26 декабря 2024

Аци таурæхътæ ниффинста номдзуд рагонбердзейнаг финсæг Эзоп.

15.07.2022 | 12:32

ЛӔГМАР ӔМА ТУТАБӔЛАСӔ

Еу æстъегъæг надбæл лæг рамардта; адæм æй фæууидтонцæ æма ‘й сорун байдæдтонцæ. Лæг æ тог калгæй лигъдæй, мадта куд. Надбæл ибæл ка рамбæлидæ, етæ ‘й бафæрсиуонцæ, дæ къохтæ, дан, тогæйдзаг цæмæн æнцæ, зæгъгæ. Лæг син дзуапп лæвардта, тутабæласæмæ, дан, исбурдтæн. Уалинмæ ‘й фæдесонтæ æрбаййафтонцæ, райахæстонцæ ‘й æма ‘й тутабæласæмæ бабастонцæ. Уæд дин тутабæласæ ку ‘рдзоридæ æстъегъæгмæ: «Лæг ке рамардтай, е еу гъуддаг æй, фал ма никки мæн дæр фудгин кодтай».

Игурцæй хæларзæрдæ ка рахæссуй, еци адæймæгутæ дæр хатгай  мæстигæр исунцæ, хахуртæ сæбæл ку фæккиндæуй, уæд.

 

БЕРӔГЪТӔ ӔМА ФУСТӔ

Берæгътæ фусти дзогæмæ балæборунмæ гъавтонцæ, фал сæ къохи не ‘фтудæй, уомæн æма дзогæ гъæуай кодтонцæ цауæйнон куйтæ. Уæд берæгътæ исфæндæ кодтонцæ хийнæй архайун. Фустæмæ минæвæрттæ барвистонцæ, куйтæ, дан, уе ‘знæгтæ ‘нцæ, уони кæрдæгбæл хезон, уой мæтæ дæ нæййес, фал дæмæ хуæрун цæуй, хуæрун».

Раст уотæ ‘й æнаккаг адæймæгути хабар дæр: рæстуодти хæццæ мæлгъæвзагæй фæдздзорунцæ, сæ зæрдити ба фудвæндæ римæхст фæууй.

 

БЕРӔГЪ ӔМА ФУС

Куйтæ æ пурхæ кæмæн ракалдтонцæ, еу уæхæн берæгъ хустæй гъæди кæрони. Æхецæн хуаллаг исамал кæнун дæр æ бон нæ адтæй. Уалинмæ дин еу фуси рауидта æма ин лигъстæ кæнун байдæдта: «Мæ æдонуг мин басæттæ, хуаллаг ба мæхуæдæг исамал кæндзæнæн». Фус ин дзуапп равардта: «Дæ æдонуг дин ку басæттон, уæд дин хуаллаг ба мæхуæдæг исуодзæнæн».

Æмбесонд æвдесуй, мæнгардæй ка архайа, уæхæн фудзæрдæ адæймаги.