ПРЕЗИДЕНТОН ГРАНТТÆ
Цæгат Иристони фондз æнæкоммерцион организаций иссæнцæ Президентон грантти дуккаг конкурси уæлахездзаутæ æма агъази хузи райстонцæ 5,3 миллион соми.
«Республикæ Цæгат Иристон-Аланий спортивон туризми ирæзт»-и проекти фæрци спортивон туризмæй искæндзæнæнцæ райдайæн курс фæсевæдæн æма хестæр кари адæмæн, республики цæргути ‘хсæн æй парахат кæндзинан.
«Спорт – гъæубæсти» царди рауадздзæнæнцæ Толдзгуни гъæуи, Ирæфи райони. Æ фæзуатбæл исараздзæнæнцæ спортивон фæзтæ, гъазæн си уодзæнæй футболæй, баскетболæй, фæззиндзæнæй си турниктæ, «ГТО»-й нормитæ дæттуни ефтонггæрзтæ.
«Æ равналæнтæ цубургонд кæмæн æнцæ, еци адæмæн социалон туризм» исаразуни проекти фæрци æнхæст кæндзæнæнцæ экскурсион программитæ æма туристон маршруттæ.
«Æригон гъуддаг»-и проект, Октябригъæуи равдесдзæнæй, ахурадон-консультацион центр амалгъонти хæццæ æма æгуст адæми хæццæ куд гъæуама коса, уой.
«Genius loci. Дзæуæги-гъæу-Мæску»-йи проект исараздзæнæй ирæзгæ фæсевæди æмæхсæнадæ, уоми аййевадон мадзæлтти фæрци сæ хæццæ косдзæнæнцæ. Конкурсмæ балæвардтонцæ 11200 проекти бæсти еугур регионтæй. Уонæй 1890 хуæдбарæ эксперттæй райстонцæ уæлдæр баллтæ.