«АДӔМИ ЗӔРДӔМӔ ЦИ НӔ ЦӔУЙ, УОЙ КӔНУН НЕКӔД ГЪӔУЙ!..»
Берӕ бӕрнон бунӕтти фӕккустон. Адтӕн Алагири райони газети редактор, облӕстон партион скъола фӕууни фӕсте, цалдӕр анзи кустон Алагири райкоми партий Цӕгат Иристони обкоми пропагандӕ ӕма агитаций хайади хецауи хуӕдӕййевӕгӕй, газет «Рӕстдзинад»-и редакторӕй. Берӕ ӕнзти дӕргъи адтӕн Цӕгат Иристони радио ӕма телеуинунади паддзахадон Комитети сӕрдар. Еугур еци хабӕрттӕ мӕхе ӕстауни туххӕй нӕ дзорун, фал уомӕ гӕсгӕ, ӕма, берӕ равгитӕ мин уогӕй, кедӕрти хузӕн си некӕд испайда кодтон мӕхецӕн, мулкдзӕстӕ некӕд адтӕн… Фуси комӕй халӕ дӕр некӕд раластон, мулдзугути зӕрдихудти некӕд бацудтӕн, ӕстдӕс анзи санатори ци ӕй, уой зонгӕ дӕр нӕ кодтон. Еу рӕстӕги санаторимӕ бахаудтӕн (партион косгутӕн хецӕн санаторитӕ адтӕй). Нӕ рӕзти цалдӕр силгоймаги ӕруадӕнцӕ ӕма уотӕ бакодтонцӕ: «Мӕнӕ ами уолӕфунцӕ партион господатӕ». Уӕдӕй фӕстӕмӕ санаторимӕ ӕнгӕрон дӕр некӕдбал бацудтӕн. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ зунд искарста: «Адӕми зӕрдӕмӕ ци нӕ цӕуй, уой кӕнун некӕд гъӕуй!..» Уотӕ загъта кӕддӕр ӕ интервьютӕй еуеми Ӕгъузарти Ӕхсарбег, нӕ Иристони номдзуддӕр адӕймӕгутӕй еу. Ӕма ӕ загъд ӕруагӕс кӕнуй, ка ’й зудта, уонӕй сӕ еугуремӕй дӕр. Ӕцӕгӕйдӕр фӕццардӕй – фӕккуста рӕстзӕрдӕй, ӕновудӕй лӕггадӕ кодта Иристони хуарзӕн, нӕ адӕми фарни сӕрбӕлтау. Ӕма ин абони зӕрдиагӕй имисӕн ӕ рохс ном – ӕрӕги, 21 апърели ӕ райгурдбӕл исӕнхӕст ӕй сӕдӕ анзи (1922-1994). Уой фӕдбӕл ӕрмӕг кӕсетӕ 2, 6-аг фӕрстӕбӕл.