕронд хъусӕй уыйас рӕвдз нал у, ӕвӕццӕгӕн, стӕй искӕй ныхӕстӕм хъусаг дӕр никуы уыд. Фӕлтау йӕхи дзӕкъул ӕрцӕгъддзӕн, зӕрдӕхсайынӕн дзы иу хабар дӕр нӕ фӕуадздзӕн.

– Сӕрӕнгуырдтӕй нӕ хъӕу куынӕг нӕ кӕны. Кӕмӕ баулӕфай, йӕ уд дын ратдзӕн. Фӕдисы та Хъырым уыди сӕрхъуызой. Сывӕллӕттӕ ма ныр дӕр «фӕдисӕй» хъазынц. Сӕ иу Хъырым, сӕ иннӕ та – абырӕг. Фыдгӕнӕджы туг фӕндагыл ныхъхъӕбӕр. Хъырымы фатӕй аирвӕзӕн нӕй.

– Ӕгӕр мӕ стауыс. Иннӕтӕй дӕр ничи фӕивгъуыдтаид. Бӕркадджын ут…

– Схорз кӕн фынг, Гыцци, – уӕзбынӕй загъта фырт.

«Дӕлӕмӕ ‘рхауӕд мӕ амонд! Цӕй лӕг дӕн ӕз! Аууон, аууон… Скӕсы хур, ӕмӕ ӕз дӕр уӕд райгуырын, йӕ цӕст фӕтар – мӕн астӕрынц йӕ тынтӕ. Мӕ цин, мӕ цӕст Агуындӕйы рӕсугъд уыд. Ӕхсӕвӕй – бонӕй мулкыл мӕхи мардтон, цӕмӕй йӕ цард мӕ фӕрныг хӕдзары ӕнцонӕй арвита. Уый равзӕрста Хъырымы. Лӕгау фӕцыдтӕн мастисӕг. Сӕрдары цыт ӕз хъуамӕ былӕй фехстаин. Ӕмӕ уӕд, чи зоны, Агуындӕ мӕ къӕсӕрыл мыды къусӕй сахуыстаид. Фӕлӕ та мын мӕ туджы пырхӕнтӕй йӕхицӕн кад ӕмӕ ном скодта… О, Стыр Хуыцау! Дӕ хорзӕх иуӕн радтай, уымӕн йӕ алы къахдзӕф дӕр нывджын ӕмӕ арфӕйаг у. Мӕныл та алкӕд комдзог цӕуыс. Зӕрдӕнизӕн ма мын мӕ туджджынимӕ иу сыкъа дарыс. Хӕрам мын фӕуӕд, кӕд мӕм хъару ӕмӕ ныфс нӕ разына, уӕд. Хъырымы уд йӕ хъуырӕй хъуамӕ сласон ӕз… Уӕд сулӕфдзынӕн, уӕд дӕумӕ дӕр Хадзыбечыры иунӕг фырт скувдзӕн!»

– Дӕ къах куыд у?

– Мӕ фадхъул ныппырх.

– Хохдзу лӕг дӕ, дӕ риуы ӕмбӕрц цӕуыс.

–  Цуанон лӕджы амонд карды комыл бады.

«Ӕнӕууӕнк каст нӕ кӕны. Гуырысхотӕн цы ‘мбары ацы сӕтой гоби. Фӕлӕ уӕддӕр хуыздӕр уыдзӕн фӕлывд дзырд. Дызӕрдыг хъуамӕ мачи уа мӕныл».

– Кӕсӕджы мын кӕнгӕ ӕфсымӕр цӕры. Уӕздан мыггаг, зындгонд адӕм. Ӕмбисондӕн куы баззади сӕ ном. Ӕгъдауӕй сыл нӕма фӕтых ис лӕг. Мӕн дӕр фырбуцӕй риуыгънӕгӕн дардтой. Ӕрвылбон – кусарт, хъазт, кӕнӕ та балц. Фӕцыдтӕн цуаны иу бон. Мемӕ ме ‘рдхорд. Дзӕбидырдзуан… Дзӕнӕтӕй та цы кӕныс? Уӕлхох фӕзтӕ, цъӕх гауызтӕ, цъӕх цъити. Ӕвдадзы хос – зӕронд лӕг фестдзӕн усгур. Кӕрӕф у адӕймаг. Ӕгъгъӕд нын иу сырд нал уыд. Бырыдтӕн тигътыл, хохы цъупмӕ схызтӕн. Ӕнӕхъӕн рӕгъау айнӕгыл лӕууыд. Тӕф ӕмбарынмӕ уыдонӕн ӕмбал кӕм ис? Ме ‘намондӕн, Галӕгон сырдты ‘рдӕм дымдта. Фӕтъӕбӕртт ластой, нӕмыг дӕр сӕ нал баййӕфта. Стӕй дурты зӕй ракалд. Мӕхи бӕргӕ бафӕсвӕд кодтон, фӕлӕ мын иу цыргъ къӕйдур ацы бӕллӕх сарӕзта. Мӕ туг фӕцыд. Ӕрхастой мӕ сӕхимӕ мӕ фысымтӕ. Мӕйы бӕрц сӕм фӕхуыссыдтӕн. Сӕ кадджындӕр молло уыд мӕ хосгӕнӕг. Сырды сой, цыдӕр кӕрдӕджытӕй байгас сты мӕ хъӕдгӕмттӕ. Фӕлӕ къах зылынӕй баззад. – Хъахырман ӕнӕбары бахудт. – Куыдз къуылыхӕй нӕ мӕлы, фӕзӕгъынц. Ӕз дӕр нӕ бакуымдтон мӕлын… Кӕд колхозӕн сахъат лӕг дӕр сбӕззид.

– Цӕмӕн зӕгъыс афтӕ. Гыццийы фӕндиаг у. Ӕдзух хӕдзары ма бад, адӕммӕ дӕр акӕс, дӕхи-иу аирхӕфс ӕмӕ дӕ рыст ссӕуа. Лӕг химӕ хъусынӕй ӕмпылгӕ кӕны.

Хъахырман бадт гуыбырӕй, йӕхинымӕр дзырдта: «Куы акуыйты уаис, мӕ хӕрзгӕнӕг, мӕ бон дӕм нал у хъусын, дӕ алы ныхас дӕр мын нӕмыгдзӕфау мӕ зӕрдӕ скӕрды. Калм, дам, битъынайӕ тарст ӕма йӕ хуынчъы был ӕрзади. Мӕнӕн дӕр Стыр Хуыцау мӕ туджджыны хуыздӕр сыхагӕн радта.

– Кӕнӕ та немӕ цом. Нӕ хостӕ ссивӕм райсом. Колхозон зиу нӕма федтай нырма.

– Цӕуын, цӕуын! Ӕнӕмӕнг… Райсом раджы… – мӕрдон ӕнгӕс бадт Хъахырманы цӕстыты,  ӕнӕдаст рустӕ кӕрӕдзийыл ӕндзӕвынц.

«Сӕнттӕ цӕгъды мӕ хорз сыхаг, ӕнхъӕлдӕн. Цуанон лӕг! Сычъийы къах дӕр никуы уыд йӕ уӕларт. Кӕд искӕй хуынӕй фӕхъӕстӕ, уӕд Хуыцаумӕ кувӕд. Цуанонау гӕдывад. Йӕ хъама къулыл нӕма сауыгъта.

Ныхасы бадын бирӕ уарзы. Йӕ цӕвӕг ӕртӕхы уымӕлӕй куы схус, уӕдӕй нырмӕ фӕфӕлдӕхт цард. Хуым рувынмӕ ӕхсӕвӕддӕ нӕ комы. Галты цӕдӕй йе ‘сӕфт федта лӕг… Ӕхсӕвӕддӕ… Ӕмӕ хӕдзары та кӕд вӕййы?

– Хъырым йӕ къӕсӕрыл ӕрлӕууыд. – Ӕнӕрхъуыды стӕм нырма.

Хъахырманы дӕлгоммӕ митӕ мӕстаг уыдзысты, уый зонын. Хъӕуккӕгтӕй нӕу. Фӕдисы бон йӕхи нӕ равдисдзӕн, кӕмдӕр нымбӕхсы. Ӕнӕныфс уа? Нӕ лӕппуты сӕрӕндӕр… Агуындӕйы куы аскъӕфтой, уӕддӕр  кӕдӕмдӕр балцы араст… Ӕмдзуарджынӕй мын бавӕрдта зӕрдӕ,  йӕхӕдӕг  чындзӕхсӕвы бон ахауди уӕлгоммӕ, мӕ синты, дам, ныббадт ӕндыснӕг. Нӕ фос нын аскъӕрдтой къӕрныхтӕ, ӕмӕ та балцы разынди Хъахырман… Уый диссаг нӕу? Фӕлӕ дис дӕр цӕмӕн кӕнын? Раст уыцы изӕр сӕ уӕлхӕдзарӕй махмӕ йӕ аууон калмау куы бырыди. Йӕ фарсмӕ иннӕ аууон уӕд аскъӕрдта йӕхи. Нӕ мӕм ӕрцыди уӕд гуырысхо. Фӕзынди уазӕг, гъе бӕлццон лӕг… Ӕгасцуай йын фысым загъта…  Мӕн та мӕ амонды тӕмӕнтӕ сӕхимӕ сайдтой – ферох аууон. Ӕмбисӕхсӕв рӕвдыдхъуагӕй фӕдисонтимӕ тахтӕн, дымгӕ фӕхаста Агуындӕйы фӕлмӕн ныхас, йӕ хъарм узӕлд. Цыма мыггагмӕ баззадтӕн идӕдзӕй, цыма мын райстой мӕ арты сӕрӕй рӕхыс,  раст афтӕ рафыхт риуы маст ӕмӕ йын нӕ уыди уромӕн. Мӕйдар абырӕгӕн – цӕдисон, йӕ дӕларм бамбӕхст ӕмӕ фервӕзт. Къӕйдурыл бахус туджы пырхӕн, ӕма абон дӕр туджы ӕгъдау ничи домы. Ау, Хъахырман?.. Кӕй бауырндзӕн, кӕмӕ разындзӕн ахӕм ныфс? Ӕвдисӕн нӕй, зӕрдӕ йӕ ӕмбары ӕрмӕст. Зӕрдӕ… зӕрдӕ… Ӕууӕнкджын у, стӕй бараг, фӕлӕ ӕрдынау тохмондаг. Кӕннод  дӕм сау лӕг чъизи къухӕй ӕвналдзӕн; фӕкъуырма дӕ, уӕд та дӕм хъама сласдзӕн».

Стылди мӕй хӕххон хъӕуӕн йӕ сӕрмӕ. Хъахырманы къӕс мӕйдары  ӕрныгъуылд. Йӕ аууон та ӕрбабыры Хъырыммӕ…

Фӕсвӕды ӕмбийы иу рох хӕдзар. Хӕдзар… Цалх ӕм рагӕй нал тулы. Зымӕджы йын йӕ тыргъты миттӕ ничи расӕрфы. Сӕрды тӕрккъӕвдатӕ цары сӕ, цыхцырджытӕй хуынчъытӕ ныууагътой. Кӕрты ставдзӕнг тӕфгӕнаг бӕрӕзе ӕмӕ пысыра кӕрӕдзийыл сыздыхтысты. Цӕвӕджы ком фӕчъил уыдзӕн, исчи йӕ, миййаг, дард куы фӕхӕсса, уӕд. Арвдзӕфӕй хӕдзары тигъ басыгъд, фӕлӕ уӕддӕр кӕйдӕр хъысмӕтӕн цыртау ӕгомыгӕй лӕууы. Дуар зыхъхъырӕй баззад ӕмӕ дымгӕбон йӕ хъыррист, зианджыны маройау, сиу вӕийы ӕххормаг мыстыты цъыс-цъысимӕ. Пецы кӕлдтытӕ ӕмӕ фӕздӕгдзыд къултыл сусӕны уымӕл хъуынайы хӕрв баппӕрстӕуыд, тъӕнджы мӕйы та сыл тӕнӕг чырс сбады. Куыдзы рӕйд ӕмӕ гӕдыйы уаст ардӕм сыхӕгтӕй фӕхъуысынц. Фӕскъул хуымы гӕппӕл згъӕлӕццаг дурты бын фӕци. Зӕрӕстон зӕххы гутоны цыргъ ӕнцонтӕй нал афӕлдахдзӕн.

Хӕдзар… Йӕ ном йӕ уӕлӕ. Адӕймаджы удӕнцой у. Саргъ дӕр дугъоныл фидауы, хъама – тохы сгуыхт бӕгъатырыл. Амӕн та йӕ саст фӕрсӕгтӕ, марды ӕхгӕд цӕстытау, ӕдзард ӕмӕ ӕнӕскаст сты. Зианы ӕфснайгӕйӕ ма фӕстаг хатт ацы кӕртмӕ хъӕубӕстӕ ӕрбавӕрдтой сӕ  къах. Уый фӕстӕ сӕ артдзӕсты нал ферттывта зынг. Къахвӕдты та уарындон коммӕ фӕласта. Хъахырман мады хистӕн аргӕвста йӕ иунӕг хъуг. Фысты къорд ӕмӕ дыгӕрдыджы аскъӕрдта йӕ разӕй хъӕдмӕ. Уым уӕлхох фӕзы ӕрынцад, ӕмӕ уӕд сулӕфыд ӕнцонӕй. Колхозы мыды чыргъӕдтӕ йӕ бар, адӕм дард, цӕрдзӕн йӕхицӕн. Кӕд йӕ маст искуы ссӕуид. Доны знӕт тӕлфын, комы улӕфт ӕмӕ цъитийы ӕрттывдӕй хистӕртӕ куы фӕкӕнынц сомы.

«Мыддар дӕн ӕз. Адджын цард та Хъырымӕн. Гӕвзыккӕй джиудта. Ныхасмӕ дӕр нӕ уӕндыд. Кӕронӕй-иу чындзау ныхъхъил. Цумайы лӕппуйау згъордта, ӕрмӕст ӕм хистӕр бакӕсӕд. Кӕмӕн-иу кау быдта, кӕмӕн хӕдзары тигътӕ сӕрста. Хуырх ӕфсӕстӕй искӕйы хуымгӕрон бӕргӕ ссардтаид йӕ мӕлӕт. Фӕлӕ йӕ хъул сах абадт. Цард доны къусӕй уӕлдай нӕу. Зӕй ракӕлӕгау сӕмтъеры ис дуне. Хӕлӕф, хӕлӕф… Хицӕн сирыл нал ӕрвӕссы иу дӕр. Ӕмӕ дзы хорз хай ралухта мӕ сыхаг. Дзырддзӕугӕ лӕг, комы дӕгъӕл… Сӕ дзыхтӕ йӕм хӕдиуӕй дарынц – сызгъӕринтӕ дзы схаудзӕн!.. Ӕз та мӕ зӕнг мӕ фӕдыл ласын. Дӕлдзӕх фӕуӕд Дзӕби дӕр. Сыбыры къӕйыл рафтауӕд йӕ уыргтӕ. Ӕз уал иу лӕгӕй бацарӕфтыд дӕн. Ӕнӕхӕдзар, ӕвӕгӕсӕг… Зӕхх ӕмӕ арвы ӕхсӕн куырмӕджы цу – дӕ сомбон тар ингӕнау талынг. Агуындӕ уыд мӕ зӕды хай, ӕмӕ кӕйдӕр тыргътӕ мӕрзы, кӕйдӕр хъӕбулы авдӕны рӕвдауы. Мӕ цӕсты рухсмӕ мӕ цӕсты фиутӕ тайынц. Нӕ уынын хуры скаст, къуыттыйау нӕу мӕ бон сдзурын, мӕ хъусты батъыстон къӕрмӕджытӕ. Нӕ, нӕ… Фӕлтау фӕлидзон мӕ артдзӕстӕй, мӕ фыдӕлты ингӕнтӕй. Сау хъӕд, хохы цъупп – мӕ цӕрӕн. Иунӕгыл хуыздӕр бон нӕй!»

Лӕппулӕг зӕрӕдты фӕзмыдта. Йӕ саутӕ нал систа Хъахырман. Хӕмпӕлзачъе, ӕнӕдаст сӕр, ныццыргъ йӕ фындз, фӕгуыбыр и. Къух сахуыр бындзыты рӕхуыстыл, буар масты дзӕкъулау ныддур. Нӕдӕр фӕскъӕвда ивта дарӕс, нӕдӕр ӕнтӕф бон иста худ. Хид цухъхъайыл цъӕх фӕдтӕ уагъта, йӕ тӕф ын дымгӕ дӕр нӕ хаста. Хъӕддаг сырд!– дзуры йӕм йӕ зӕрдӕ. Ӕрмӕст ма цӕстытӕ нӕ сафынц сӕ сонт каст, нӕ ахуыссыд сӕ зынг. Ӕфсис нӕ зонынц – арвыл зилынц, къӕдзӕхты тигътӕ ӕмӕ лӕсӕнтӕ, сызгъӕрин доны ратас-батас, фӕздӕджы пырх хӕдзары сӕрмӕ, цӕвӕджы схъиуд ӕмӕ ӕрттывд, куыройы нук, фиййауы уадындз – цӕст ахсы алцыдӕр бӕрзондӕй. Зӕрдӕниз у, гӕды дӕр ма фиумӕ афтӕ фӕкӕсы, фӕлӕ та тъизгӕ мыстагур ацӕуы йӕ къуыммӕ.

Фӕтасыд лӕг, мӕлдзыджы губакк лӕдзӕджы фындзӕй барӕй къахы. Кӕд фервӕзид йӕ тыхст ӕмӕ йӕ зынтӕй.

Дзӕгъӕлы архайы лӕгдыхӕй, хъӕбысхӕст ӕрдзимӕ нӕ тайы. Цӕргӕсы базырты уынӕр йӕ къӕрцхъус ацахста ӕмӕ фестад. Хӕтӕг дымгӕ йын йӕ зачъе дауы, бынӕй та комы зары дон, мыдыбындз адджинаг ӕвзары, йӕ дыв-дывӕй кӕрдӕджы сайы.

«Бӕстӕ зард ӕмӕ кӕл-кӕл у, дуне – цард ӕмӕ ӕнцойад, фӕлӕ мӕн рӕвдауӕг нӕй. Ме ‘намонд мӕ сӕрыл ӕртыхсти, сау хъысмӕт мӕ размӕ бады. Нӕй дзы фервӕзӕн ӕппын. Дугъы уай – дӕ къӕхтӕ баст, лидз фӕстӕмӕ – дурты цӕнд. Ахӕм царды бӕсты коммӕ фехс дӕхи ӕмӕ лыстӕг рыг фестай… Гъеуӕд нал фехъусдзынӕ йӕ худын ды Агуындӕйы рӕсугъдӕн. Нал райсдзынӕ дӕ маст ӕмӕ дзӕнӕты къӕсӕрӕй аздӕхдзынӕ тар зындонмӕ. Цӕр фӕлтау, мӕнӕй уый, багъӕц!»

Хохвӕндагыл къори тулы. Къудзийы рӕбын амбӕхсы, стӕхы бӕлӕсты цъуппытӕм, стӕй та ӕрхы аныгуылы. Лӕгъзы йӕхи уырдыгмӕ аскъӕры. Дур дӕр не ‘взары, къуындзых дӕр. Хӕмпус ӕмӕ рог у. Цыма цъитийӕ иу кӕрдих фесхъиудта, гъе та йӕ ног цагъд ӕврӕгътӕй ратындӕуыд. Чидӕр ӕй йӕ армы барӕвдыдта, уый фӕстӕ йӕ комы улӕфтмӕ бадардта. Дымгӕ йӕ аскъӕфта ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ тулы къори. Тулы, тулы… Миты хъӕпӕнау дымсы. Хурмӕ дӕр нӕ тайы, цӕст дӕр ӕм нӕ лӕууы.

Хъахырман ӕм хӕлиудзыхӕй кӕсы. Никуы федта ахӕм диссаг. Дзуар нӕ бафтыдта – Хуыцауыл нал ӕууӕнды, арвы къуымты нӕ агуры зӕдтӕ ӕмӕ дауджыты – кӕддӕрау сыл йӕхи нӕ фӕдзӕхсы.

Къори ӕрбайсӕфт – аныгӕдта йӕ уымӕл ӕрх. Ӕвӕццӕгӕн, йӕхи цыргъ къӕйыл скъуырдта ӕмӕ ныммур, ныццӕх ис.

Афтӕ гъе, мӕлӕт уӕлдай митӕ нӕ бары. Ӕрмӕстдӕр уымӕн нӕй тыхгӕнӕг!

Нӕма фӕци йӕ хъуыдытӕ быд Хъахырман, нӕма фӕхӕст ӕндӕр хъуыдыты цӕгыл. Талынг уӕрмау йӕ дзых фӕхӕлиу, цӕстытӕ ныдздзагъыр сты, улӕфт ын нал фаг кодта. Нӕй, нӕ фӕрӕстмӕ йӕ тӕрхон.

Къори райгас, къори тулы, къори разынди… фиййау! Фӕзилӕнӕй заргӕ рахызт, бады йе ‘ккойы йӕ уӕрыкк. Зӕгӕлы сӕры йас цӕстытӕ йын, къӕбылайы фӕлмӕн мукъутӕ ӕмӕ лыстӕг зыр-зыргӕнаг хъӕлӕс. Алцыдӕр ӕй дисы ӕфтауы, ӕвӕццӕгӕн, ӕмӕ кӕйдӕр зарӕгмӕ ныууасыд.

– Кӕдӕм хӕссыс дӕ нывонды? – рафыхти Хъахырманы маст.

– Кӕдӕм куы зӕгъай, уӕд хъӕмӕ!

– Ӕхсӕны дзугмӕ баскъӕрдтай дӕхи фос?

– Колхозон у мӕ уӕрыкк, ма тыхс. Хуыфӕг ыл бахӕцыд, мӕгуырӕг, ӕмӕ йӕм рентген акӕса, кӕннод, миййаг, кӕйдӕртау йӕ хуылф куы бамбийа… Фӕллойаг…

Къори тулы хохвӕндагыл, хъӕумӕ, адӕммӕ тындзы. Маст Хъахырманӕн ныууагъта, цинтӕ зарӕджы хӕссы. Фӕуӕн ын нӕй, кӕрон ын нӕй. Цӕуы ӕмӕ зары хъал фиййау.

– Комы дымӕгмӕ нымдзаст дӕ… Дӕ зӕрдӕ ахсайдта хъӕмӕ… Хъӕдгӕсы ныхасмӕ нӕ ракаст – рагӕй зонынц кӕрӕдзийы хъавд ӕмӕ гӕды митӕ нӕ уарзынц. Ӕхсӕвӕддӕйӕ цӕры ам. Йӕ мусонг ӕрдузы ныссагъта. Ныккӕрды хос йӕхицӕн дӕр, уӕймӕ дӕр. Картофы хуымӕй райсы стыр ӕфтиаг. Сӕрд сӕрды дӕргъы бинонты хӕссы, фӕззӕг та йӕ Мӕздӕгмӕ ласы. Хохаг картоф мӕнӕуыл ивы. Йӕ рӕбынтӕ ракӕл-ракӕл кӕнынц, фӕлӕ йӕ цӕст ницӕмӕй ӕфсӕды, ӕмӕ йӕ цӕвӕг сфӕлахси, арм къӕйдурау ныхъхъӕбӕр.

«Кӕрӕф, мӕртдзӕст… Йӕ бар йӕхи. Мӕн уый ӕппындӕр не ‘ндавы. Ӕрмӕст Хъырымӕй хорз стъӕлфы – йӕ рохтӕ йын ӕрбалвасы, ӕмӕ йӕ сӕт кӕлын байдайы, цыма йын сӕрдар йӕ былтӕ згъӕллӕггӕмттӕй аскъуыны… Ӕмӕ йӕ сардау, йӕ хъусы йын исты бацӕгъд – дӕхицӕн уды бӕстӕ ссардтай, дӕ фӕдыл саугуырм лӕгау згъордзӕн, дӕ фӕнд ӕнцонӕй къухы бафтдзӕн».

– Чи у уый та? Хӕрзгӕнӕг, ӕви хицон?

– Цъаммар фиййау… Йӕ фаджысы тӕф ӕрхаста… Къӕбӕры мурыл бахордта йӕ цӕсгом. Кӕсыс! Тӕхы ӕмӕ згъоры, базыртӕ йыл базад.

– Кӕдӕм тӕхы? Цы ссардта уагӕр?

– Хъырым йӕ фыртыл ном ӕвӕры…

– Ӕмӕ фиййӕуттӕм фӕдзырдта?

– Урс уӕрыккӕй хъуамӕ скува хистӕр…

«Мӕнӕн мӕ быны арт ӕндзары, мӕнӕн мӕ фӕндӕгтӕ ӕрцахста.

Кӕрдӕджы хал уа, кӕнӕ картофы мур – мӕ хъуырӕй мын сӕ сласы джиауыр. Мӕ бинонты хурхыл мын бахӕцдзӕн, рӕвдз ӕм куы нӕ фӕлӕууон, уӕд».

«Ӕнхъӕлдӕн ме ‘нгуыр хуыдзыхыл фӕхӕст, – йӕ цӕст ӕрныкъуылдта Хъахырман. – Хъӕдгӕс ахсӕв нал баззайдзӕн ам. Ныхасы баддзӕн, хабӕрттӕй фӕрсдзӕн… Стӕй йӕхи хабар дӕр дзурдзӕн. Къӕхтӕ ӕмӕ ма йыл къухтӕ бафтаудзӕн, ӕмӕ сӕрдары ном фӕчъизи: Хъырым кӕддӕры Хъырым нал у, йӕ къухтыл нал хӕцы фӕстӕмӕ…»

– Хуынд уыдзыстӕм, ныккӕсӕм хъӕумӕ.

– Дӕ хал-иу схауӕд. Мӕн ныууадз.

Ӕнуд, ӕнтӕф бон скодта. Цӕсгом хус уӕлдӕфӕй судзы. Дӕ комыдӕттӕ аныхъуыр, фӕлӕ дын уый дӕ дойны нӕ асӕтдзӕн. Хъӕу хастау бафынӕй ис сихорафон. Куыдз не ‘срӕйдзӕн ӕцӕгӕлоныл, ӕвзагӕппӕрстӕй  искуы аууоны йӕ тӕнтӕй сарӕзта фӕндыртӕ. Карк кау рӕбын уӕлгоммӕ ахауд, хӕлиу дзыхӕй йӕ къӕхтӕ тилы. Фӕныкхуыз сыфтӕр нал фидауы къалиуыл – йӕ дадзинты сой байсыст, ӕмӕ нӕ бариздзӕн, нӕ фестъӕлфдзӕн, тыбар-тыбур ыл не ‘схӕцдзӕн.

 

Уодзӕнӕй ма.